Райгуырæн бæстæ уарзын

0
114

Нартыхъæуы скъолайы патриотон хъомылад, Райгуырæн зæхмæ
уарзондзинад гуырын кæнын, рæзгæ фæлтæры ‘хсæн сæ парахат
кæнынмæ стыр æргом здахынц ныхæстæй нæ, фæлæ хъуыддагæй.

Джусойты Самирæ нырма фæндзæм къласы ахуыр кæны. Музейы равæрд экспонаттæ æмæ хъæуы историимæ баст æрмæджытæм кæсгæйæ, йæ рæзгæ зæрдæйы цы æнкъарæнтæ райгуыры, уыдон ныффыста гæххæттыл. Музеймæ бахизгæйæ, æрбацæуæджы раз сæвзæры, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг сæ хъæуы цы цаутæ цыдысты, уыдоныл дзурæг стенд. Уым сты, Нартыхъæу хъахъхъæнгæйæ, дард 1942 азы знагимæ тохы йæ цард чи ратта, уыдоны хуызис-
тытæ – ис дзы 200 мыггаджы. Хъæу хъахъхъæнджыты тыххæй информаци сæмбырд кæныныл дæсгай азтæ ацыд. Сгарæн куыст райдыдта æдзард хæстонты хæстæджыты фыстæджытæй, цыдысты сæм  Советон Цæдисы алы кæрæттæй. Абоны онг сæ цæсты гагуыйау хъахъхъæнынц. Ацы рæнхъытæ фыссы Самирæ: «Мæ къухтæм райстон, рæстæгæй чи фæбур, уыцы фыстæг. Æрбарвыстой йæ Казахстанæй. Курынц, сæ лæппу кæм ныгæд ис, уый ссарын. Фæстаг фыстæг мах хъæуæй арвыста хæстон. Уыцы къонвертæй систон иннæтæ дæр. Уыдон кæсгæйæ, бамбæрстон, кæй йæ ссардтой, уый. Не скъола æмæ хæстоны бинонты ‘хсæн равзæрдысты хæлар ахастдзинæдтæ.

Мæнæ ма иу фыстæг. Æрбацыд Гуырдзыйæ. Курынц дзы сæ æбæрæгæй фесæфæг хæстæджы ссарын. Ацы фыстæг та Украинæйæ у, иннæтæ – Дагестанæй, Дард Скæсæнæй, Хакасийæ… Кæцæй не ‘рбарвыстой фыстæджытæ баххуыс кæныны курдиатимæ! Уæд не скъолайы ахуырдзаутæ сæ ахуыргæнæг Цехъоты Ферузæ-
имæ
сæ арфæйаг архайды фæрцы агуырдтой æмæ ссардтой салдæттæй бирæты ингæнтæ. Бæрæг сæ  кодтой сыхаг хъæуты дæр.

Нартыхъæуккаг Дулаты Фузæйы тыххæй мæ хицæнæй фæнды зæгъын. Фарастаздзыд чызг йæ фыд Дзыбырттæн, цæфтæй чи сыздæхт тохы быдырæй, уыцы хæстонæн æххуыс кодта мард салдæтты ныгæнын. Мæ зæрдæмæ йæ арф айстон уыцы цау. Фузæйæн фæндаг амонын нæ хъуыд, йæ цæссыг рустыл уад, афтæмæй сæ ласта бæхуæрдоны. Уыдæттæ кæсгæйæ, æз дæр мæ цæссыг нал баурæдтон. Мах, не скъолайы ахуырдзаутæ, зилæм Æфсымæрон ингæнмæ, йæ цард чи ратта, нæ хъæумæ фашистты чи не ‘рбауагъта, уыдоны нæ зæрдыл дарæм.

Музейы иннæ стенд – Нартыхъæуæй Фыдыбæстæйы Стыр хæстмæ чи ацыд, уыдоны номыл. Алчи дæр сæ у хицæн ныхасы аккаг. Мæ зæрдыл æрлæууыд зарæг «На безымянной высоте». Æстдæс лæппуйæ ма баззад æрмæст æртæ, се ‘хсæн уыд нæ хъæуккаг Кæсæбиты Тæтæри. Бархионæй хæстмæ чи ацыд, уыцы хуымæтæг новосибирскаг лæппутимæ æстдæсæй æрлæууыдысты дыууæсæдæ немыцаджы ныхмæ Æнæном обауыл. Зарæг раивтой ирон æвзагмæ, куы йæм фæхъусын, уæд мæм афтæ фæкæсы, цыма, Тæтæриимæ уæхски уæхск чи хæцыд, уыдон дæр хиуæттæ сты нæ хъæуæн.

Хæсты рæстæг фыстæджытæ уæлдай зынаргъ уыдысты салдаты хиуæттæн. Иу иннæйы фæдыл сæ халын, æмæ мæ цæстыл ауайы ахæм ныв: бады сыджыткъæсы салдат æмæ цæттæ кæны йæ хъæумæ фыстæг. Йæ цæсгомыл куы мидбылхудт фæзыны, куы та – сагъæс… Йæ хъæумæ кæд знаг æрбахæстæг, цы хабæрттæ исынц йæ хъæубæстæ хæсты быдырæй?.. Алы хæстон бон, алы салдаты цард дæр хæстæгдæр кодта Уæлахиз. Уыдоны зæрдыл дарын у нæ хæс.

Хæсты фæстæ азты сгарæн куысты фæрцы бирæ цаутæ сбæрæг сты. Скъоладзауты абоны фæлтæр хъуамæ зоной нæ бæстæйы истори, зоной, кæй фæдонтæ стæм, уый. Уый æххуыс уыдзæн фидæнмæ ныфсджынæй кæсынæн».

 

ФÆРНИАТЫ Мæдинæ,
Нартыхъæуы скъолайы
ирон æвзаг æмæ
литературæйы ахуыргæнæг,
авторы ист къам

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here