Цы нæм ис, уый бахъахъхъæнæм…

0
99

Ирыстон хохæй быдырмæ зæдбадæн у, фæзæгъынц. Алы комы дæр ис рухс кувæндæттæ, адæм æууæндынц сæ æнæкæрон тыхыл, фæдзæхсынц сæ бинонты, сæ бæлццæтты, курынц æххуыс æмæ хатыр.

Афæдзы мидæг дзы ацæуы рæсугъд бæрæгбонтæ, алы кувæндонæн дæр равзарынц дзуарæн лæггадгæнджытæ. Мысайнаг цы адæм сæвæрдтой, уыдоны Хуыцауыл
бафæдзæхсынц.

Æгъдау æххæст кæнын æмæ йæ хæссын зын у, алкæй къухы не ’фты. Фæлæ нын нæ рагфыдæлтæй цы хорздзинæдтæ баззад, уыдон хъуамæ цæсты гагуыйау хъахъхъæнæм. Ацы æмæ бирæ æндæр ахсджиаг фарстатыл æрдзурынмæ Дзæуджыхъæуы æрæмбырд сты Ирыстоны алы кæмтты минæвæрттæ – Иры кувæндæттæм цæстдарæг советы уæнгтæ.

Боны фæткы фыццаг фарста уыд советы сæрдар æмæ йæ хæдивджыты равзарын. Иумæйаг хъæлæсæй советы сæрдарæй снысан кодтой Уататы Зелимы, уæздан æмæ æгъдауылхæст хистæрæн йе ’ххуысгæнджытæй та равзæрстой Мæрзойты Тамерлан æмæ Черчесты Аланы.

– Алы ирон адæймаг дæр, мæ фæндиагæй, уаид зæрдæрухс æмæ цардæфсæст. Зын рæстæг скодта, æмæ кæрæдзийы фарсмæ хъуамæ балæууæм. Ныртæккæйы рæстæджы бирæ ивддзинæдтæ хаст цæуы нæ кадджын ирон æгъдæуттæм. Чи уæ цы хорздзинадмæ æнхъæлмæ кæсы, уый йыл дзæбæхæй æрцæуæд, – загъта Зелим æмæ фæсидт советы уæнгтæм, цæмæй æмзондæй, æмдыхæй, иу адæймаджы хуызæн сыгъдæгзæрдæйæ кусой, цы хæстæ æвæрд ис сæ размæ, уыдоныл.

Бауынаффæ кодтой, цæмæй сæ архайд уа æргом, цæстуынгæ, уый тыххæй сæрмагонд информацион сайт скæнын. Уым алцыдæр мыхуыр кæнын, кæцы кувæндоны чи у цæстдарæг, фысым, æвзæрст лæгтæ – дзуарæн лæггадгæнджытæ. Уыимæ, цы æфтиæгтæ æмæ хæрдзтæ конд æрцыд, уыдон дæр. Уыцы куыстæн нымæрдар дæр уыдзæн.

Советы уæнгты хъуыдымæ гæсгæ, кувæндæттæн хицæн адæймæгтæ афæдзæй-афæдзмæ хъуамæ хицæуттæ ма уой. Цы мысайнæгтæ дзы сæвæрой кувæг адæм, бæлццæттæ, уыдон табуйаг сты, æмæ сæм уæлдай æвнæлд кæнæн нæй. Уыцы стыр тæригъæддзинадæй хи алчидæр хъуамæ хъахъхъæна. Бадзурын хъæудзæн
хъæуты хицæуттæм, нæ кувæндæттæн скæнын хъæуы картæ, цæмæй зонæм, фæкæсын кæм хъæуы, кæм та цалцæггæнæн куыстытæ бакæнын, уый.

Хицæн ныхас цыдис, Ирыстонмæ цы бирæ туристтæ ссæуы, уыдонæн æмбарын кæнын, хи куыд дарын хъæуы, цавæр уæлæдарæсы æмбæлы цæуын, ирон адæмæн
дзуæрттæ цы нысаниуæг хæссынц, уый, æмæ æндæр ахсджиаг хъуыддæгтæ. Уый тыххæй фембæлд сараздзысты гидтимæ.

– Алы комы дæр йæхи æгъдау ис, фæлæ сæ кæрæдзиуыл бæттынц, иуварс сæ нæ уадзынц æртæ чъирийы, бæгæныйы къус, нæ ирондзинад, фыдæлты туг. Æмæ нæм цы хъæздыг æгъдæуттæ ис, уыдон бахъахъхъæнæм æмæ ныффидар кæнæм, – загътой æмбырды архайджытæ.

Алкæмæн дæр фадат уыдис йæ хъуыдытæ, йæ фиппаинæгтæ зæгъынæн.

 

Гугкаты Жаннæ

 

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here