Дзуæртты койимæ…

0
67

Дзуæртты койимæ иу хъуыддаг баст у мæ царды, æмæ йын æнæ ракæнгæ нæй. Æрцыд уыцы цау Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг. Уæвгæ, хъуыддаг йæ сæрæй ракæнæм…

Мин фарастсæдæ цыппор фыццæгæм азы, хæсты райдайæнмæ ма иу фондз-дæс боны куы уыд, уæд æз каст фæдæн æфсæддон скъола.

Мах иу цалдæр ирон лæппуйæ арвыстой Ригæмæ. Иу æмæ ссæдзæм июны нын Ригæйы горæты æфсæддон комендант афицерты галуанмæ хуынды гæххæтт ратта. Хъазыдыс-тæм, худтыстæм. Нæ ног лейтенанты дарæсыл нæхи цинæй хастам, нæ рæсугъд фæтæн рæттæ æмæ не ’рттиваг цырыхъхъытæ хъыс-хъыс кодтой. Кæуыл нæ æстдæс азы цыд, кæуыл – ссæдз.

Уырыссаг кæфтытæм æз иууыл рæвдз нæ уыдтæн æмæ иуварс бадтæн, цавæрдæр æнæзонгæ командир мæ Кавказæй рафæрс-бафæрс кодта. Уалынмæ дуаргæрон фæзынд ацæргæ капитан, фæурæдта хъазт, тынг хиуылхæцгæйæ фехъусын кодта: «Курын, цæмæй командиртæ æвæстиатæй се ’фсæддон хæйттæм ацæуой». Ме ’фсæддон хай уыдис цæугæдон Неманы былгæрон – Советон Цæдис æмæ Германы арæныл. Фæсæмбисæхсæв ныххæццæ дæн уырдæм. Æнхъæлдтам, хуымæтæджы фæдис у. Ахæм хъуыддæгтæ æфсæддон хæйтты арæх вæййы, фæлæ нын штабы хицау бамбарын кодта, «фалæрдыгæй» цыдæр змæлд ис, зæгъгæ.

Куыддæр æхсæв æмæ бон кæрæдзийæ фæхицæн сты, афтæ арв æмгуыр-гуыр сси. Уый уыдис хæсты фыццаг бон… Стæй уый фæстæ бирæ ахæм бонтæ… Хæсты быдыртæ, æнæхуыссæг æхсæвтæ, уæззау цæф, рог цæфтæ, æфсæддон рынчындæттæ…

Уæдæ ныр та, цы хабары кой ракæнынмæ хъавын, уый…. Цыппор фыццæгæм аз. Фæззæг. Ленинграды облæсты, Старая Руссæ æмæ Полæйы станцæ цы быдырвæндаг иу кæны, уымæ хæстæг знаджы æрхъулайæ рацæйцыдтæн… Иунæгæй…

Иу ран æвиппайды мæ къæхты раз нæмгуытæ зæххы рыг скалдтой… Сыхъуыст сæ цъыввыттытæ. Æрхмæ куыд фæцæйгæпп кодтон, афтæ мæ галиу къах фæцæф. Æрæмбæхстæн, мæ мидæггаг хæдоны дыс тагъд-тагъд рарæдывтон, мæ цырыхъхъы хъусы йæ атъыстон, æмæ ууыл мæ цæфы баст ахицæн.

Æрхмæ дæр та райдыдта æхсын немыцаг автоматчик, æмæ мæм кæд нæмгуытæ хаугæ нæ кодтой, уæддæр мын мæ сæр сисынæн фадат нæ лæвæрдтой. Уый уыдис «кукушкæ» — бæласыл баст автоматчик. Мæ маузер æхстæввонг скодтон, фæлæ мын фехсыны фадат нæ уыд… Иу заман гæрæхтæ фенцадыс-ты. Æвæццæгæн, немыцаг загъта, амардтон æй, зæгъгæ.

Æз дæлгоммæ куыд хуыссыдтæн, афтæ мæ къухæй байбын бакъахтон æмæ, маузерæн радарæн бынат скæнгæйæ, арæхстгай ракастæн. Дзæбæх мæм зынди, бæласы сæр чи бадт, уый, æмæ йæм бахъавыдтæн… Гæрах!

Мæ цинæн кæрон нал уыд, бæласыл дзедзыккайæ куы ауыдтон фашисты, уæд, æмæ, цырд фестгæйæ къуылыхкъуылых азгъордтон, тар хъæды нæхионтæ хæстæгдæр кæм уыдаиккой, уыцырдæм. Æвиппайды сыхъуыст уынæр, немыцаг ныхас… Æрбахæстæг сты… Айтæ-уыйтæ нал фæкодтон, фæлæ бæласы сæрмæ хизынмæ фæдæн. Бырын уæлæмæ, фæстæмæ дæр нæ кæсын, уайтагъд цъуппыл абадтæн, мæ къахы цæф дæр ницæмæуал æрдаргæйæ. Арæхстгай мæ рон райхæлдтон æмæ мæхи ставд
къалиумæ æрбабастон, куы мæ фæцæф кæной, уæд зæхмæ куыд не ’рхауон, афтæ… Бæрзонд нæзы бæлас мын йæ конд, йæ уындæй цæмæндæр мæ зæрдыл æрлæу-уын кодта Æхсæрты дзуары бæлæстæй иу… Æмæ (цы æмбæхсон) загътон:

«Йæ Уастырджи, дæ фæдзæхст, де уазæг!..»

Иу цалдæр минуты фæстæ иу-дæс немыцаг салдаты ауыдтон. Уыдон пырхæй æрбацæйцыдысты бæлæсты бынты хъамылгæрдæджы, сырхæфсæддонты агургæйæ.

Мæ маузер æхстæввонг скодтон, мæхи тохмæ бацæттæ кодтон. Сæр нæ фезмæлын кæнгæйæ, цæстытæ разил-базил кодтой бынæй хъæддаг куыйты фæдыл, æмæ додой йæ къона кодта, фыццаг мæ дзы чи федтаид уымæн.

Мæхи бæласмæ нылхъывтон æмæ æнхъæлмæ кастæн, кæд мæ ауын-дзысты, гæрах кæнын сæ кæд райдайдзынæн, стæй мын мæхиуыл дæр автомат кæд суадздзысты.

Немыцаг салдæттæ арф кæрдæг æмæ бæлæсты цъуппытæм æхсын байдыдтой æнæ хъавгæйæ. Нæмгуыты æхситмæ сгуырысхо дæн, дзæгъæл нæмыгæй куы фæмард уон, уæд мæ туг æнæ истæй баззайдзæн, зæгъгæ. Афæнд кодтон æхсын. Чысылтыл ма баурæдтон мæхи. Бынæй чи уыд, уыдон фылдæрæй-фылдæр кодтой, фæлæ уыцы рæстæджы диссаджы ныв ауыдтон: немыцæгтæ цы фæндагыл цыдысты, уый сæрмæ нæ хæдтæхæг æрæппæрста иу цалдæр рог бомбæйы æмæ фæаууон. Немыц фæпырх сты. Мæ зæрдæ фыр цинæй уæрыккау скафыд, фондзтигъон стъалы куы федтон хæдтæхæджы дæлбазыр, уæд. Афтæ мæм касти, цыма мæ ныртæккæ ацы бæласы сæрæй фелвасдзæн æмæ мæ аскъæфдзæн. Æз бамбæрстон, уый сгарæг хæдтæхæг кæй уыд, æмæ æнхъæлмæ кастæн, цы уыдзæн дарддæр… Иу-фынддæс минуты фæстæ, цы бæласы сæр бадтæн, уымæй чысыл дарддæр фехæлд сармадзаны нæмыг, стæй йæ фæдыл – æмæхст. Немыцæгтæ ныппырх сты алырдæм. Сармадзанты нæмгуыты хæлды æмыр хъæрæй чысыл фæкъуырмайау дæн. Нæмыг-иу хъæды кæм суад, уым-иу бæлас æд бындзæфхæдтæ фæхаста фæйнæрдæм æмæ-иу йæ алыварс, найгæнæн мусау, лæгъзæй аззад.

Нæмгуыты æхситт æмæ се срæмыгъдтыты хъæрæй нæ бамбæрстон, мæ тæккæ фарсмæ бæласыл, йæ цъупмæ æввахс сармадзаны нæмыджы схъис куыд сæмбæлд, уый. Æхсаргардæй æрыгон уис куыд атæхын кæнай, афтæ къалиу ахауын кодта æмæ бæласыл уæлейæ зæбулæй аззад. Мæнæн кæд мæхицæн дæр сармадзаны нæмгуытæй тас уыд, уæддæр, уыдон кæм хæлдысты, уырдæм æхсызгонæй кастæн… Фашисттæ цагъды кодтой… Фæлыгъдысты…

Æрталынг. Фыццаг хатт сулæфыдтæн сæрибарæй. Иу чысыл ма абадтæн бæласы сæр, стæй мæ рон райхæлдтон, бæласыл, бузныг зæгъæгау, ныттыхстæн, сабыргай зæхмæ æрхызтæн æмæ, цалынмæ мæй нæма скаст, уæдмæ мæхи тар хъæдмæ байстон…

Фæстæдæр, хæс-ты фæстæ Цъамадмæ ссæугæйæ æмæ Æхсæрты хъæдмæ кæсгæйæ-иу æдзух уыцы цау зæрдыл æрлæууыд…

 

ХЪАЙТТАТЫ Сергей,
«Ирон хабæрттæ»,
Дзæуджыхъæу, 1998 аз

 

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here