Уыд Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы æвдæм равзæрст Парламенты цыппор фарæстæм æмбырд. Амыдта йæ Парламенты Сæрдар ТУСКЪАТЫ Таймураз.
Æмбырды архайдтой республикæйы Хицауады уæнгтæ, тæрхонадон æмæ барадхъахъхъæнæг оргæнты разамонджытæ, районты бынæттон хиуынаффæйады адмнистрациты сæргълæуджытæ, дзыллон хабархæссæг фæрæзты минæвæрттæ.
Депутаттæ байхъустой «Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы бинонты политикæйы тыххæй» Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй» закъоны проектмæ. Æркæсынмæ йæ бацæттæ кодта республикæйы Сæргълæууæг. Документы куыд загъд ис, афтæмæй лæвар хъарм хæринаг лæвæрд цæудзæн цыбыркъух æмæ бирæсывæллонджын бинонты скъоладзаутæн æмæ ахуырдзау фæсивæдæн, æрмæст, раздæр куыд уыд – 18 æмæ 23 азы онг, афтæ нæ, фæлæ, цалынмæ ахуыр кæной, уæдмæ. Ома, документ иуварс кæны кармæ гæсгæ æвæрд гæрæнтæ. Закъоны проект æркæсынмæ рахаста республикæйы фæллой æмæ социалон рæзты министры фыццаг хæдивæг Маматы Анджелæ.
Фарстайы фæдыл æмдоклад скодта Парламенты социалон политикæ, æнæниздзинад хъахъхъæнынад æмæ ветеранты хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдар Реуазты Ларисæ. Закъоны проект фидаргонд æрцыд фыццаг бакасты.
Фыццаг бакасты фидаргонд æрцыдысты, республикæйы Хицауад кæй бацæттæ кодта, уыцы дыууæ закъоны проекттæ дæр. Сæ иу – «Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы территорийы, карз нозт æмæ, спъирт кæм ис, ахæм продукци розницæйы уæй кæнынæн барадон уаг дæттыны иуæй-иу фарстаты тыххæй» закъоны проект. Раныхасгæнæг уыд хъæууон хæдзарады министры хæдивæг Къадзаты Игорь. Документы куыд амынд цæуы, афтæмæй, бирæфатерджын хæдзæртты фыццаг уæладзгуыты чи æрбынæттон, æхсæнадон хæлцады ахæм кусæндæтты, стæй сæм хæстæг территориты иуæй-иу рæтты карз нозт уæй кæнынæн цæуынц гæрæнтæ æвæрд. Уæвгæ, карз нозт уæй кæныны бар нæ уыдзæн, раздæр куыд уыд, ома, æхсæвы 11 сахатæй райсомы 8 сахатмæ, афтæ нал, фæлæ ныр – æхсæвы 9 сахатæй райсомы 11 сахатмæ. Уыимæ, районты бынæттон хиуынаффæйа-
ды оргæнты фæндонмæ гæсгæ, районты хицæн цæрæн бынæтты карз нозт уæй кæныны бар æппындæр нал уыдзæн. Документы нысан у адæмы æнæниздзинад бахъахъхъæнын æмæ нозты аххосæй æрцæуæг мæлыны цаутæ фæкъаддæр кæнын.
Фарстайы фæдыл фиппаинаг уыд депутат Бæззаты Аланмæ.
Æмдоклад скодта Парламенты промышленность, транспорт, бастдзинад æмæ амалхъомады комитеты сæрдар Киситы Мурат. Афтæмæй, закъоны проект фидаргонд æрцыд.
Фыццаг бакасты ма фидаргонд æрцыд «Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы хъазахъхъæгты æхсæнæдтæн паддзахадон æххуысы тыххæй» Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй» закъоны проект. Раныхасгæнæг уыд Парламенты национ политикæ æмæ фæсивæды хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдары хæдивæг Джиоты Георги. Куыд загъта, афтæмæй закъоны проект хъазахъхъæгтæн дæтты се ‘хсæнæй минæвæрттæ æвзарын æмæ сæ паддзахадон æфсæддон службæмæ æрвитыны бар. Докумæнт бацæттæ кодта Парламенты депутатты къорд Парламенты Сæрдары разамындæй. Афтæмæй закъоны проект фидаргонд æрцыд.
Парламенты æмбырд сфидар кодта кадртимæ баст ивддзинæдтæ. Национ политикæ æмæ фæсивæды хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдар Хъесаты Ирыстон æппæтуæрæсеон змæлд «Движение первых»-ы регионалон хайады сæргъы кæй æрлæу-уыд, уымæ гæсгæ Парламентмæ балæвæрдта комитеты сæрдары бынатæй йæ суæгъд кæныны фæдыл курдиат. Комитеты сæрдарæй æргом хъæлæс кæныны уагæй депутаттæ равзæрстой Джиоты Георгийы.
«Хицауады сахат»-ы фæлгæты æмбырды архайджытæ байхъуыстой «Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы культурæйы райрæзт»-ы Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы паддзахадон программæ царды рауадзыны тыххæй» докладмæ. Раныхасгæнæг уыд культурæйы министр Гуыдиаты Батрадз. Куыд загъта, афтæмæй амынд программæ æмæ йæ дæлпрограммæтæ æххæст кæныны нысан у удварны хуыздæр миниуджытыл хæст, амондджын æмæ социалон æгъдауæй бæрнон адæймаг хъомыл кæнын. «Национ проектты фæрцы къухы бафтыд респуб-
ликæйы æппæт районты культурæйы хæдзæрттæ сног кæнын – кæм бындуронæй сцалцæг кæнын, кæм та ногæй саразын, культурон мадзæлттæн сæ нымæц фæфылдæр æмæ сæ ноджы фæахадгæдæр кæнын. Афтæ, арæзт æрцыд культурæйы цыппар ног хæдзары, 16 та æрцыд бындурон цалцæггонд. Фæхуыздæр сты театр «Саби» æмæ Гергиты Валерийы номыл Аивæдты училищæйы материалон-техникон бындур æмæ сæ гæнæнтæ. Афтæ, фæхуыздæр сты сæ уавæртæ Уырыссаг æмæ Ирон театртæ, Театралон аивады музей æмæ Тугъанты Махарбеджы номыл Аивадон музейæн», – загъта министр æмæ дарддæр ныхас кодта культурæйы бынтæ бахъахъхъæныныл æмæ æрыгон фæлтæры культурæмæ æввахсдæр кæныныл. Куыд загъта, афтæмæй ивгъуыд аз театртæ æмæ музейтæ лæвар бабæрæг кодтой дæс мин адæймагæй фылдæр. Арæзт æрцыд 1 218 культурон мадзалы. «Пушкины картæ» ис æмæ дзы пайда кæнынц 55 560 æрыгон адæймаджы. Йæ раныхасы Гуыдиаты Батрадз йе ‘ргом аздæхта культурæйы къабазы лыггæнинаг фарстатæм дæр. Ныхас цыд, музейтæн сæ экспозицитæ фылдæр кæй нæ кæнынц, стæй сæ кæм дарой, нырыккон ахæм æмбæлгæ уавæртæ дæр сын кæй нæй, Гергиты Валерийы номыл Аивæдты училищæйы аразинæг кæй у кафджыты зал, культурæйы иуæй-иу кусæндæттæ ма кæй сты бындуронæй цалцæггæнинаг, сæ материалон-техникон уавæр та – хуыздæрхъуаг, кульурæйы æппæт къабæзты дæр кæй нæй фаг дæсны кусджытæ æмæ æндæр лыггæнинаг хъуыддæгтыл.
Фарстайы фæдыл æмдоклад скодта Парламенты наукæ, ахуырад, культурæ æмæ информацион политикæйы комитеты сæрдар Еленæ Князева. Ирон æвзаджы хъысмæтимæ, æмæ йæм кæстæртæ æмхицдæр цæмæй кæной, ахæм ма-
дзæлттæ аразынимæ баст уыд йæ фиппаинаг депутат Цæгæраты Русланæн.
Депутаттæ ма фыццаг æмæ дыккаг бакасты цы закъонтæ æмæ закъонты проекттæ сфидар кодтой, уыдоны фæдыл ныхас кодтой Парламенты профилон комитетты сæрдартæ Черчесты Аслан, Качараты Олег, Остъаты Георги, Парламенты бюджет, хъалонтæ, исбонад æмæ кредитон организациты комитеты сæрдары хæдивæг Тауитты Алыксандр.
«Муниципалон сахат»-ы фæлгæты депутаттæ байхъуыстой «Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Алагиры муниципалон районы социалон-экономикон райрæзты тыххæй» районы сæргълæууæг Демыраты Вячеславы докладмæ. Раныхасгæнæг бæлвырд æрдзырдта, ивгъуыд аз район куыд ахицæн кодта, цавæр социалон-экономикон бæрæггæнæнтимæ, ууыл æмæ фæбæлвырд кодта ацы аз сæ размæ æвæрд нысантæ æмæ сæ æххæст кæныны гæнæнтæ.
ДЕДЕГКАТЫ Зæлинæ, къам систа
Татьянæ ШЕХОДАНОВА














