Æрдзон фыдбылызтæ ма ’руадзын — фыццагдæр хæс

0
59

Донивылдтытæ республикæйы цы фыдбылызтæ расайдтой, уый фæдыл уыд сæйраг ныхас РЦИ-Аланийы Хицауады радон æрвылкъуырион аппаратон æмбырды. Амыдта йæ республикæйы Сæргълæууæг Сергей МЕНЯЙЛО. Архайдтой ма дзы министрадтæ æмæ ведомствæты разамонджытæ, районты хиуынаффæйады администрациты сæргълæуджытæ.

Хицауады Сæрдары хæдивæг Томайты Ирбег йæ доклады фехъусын кодта республикæйы оперативон уавæр.

– Республикæйы хæххон районты дарддæр дæр тæссаг у зæйтæ рацæуынæй. Ивгъуыд къуырийы дæргъы зæйрацыдтытæ бæрæггонд не ’рцыд. Афæдзы райдайæнæй нырмæ республикæйы сæхи æгъдауæй рацыдысты 32 митзæйы, хъыгдард дзы ничи баййæфта. Цæгат Ирыстоны сæрмагонд службæтæ архайынц бæрзонд цæттæдзинады уавæры. 23 мартъийæ 29 мартъимæ республикæйы æрцыд 16 зынгсирвæзты. Хъыгдард дзы ничи баййæфта. Цæгат Ирыстоны автоинспекцийы хъусынгæнинагмæ гæсгæ, республикæйы фæндæгтыл æрцыд 80 фæндаггон фыдбылызы. Хъыгдард дзы баййæфтой 12 адæйма-джы, æмæ сæ æвæстиатæй рынчындонмæ аластой. Æртæ адæймаджы дзы фæмард сты. Боны-хъæды уавæртæм гæсгæ, Арвыком æмæ Транскамы фæндæгтæ гом сты автотранспорты æппæт хуызтæн дæр. Республикæйы фæндæгтыл лæууынц 1209 транзитон уæзласæн машинæйы, электронон рады та – 1526. Уæрæсейы Федераци æмæ Гуырдзыстоны арæныл уæлдæр амынд рæстæгмæ дыууæрдæм ахызтысты 17410 автотранспортон иуæджы æмæ 38690 адæймаджы. Дарддæр дæр дзы бæлццæттæн архайы хъармгæнæн пункт, – загъта Томайы-фырт.

28 мартъийы донивылдтытæ аластой Октябрыхъæу æмæ Тарскæйы ’хсæн фæнда-
джы 70 метры. Ноджы ма Октябрыхъæуы хъыгдард баййæфта цæугæдон Камбилеевкæйы сæрты хид Тедейы-фырты уынджы. Æппæт уыцы фыдбылызтæ аиуварс кæнынæн 29 мартъийы республикæйы Хицауад æвæстиатæй сарæзта оперативон штаб. Разамынд ын дæтты РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдары фыццаг хæдивæг Отарты Георги.

Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министр Хъараты Тимуры ныхасмæ гæсгæ, æрдзон фыдбылызы фæстиуджытæ иуварсгонд æрцыдысты, æмæ дыууæ хъæуы ’хсæн транспортон бастдзинад нывылгонд æрцыд. Куыстытæ цæуынц Терчы донвæд аивыныл дæр. Ноджы ма донивылд бахъыгдардта Рахизфарсы районы Зилгæйы хъæуы цур хиды æнцæйттæ. Уыдон дæр фидаргонд æрцыдысты.

Сергей Меняйло республикæйы Æнæнхъæлæджы уавæрты министрадæн, Доны фæрæзтæ æмæ Фæндаггон хæдзарады комитеттæн бахæс кодта цæугæдæтты былгæрæттæ фидаргæнæн объекттæ саразын.

Республикæйы разамонæг куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй, кæд æндæр гæнæн нæй, уæд ивын хъæуы цæугæдæтты донвæдтæ.

– Дон йæхицæн фæндаг ссары. Æнцондæр ын кæм у, уым акæны фæндаг. Мах фыдбылызтæ аиуварс кæныныл фылдæр фæрæзтæ схардз кæнæм. Нæ хæс у æппæт хъæугæ мадзæлттæ саразын, цæмæй фыдбылызтæ ма ’руадзæм. Уымæй аразгæ у цæрджыты æдасдзинад, – загъта регионы разамонæг.

Уыимæ ма, Сергей Меняйло Æнæнхъæлæджы уавæрты министрадæй бацагуырдта информаци, республикæйы цæугæдæтты доны æмвæзад куыд бæрæггонд цæуы, уый тыххæй. Бæлвырддæр хъуыддагæй та, республикæйы цал гидропосты лæууы, уый.

Ноджы ма Сергей Меняйло Фæндаггон хæдзарады комитетæн бахæс кодта республикæйы хидтæм цæстдард фæтынгдæр кæнын.

Цæгат Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады хъусынгæнинагмæ гæсгæ, 23 мартъийæ 29 мартъимæ регионы æрцыд 125 фыдракæнды, раргом кæнын дзы бантыст 100.
Къуырийы дæргъы æбæрæг фыдгæнджытæ 60 хатты бадзырдтой республикæйы ахуырадон уагдæттæм, рæмудзæн æрмæг дзы ис, зæгъгæ. Мидхъуыддæгты оргæнтæ æмæ Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджытæ, æвæстиатæй æппæт хъæугæ мадзæлттæ саразгæйæ, сбæрæг кодтой, террористон акты тыххæй хъусынгæнинæгтæ мæнг кæй уыдысты, уый. Дарддæр цæуынц слестгæнæн куыстытæ.

– Ивгъуыд къуырийы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, республикæйы эпидемиологон уавæр у нывыл. Ног коронавирусон инфекци разынд 3 адæймагмæ, – уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодта республикæйы «Роспотребнадзор»-ы хайад.

РЦИ-Аланийы ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæ куыд загъта, афтæмæй
республикæйы ныртæккæ грипп æмæ ОРВИ-йы аххосæй карантины æхгæд скъолатæ æмæ рæвдауæндæттæ нæй. Рæвдауæндæтты рынчын сывæллæтты нымæц у 12, скъолаты та – 10 проценты. Каникулты рæстæг сæ куыст кæнынц уалдзыгон сменæтæ. Уым архайынц 7 мин ахуырдзауы. Ноджы ма  фехъусын кодта, 24 скъолайы бындурон цалцæгмæ кæй бавнæлдтой, уый. Йæ ныхасмæ гæсгæ, æппæт уыцы куыстытæн федералон бюджетæй радих кодтой 1 миллиард æмæ 300 милуан сомы.

Æмбырды ма ныхас цыд æндæр ахсджиаг фарстатыл дæр.

ХЪОЙБАЙТЫ Галинæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here