Ирон портал

0
172

Ирон æвзаг ахуыргæнæн портал nog.ironau.ru арæзт æрцыд раздæры «Иронау.ру»-йы бындурыл. Йæ æддаг бакастыл бакуыста техникон дизайны къорд, йæ сæргъы – Гæззаты Батрадз, афтæмæй. Бахастой йæм ногдзинæдтæ: интерактивон курсытæ, ирон литературæ æмæ бæрæгуатон æрмæджытæ, стæй ирон æмæ дыгурон орфографийæн æххуысы спелчекер.

– Диссаджы æрмæджытæ уыд зæронд сайты, фæлæ йæ фæаивдæр кæнын хъуыд. Йæ саразæг, дзæуджыхъæуккаг Вячеслав Ивановæн та уымæн рæстæг нæ уыд, – зæгъы Гæззаты Батрадз. Вячеславимæ фембæлды рæстæг ын бамбарын кодта йæ хъуыды, контент саив кæнын, стæй йæм ногдзинæдтæ бафтауын хъæуы, зæгъгæ.  Сайты ирон æвзаджы курсытæ саразыныл архайынц,  уымæ гæсгæ сæ хъæуы  хъæппæрисджын адæймæгты ‘ххуыс. Æрмæг уал дзы тестты хуызы равæрдтой, дарддæр сæ зæрды ис курсытæ æртæ дихы акæнын: хуымæтæг, астæуккаг æмæ вазыгджын уроктыл æмæ сæ сайты равæрын. Иу та сæ кæндзæн мадæлон æвзаг ахуыр кæныны иумæйаг курс. Курсытæ саразын кæй бафæнда, уыдонæй курæг сты, цæмæй сæ ‘рбарвитой, кæнæ сæ ‘рбахæссой сайты редакцимæ, æркæсыны фæстæ сæ рауадздзысты сайты. Æвзаджы рæзтæн уый стыр ахъаз фæуид.

Техникон æгъдауæй цæттæ сты, фæлæ, сæ фарсмæ цас фылдæр æрбалæууа хъæппæрисджын адæймæгтæ, уыйас тагъддæр срæвдз уыдзæн хъуыддаг.

– Бакуыстам билингвæтыл. Бирæ дзы ис ахæм æрмæджытæ, филологтæ, ирон æвзаджы ахуыргæнджытæн сæ куысты стыр æххуыс чи сты. Цы сарæзтам, уый хицæн кæны хуымæтæгдзинадæй, æнцондæр кæны, чи сæ араздзæн, стæй дзы чи ахуыр кæндзæн, уыдоны архайд. Ууыл не ‘рлæудзыстæм, бирæ хорз хъуыдытæ нæм ис, фæлæ нырма нæ гæнæнтæ нæ амонынц сæ сæххæст кæнын, æмæ сæ фæстæдæрмæ аргъæвтам. Цы уал нын бантыст, уый нæ куысты егъау санчъех у, – зæгъы Батрадз.

Сайт аразджытæн пайдахæссæг чи нæ у, фæлæ адæмæн хъæугæ, уыцы фарстайыл дæр бакуыстой. Цæвиттон, æрбацыд сæм лескенаг сылгоймаг сæ хъæуы тыххæй сайт саразыны фæндонимæ. Кæй хъæуы уый, зæгъгæ, уыцы хъуыдыйыл хæст уыдыс-
ты, фæлæ ацы хъæуккаг хъуыстгонд адæймаджы куы бафарстой, уæд сын ратта дзуапп: «Æхсызгонæй кæсин сайты равæрд æрмæджытæ». Уыйадыл æй скодтой.

– Курсытимæ дæр афтæ у, нæй – уæд сæ сараз! –йæ ныхас дарддæр хæццæ кæны Гæззайы-фырт. Ахсджиаг ма уый дæр у, æмæ сайты ирон чингуытæ дæр кæй ис. Царды æцæгдзинадæй сæ тираж чысыл вæййы, уый аххосæй, куы сæ æлхæнай, уæд зынаргъ слæууынц, æмæ алкæй бон нæу сæ балхæнын. Сайты та лæвар сты, билингвæтæ дзы кæй ис, уый фадат дæтты чингуытæ иронау, дыгуронау æмæ уырыссагау кæсынæн.

Цы ахсджиаг хъуыддагыл дзурæм, уый, чи зоны, нæ уыдаид, йæ рæстæ-
джы Вячеслав Иванов – ирон Википеди саразæг – сайты фæзындыл куы нæ бакуыстаид, уæд. Уырыссаг лæппу ма Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты
Къостайы номыл паддзахадон университеты математикон факультеты
ахуыр кодта, афтæмæй, йæ дипломон куыст «Математические методы в лингвистике эсперанто» бахъахъхъæнгæйæ, дарддæр ацыд уыцы фæндагыл, Бетъырбухы каст фæцис аспирантурæ, баззад дзы кусгæйæ. У зындгонд лингвист, зоны цалдæр фæсарæйнаг æвзаджы, æрзылд бирæ фæсарæйнаг бæстæтыл. Хорз зоны æмæ уарзы ирон æвзаг, удуæлдайæ архайы йæ парахат кæныныл.

Мадæлон æвзаг ахуыр кæнынæн æххуыс чи у, ног фæлтæр æй, кæмфæнды ма уæд, цæмæй зоной, ууыл чи архайы, уыдон нæ рæстæджы домæнтæ æххæст кæнынц, цард та ахæм адæймæгты фæрцы цæуы размæ.

 

ХУЫБИАТЫ Ларисæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here