Рагон донисæнтæн сæ авналæнтæ кæй скуынæг сты, уымæ гæсгæ Алханчурты цæрджытæ донимæ æвзарынц тыхстдзинæдтæ. Уыдæттæ нымайгæйæ, республикæйы Доны хæдзарад бавнæлдта ног донисæн къахынмæ.
Донисæны хъомыс уыдзæн сахатмæ доны 25 кубометры дæттын, йæ æрфæн рауайдзæн 180 метры. Афтæмæй Алханчурты цæрджытæ донхъуаг нал
уыдзысты. Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады фæлварæн проекты архайгæйæ республикæйы Доны хæдзарад райста зæхх ныххуынкъ кæныны ифтонггарз.
Нырмæ уал Доны хæдзарад ног гуырæнтæ байгом кодта Олгинскæйы, Æрхонкæйы станицæйы, Хъызлары. Михайловскы хъæуы цы аварион донгуырæн уыд, уымæ дæр базылдысты. Къора-Урсдоны рагон дон-гуырæнæй дон нал истой, ныр æй фæстæмæ сног кодтой.
Донæфсисады хыз раивыны хъуыддæгтæм бавнæлдтой, тагъд Комгæроны,
Тарскæйы, æмæ Беслæны доны хызтæ дæр баййаф-дзысты стыр ивддзинæдтæ.
Нæ уацхæссæг














