РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей МЕНЯЙЛО Культурæйы кусæджы профессион боны фæдыл арфæ ракодта къабазы минæвæрттæн æмæ сын балæвар кодта хæрзиуджытæ. Кадджын мадзалы архайдта республикæйы культурæйы министр Гуыдиаты Батрадз дæр.
Сергей Меняйло, Цæгат Ирыстоны культурæйы кусджытимæ ныхас кæнгæйæ, фæбæрæг кодта, сæ зæрдиаг фæллойæ уыдон кæй хъахъхъæнынц æмæ фылдæр кæнынц нæ республикæ æмæ бæстæйы монон бынтæ, сты рухстауджытæ, егъау бавæрæн хæссынц фæсивæды монон-сыгъдæгдзинады хъомыладмæ.
– Сымах – курдиатджын, зæрдæргъæвд, уарзут уæ куыст æмæ стут кады аккаг. «Культурæ» бирæвæрсыг æмбарынад у. Уый у нæ истори дæр, не ’гъдæуттæ æмæ традицитæ, нæ национ хæзнатæ. Нæ кадджын æмзæххонты нæмттæ Ирыстоны кадыл кад æфтауынц, æмæ уый дзурæг у, нæ республикæ бæрзонд культурæ кæй хæссы, ууыл. Стыр сæрыстырдзинад дæттынц нæ театртæ, музейтæ, ансамбль «Алан», бæхты драмон театр «Нарт» æмæ культурæйы иннæ артдзæстытæ. Сæйрагдæр та, цы адæм дзы кусы, уыдон. Уыдон сты нæ республикæйы культурон бынтæ! Бузныг уын уæ фæллойы тыххæй. Мæ зæрдæ уын зæгъы ног сфæлдыстадон æнтыстдзинæдтæ, æнæкæрон хъару, фидар æнæниздзинад æмæ амонд, – загъта Сергей Меняйло.
Республикæйы музыкалон аивадмæ Махъоты Ацæмæзы номыл Сывæллæтты музыкалон скъолайы ахуыргæнæг Хъиргъуыты-Лазарты Ларисæ стыр бавæрæн кæй бахаста, уый фæдыл хорзæхджын æрцыд майдан «Ирыстоны намысæн»-æй.
Театралон аивадмæ стыр бавæрæн бахæссæг Цæгат Ирыстоны Тæбæхсæуты Балойы номыл Ирон академион театры артист Цæллагты Сосланæн, фæсивæдон театр студи – сатирæйы театр «Амыран»-ы артисттæ Баситы Аслан æмæ Сидахъаты Дзамболатæн лæвæрд æрцыд «РЦИ-Аланийы адæмон артист»-ы кадджын нæмттæ.
Бæрзонд аивадон уацмыстæ ныффыссыны фæдыл «РЦИ-Аланийы Адæмон фыссæг»-ы кадджын ном лæвæрд æрцыд рауагъдад «Ир»-ы редактор Мамыкъаты Хъазыбег æмæ РЦИ-Аланийы Фысджыты цæдисы сæрдары хæдивæг Цомартаты
Изæтбегæн.
Зарæггæнæджы дæсныйады бæрзонд æнтыстдзинæдты фæдыл «РЦИ-Аланийы сгуыхт артист»-ы кадджын ном лæвæрд æрцыд камерон хор «Алания»-йы вокалон артисттæ Езеты Игорь, Демьян Карнаухов æмæ Сидахъаты Азæмæтæн.
Культурæйы къабазы сгуыхтдзинæдтæ æмæ æнтыстджын архайды фæдыл «РЦИ-Аланийы культурæйы сгуыхт кусæг»-ы кадджын ном лæвæрд æрцыд Дзанайты Азанбеджы номыл Дзæуджыхъæуы аивæдты училищæйы ахуыргæнæг Бæдтиаты Таймуразæн, Ног Бæтæхъойыхъæуы Культурæйы хæдзары раза-
монæг Берозты Риммæ, Æрыдоны Сывæллæтты аивæдты скъолайы ахуыр-
гæнæг Дзыгасты Виктория æмæ Цыколайы Сывæллæтты аивæдты скъолайы ахуыргæнæг Кокойты Людмилæйæн.
ХЪОЙБАЙТЫ Галинæ














