Удуæлдай фæллой

0
76

Æнæхин патриотизмы æмæ адæймагдзинады æвдисæныл банымайæн кæй цардвæндаг ис, Цæгат Ирыстоны Парламенты Сæрдар Тускъаты Таймуразæн уыд хъуыддаджы фембæлд нæ республикæйы цæрæг ахæм сылгоймаг Битарты-Плиты Харитоны чызг Замирæимæ.

Дыууадæс сывæллоны кæм хъомыл кодтой, Замирæ райгуырд 1935 азы ахæм хуссарирыстойнаг бинонты ‘хсæн. Дзæвгар рæстæг сылгоймаг зæхкусæгæй бафыдæбон кодта Дзуарыхъæуы, Хурыхъæу æмæ Æрхонкæйы колхозты. Замирæ йæ мойимæ иумæ схъомыл кодтой фондз фæллойуарзаг, Райгуырæн бæстæйыл æнувыд сывæллоны.

Фыдыбæстæйы Стыр хæст Плиты бинонты царды ахсы сæрмагонд бынат. Фашизмæй дунейы адæмты хъахъхъæнгæйæ, Замирæйы цыппар  æфсымæры архайдтой хæсты. Æфсымæрты хистæр Аврам уыд æфсæддон тæхæг, архайдта Финляндийы ныхмæ хæсты дæр. Иннæ æфсымæртæ Хъазыбег, Ефим æмæ Гаврил хæсты быдырæй æрбаздæхтысты уæззау цæфтæй.

– Хæстæй мæ цыппар лæппуйы сæрæгасæй кæй æрбаздæхтысты, уымæй æз мæхи нымайын дунейы æппæтæй амондджындæр адæймагыл, зæгъгæ, мæ фыд-иу афтæ дзырдта, — мысы Замирæ.

Битарты бинонтæ дæр фашизмы ныхмæ хæцы-дысты. Замирæйы фидæны мойы æфсымæртæ Цытджын Уæлахизмæ аккаг æвæрæн бахастой.

Ацæргæ сылгоймаг ныр дæр æхсæнадæн лæггад кæныны хъуыддаг дарддæр хæццæ кæны. Сæрмагонд æфсæддон операци цы бон райдыдта, уыцы бонæй фæстæмæ Замирæ фронтæн æппæт гæнæнтæй æххуыс кæны: æфсæддонтæн хъарм цъындатæ бийы, стæй сын йæ пенсийы хай радих кæны.

– Де ’фсымæрты хъæбатырдзинад дæ рох кæй нæу æмæ ныры æфсæддон службæгæнджытыл кæй аудыс, уыдæттæй дæхи æвдисыс зæрдæхæлар адæймагæй. Не ’хсæнад кæуыл æнцайы, дæ зæрдæхæлардзинад æмæ удуæлдай фæллой банымайæн ис ахæм бындурыл, – загъта Парламенты Сæрдар.

Æхсæнады царды зæрдиагæй архайын æмæ сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн æххуыс кæныны тыххæй Парламенты Кады грамотæ ацæргæ сылгоймагæн дæтгæйæ, Тускъайы-фырт фæллойы ветераны æнтыстдзинæдтæ бафиппайдта. Æфсæрмы кæнгæйæ, Замирæ загъта: «Сæрмагонд ахуырад мæм нæй».

– Цард чи æмбары, уый æппæтæй ахуыргонддæр у, – загъта Парламенты Сæрдар сылгоймагæн.

Фембæлды архайæг Замирæйы чызг Эльвирæ загъта: «Ахуырадæн стыр аргъ кæнгæйæ, мамæ йе ’ппæт сывæллæттæн аккаг ахуырад ратта».

Ныртæккæ Замирæ йæ хъæбулы хъæбул Русланимæ цæры Мæздæджы районы чысыл Хурыхъæуы. Егъау бинонтæн (сылгоймагæн ис хъæбулы хъæбулы 13 хъæбулы) фæразондзинады æвдисæныл нымад сылгоймагæн
хæстæджытæ æмæ зонгæтæ стыр кад кæнынц.

 

Джыккайты Людмилæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here