Зæхкусæджы уалдзыгон сагъæс

0
122

Мæздæджы районы хъæууон хæдзарады кусджытæн ивгъуыд азы бæрæггæнæнтæ зæрдæйы фæндиаг рауадысты, кæд сæ боныхъæд бахъыгдардта, уæддæр. Ацы азы тыллæгæрзадæн зæхкусджытæ бындур фæззæджы сæвæрдтой. Ныридæгæн хæдзарæдты мæр цæттæ кæнынц уалдзыгæнд культуртæ тауынмæ, зилынц æм, цæмæй йыл хæмпæлгæрдæг æмæ зианхæссæг æхсынæгтæ ма рæзой æмæ парахат кæной.

Ныр дыккаг хатт районы байтыдтой зымæгон культуртæ – хохаг хъæдур æмæ лыстæг гæн – фæйнæ 110 гектарæй уæлæмæ. Æмткæй райсгæйæ, хæдзарæдты фæззыгæндты фæзуат ахсы 48 мин гектармæ ‘ввахс. Мæнæу байтыдтой 26 мин гектары чысыл хъуаг, хъæбæрхор – 5 мин 715 æмæ рапс – 16 мин гектармæ ‘ввахс. Ацы фарстайы сæхи сæрæнæй  равдыстой зæхкусæг-фермерон хæдзарад «Ваниев» æмæ Троицкæйы хъæууонхæдзарадон-куыстадон кооператив «Заря»-йы зæхкусджытæ. Фæзуæттæм  се ‘гасмæ дæр бахастой минералон хъацæнтæ. Районы хъæууон хæдзарады управленийы хицау Æлхъацаты Зауыр нæ уацхæссæгæн куыд радзырдта, афтæмæй уалдзыгæнд хъæбæрхор Сухотскæйы хæдзарад «БЭЛЛ-Агро»-йы байтаудзысты 350 гектары, Садовыйы поселочы ООО «Дружба»-йы та – 565 гектары сысджы.

Фадæттæ амонынц, цæмæй пайдахæссæг культуртæ районы хæдзарæдты фаронæй къаддæр ма байтауой. Гæны фæзуат бацахсдзæн 2,5 мин гектары, нæмыджы нартхор – 3,3 мин гектары, сойæ – 2 мины æмæ ‘хсынæн – 400 гектары. Уыцы-иу рæстæг æргом здæхт цæуы холладжы культуртæм дæр. Афтæ, 250 гектары байтаудзысты люцернæ, суданкæ æмæ сысджы.

– Мæздæджы районы хæдзарæдты зæххытæ æнæ донхорыгæй хорз тыллæг нæ дæттынц. Паддзахады субсидитæн æртæ азы размæ дæр ма сæ 70 проценты зæхкусæгмæ фæстæмæ здæхтысты, ныр – 50 проценты, уæрæсейаг донпырхгæнæн системæ куы сæвæрай, уæд, фæсарæйнаг – уæд та 25 проценты. Кæд раздæр донхорыггонд зæххыты фæзуат 4 мин гектары ахста, уæд фæстаг фондз азмæ уыцы нымæц схызт 8 минмæ, нысан æй кæнынц 10 мин гектармæ схæццæ кæнын. Сæхи хъарутæй уал зæххытæ донхорыггонд æрцыдысты «Заря», «БЭЛЛ-АГРО» æмæ «Колос»-ы хæдзарæдты, – зæгъы районы хъæууон хæдзарады управленийы разамонæг.

Цалдæр азы размæ районы рапарахат сæнæфсиры куыст, уæд сæ фæзуат уыд 450 гектары, ныр – æртæ хатты фылдæр. Ацы бонты талатæ садзынц æхсæнад «Виноградарь Кавказа»- йы, йæ сæргълæууæг Багаты Генрих. Зæхкусæджы архайд æнцон никуы уыд, уæлдайдæр – ныры уавæрты. Æргъты уæлæмæцыды дæр сæ къухтæ кæй не ‘руагътой, уый бæрæг у сæ фæззæджы бæркадæй.

ХУЫБИАТЫ Ларисæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here