Уæрæсейы Паддзахадон Думæйы радон æмбырды рæстæг бæстæйы Нымайæн палатæ ивгъуыд азы куысты тыххæй доклад скодта.
Ведомствæйы разамонæг Борис Ковальчук кæй скодта, уыцы докладыл видео-конференц-бастдзинады фæрцы æрныхас кодтой нæ республикæйы Парламенты Сæрдар Тускъаты Таймураз, бюджеты, хъалонты, исбон æмæ æфстаудæттæг кусæндæтты комитеты сæрдар Хæдарцаты Аслæнбег æмæ регионы Цæстдарæн-нымайæн палатæйы разамонæг Хъæлыцты Инал.
Фарон рекордон бæрæггæнæнтæ равдисын кæй бантыст, бæстæйы сæйраг цæстдарæг палатæйы разамонæг уый тыххæй хабар фехъусын кодта. Хицауы бынатахсæг адæймаджы ныхасмæ гæсгæ, фарон паддзахадæн иумæйаг финансон пайдайы бæрц рауад 653 миллиард сомы (ома, æндæразимæ абаргæйæ, 4,4 хатты фылдæр). Æппæт къæпхæнты бюджеттæм фæстæмæ кæй барвыстой, уыцы фæрæзты бæрц рауад 294,1 миллиард сомы (уый дæр у максималон бæрæггæнæн).
– Нымайæн палатæйы разамонæг биноныг доклад скодта. Бæстæйы райрæзты бындурон фæрæзтæм (национ проекттæ æмæ технологон хæдбардзинады къабазы уынаффæтæ нымайгæйæ) цæстдард нымад у сæйраг хъуыддагыл. Паддзахадон æххуысы мадзæлттæ бæлвырд кæнгæйæ, хъæндзинæдтæ рахатæм, канд
уый нæ, фæлæ ма, бюджетон фæрæзтæй иттæг дæсны спайда кæныны фадат кæй фæрцы уыдзæн, ахæм уынаффæтæ дæр агурæм, – загъта нæ республикæйы Парламенты Сæрдар.
Цæстдарæн архайдмæ ивддзинæдтæ бахæссын кæй æмбæлы, хицауы бынатахсæг адæймаг уый сæрмагондæй бафиппайдта.
– Цæстдарæн архайдмæ ивддзинæдтæ бахæссын æмбæлы, зæгъгæ, ахæм ныхасыл æз, æнæмæнг, разы дæн. Хъуыддæгтæ бæлвырд уагæй хъæуы бæрæг кæнын, ацы куыст дæргъвæтин рæстæг куыд нæ ахæсса æмæ уыцы-иу рæстæг йæ хæрзхъæддзинады къæпхæн куыд фæуæлдæр уа, афтæ. Экономикон ахадындзинад цæстдарæн куысты сæйраг æууæлыл нымад кæй у, бæлвырд фæуæлдæр-
уæвæг ивгъуыд азы бæрæггæнæнтæ ууыл дзурæг сты, – загъта Тускъайы-фырт.
Ныхасгæнджытæ стыр æргом аздæхтой инфраструктурон бюджетон
æфстæуттæм.
– Нысанмæарæзт бæрæггæнæнтæ къухы кæй нæ бафтынц, уый тыххæй домд бæрнондзинад æмбæлы фæкарз кæнын, бæлвырд бæрæггæнæнтæ равдисынæн регионтæ сæ авналæнтæй иттæг ахадгæ уагæй куыд пайда кæной, афтæ.
Борис Ковальчукы ныхасмæ гæсгæ, æххуысы иуæй-иу мадзæлттæй стыр пайда нæй. Нæ хæс у ацы структурæтæ рæстæгæй-рæстæгмæ бæрæг кæнын æмæ бахъуаджы заман карз административон мадзæлттæй спайда кæнын.Æнæмбæлгæ уагæй хардзгонд фæрæзтæ фæстæмæ раттыныл, уæлæмхасæн æфтиæгтæ агурыныл æмæ уæлдай хæрдзтæ фæкъаддæр кæныныл иудадзыг архайын хъæуы. Борис Ковальчукы доклад нымайын дæсны уынаффæтæ рахæссынæн сæйраг рахæцæныл, – загъта Парламенты Сæрдар.
РЦИ-Аланийы
Парламенты
пресс-службæ














