Адæмон программæйы фæрцы

0
70

Адæмон программæ Цæгат Ирыстоны царды куыд уадзынц, уыдæттыл уыд йæ раныхас РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг, политикон парти «Иугонд Уæрæсе»-йы регионалон хайады нымæрдар Сергей Меняйлойæн дзуапдæттæн форум «Фæстиуæг ис»-ы.

Регионалон хайады уæнгтæ лæмбынæг байхъуыстой раныхасмæ, хатдзæгтæ рахастой фондзазон программæйæ, республикæйы социалон-экономикон дарддæры рæзтæн ахъазгæнæг мадзæлттæ равзæрстой. Уымæй уæлдай, рæгъмæ рахастой, 2026 азы Паддзахадон Думæмæ æвзæрстытæм политикон парти цы программон документимæ цæудзæн, уый.

Цæгатирыстойнæгтæ рахастой 10 мин алыхуызон хъæппæрисы, фæндоны, уыдон æмхуызонæй сæ бынат ссардтой Адæмон программæйы. Сергей Меняйлойы ныхасмæ гæсгæ, æххæстгонд æрцыд сæ фылдæр хай, чи ма дзы баззад, уыдоныл та æвæстиатæй бацарха-йын хъæуы. «Тынг бирæ фарстатæ алыг кодтам, уырдæм ахæсгæ сты социалон объектты арæзтад, газ хæдзæртты арæнтæм бауадзын, æхсæнадон фæзтæ æмæ бирæуæла-дзыгон хæдзæртты кæртытæм базилын, сæ фæлгонцады нысантæ æмæ æндæр ахсджиаг фарстатæ», – фæбæрæг кодта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг.

Æрмæст 7 инвестицион проектæн лæвæрд æрцыд 4 миллиард сомæй фылдæр, республикæ райста транспорты ног 212 иуæджы, бындуронæй сарæзтæуыд ног скъолатæ, рæвдауæндæттæ. Фæзынд сæ ног мингай бынаты, ахуырады центртæ «Рæзты тæлмытæ» байгом сты. Адæмон программæйы фæрцы бавнæлдтой поликлиникæтæм, рынчындæттæм, тагъд медицинон æххуысы автопарк сног кодтой.

Сергей Меняйло æрхаста бæстон хатдзæгтæ, фæбæрæг кодта фидæнмæ нысантæ, уæлдай æргом аздæхта историон зæрдылдарынадмæ, граждайнаг-патриотон хъомыладмæ, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн æххуысы мадзæлттæм. Йæ ныхасмæ гæсгæ, алкæмæ дæр хауынц бæрнон
хæстæ, æмæ сæм куыдфæндыйы цæстæй кæсæн нæй. «Нæ бæстæ æддагон тыхстдзинæдтимæ сæмбæлд, махæн та иу ран лæууæн нæй. Хъуамæ дзурæм рæстдзинад, æнæ уымæй не знæгтæ уайтагъд февналдзысты æмæ мæнг хабæрттæ ратауыс кæндзысты. Уымæй Уæрæсейы нывылдзинад фæкъахыр уыдзæн», – загъта Сергей Меняйло.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here