Товартæ æмæ лæггæдты фиддонтæ – нымæцон фæткыл

0
97

РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис министрадтæ æмæ ведомствæты разамонджытæн цы æмбырд сарæзта, уым ныхас уыд товартæ æмæ алыхуызон лæггæдтæн фиддонтæ электронон хуызы кæныны фæткыл.

Ныхасы архайджытæ сæрмагонд æргом аздæхтой республикæйы цæрджытæ æмæ йæ уазджытæн финансон лæггæдтæ фылдæр нымæцон технологиты фæрцы кæнынмæ.

Профилон ведомствæтæ æмæ банчы структурæты минæвæрттæ радзырдтой, паддзахадон æмæ муниципалон кусæндæтты, стæй лæггæдты къабазы электронон фиддонты фæткæй куыд пайдагонд цæуы, уый тыххæй. Куыд загъдæуыд, афтæмæй æппæт исбонады организацитæ æмæ лæггадгæнæг кусæндæттæ архайынц, цæмæй адæмæн уа электронон фиддонты фæткæй спайда кæныны фадат.

Уыцы куыст хорзыл банымайгæйæ, Дзанайты Барис профилон ведомствæты разамонджытæн бахæс кодта, цæмæй фылдæр æргом здæхт æрцæуа базарады, æхсæнадон транспорты, спортивон æмæ социалон лæггæдты къабæзты архайды электронон фиддонты фæтк ныффидар кæнынмæ. Уыимæ, фарста æвæрд цæуы, цæмæй базартæ æмæ армукъаты дæр уа электронон фиддонтæ кæныны фадат.

Хицауады Сæрдары ныхасмæ гæсгæ, амынд нысантыл нырма зынгæ куыст бакæнын хъæуы, цæмæй цæрджытæ æмæ регионы уазджытæ уæрæхдæр пайда кæной нымæцон финансон лæггæдтæй. Уымæй уæлдай, Дзанайты Барис куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы амынддзинадмæ гæсгæ, архайд цæуы «Республикæйы цæрæджы картæ» æмæ «Туристы картæ»-ты тыххæй регионалон программæ царды рауадзыныл.

Æппæт министрадтæ æмæ иннæ структурæты докладтæн аргъ кæнгæйæ, Хицауады Сæрдар бæлвырд амынддзинæдтæ ратта хицауадон æмæ финансон структурæты бæрнон кусджытæн.

– Иумæйаг хъарутæй хъуамæ арæзт æрцæуа финансон лæггæдты æппæтвæрсыг нымæцон системæ. Уый фæрцы республикæйы цæрджытæ æмæ йæ уазджытæ дæр банкъардзысты удæнцойдзинад – алыхуызон продукци, товартæ æмæ лæггæдтæн фиддзысты электронон фæткы фæрцы. Уыимæ, амынд системæ хъуамæ уа æнаипп, цæмæй экономикæйы æппæт къабæзты финансон зилдух уа æргом, цæмæй нæ адæмы æрвылбоны цардархайд хуыздæрæрдæм ива, — бафиппайдта Дзанайты Барис.

Дзанайы-фырт æмбырды архайджыты зæрдыл æрлæууын кодта, финансон лæггæдты нымæцон системæ рапарахат кæныны нысантæ Уæрæсейы Хицауады Сæрдар Михаил Мишустин кæй сæвæрдта, уый.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here