Æрдзон фыдбылызты ныхмæ…

0
29

РЦИ-Аланийы Хицауады радон æрвылкъуырион аппаратон æмбырд амыдта республикæйы Сæргълæууæг Сергей МЕНЯЙЛО. Архайдтой дзы минис-
традтæ æмæ ведомствæты разамонджытæ, районты хиуынаффæйады администрациты сæргълæуджытæ. Ныхас кодтой æрдзон фыдбылызтæ ма ’руадзыны тыххæй оперативон штабы куыст æмæ гæрæнтыл.

Хицауады Сæрдары хæдивæг Томайты Ирбег йæ доклады фехъусын кодта республикæйы оперативон уавæр.

– Республикæйы хæххон районты дарддæр дæр тæссаг у зæйтæ рацæуынæй. Ивгъуыд къуырийы дæргъы зæйрацыдтытæ бæрæггонд не ’рцыд. Афæдзы райдайæнæй нырмæ сæхи æгъдауæй рацыдысты 32 митзæйы, хъыгдард дзы ничи баййæфта. Цæгат Ирыстоны сæрмагонд службæтæ архайынц бæрзонд цæттæдзинады уавæры. 30 мартъийæ 6 апрелмæ республикæйы æрцыд 12 зынгсирвæзты. Хъыгдард дзы ничи баййæфта. Цæгат Ирыстоны автоинспекцийы хъусынгæнинагмæ гæсгæ, республикæйы фæндæгтыл æрцыд 69 фæндаггон фыдбылызы. Хъыгдард дзы баййæфтой 14 адæймаджы, æмæ сæ æвæстиатæй рынчындонмæ аластой. Боныхъæды уавæртæм гæсгæ Арвыком æмæ Транскамы фæндæгтæ гом сты автотранспорты æппæт хуызтæн дæр. Республикæйы фæндæгтыл лæууынц 17585 транзитон уæзласæн машинæйы, электронон рады та – 1890. Уæрæсейы Федераци æмæ Гуырдзыстоны арæныл уæлдæр амынд рæстæгмæ дыууæрдæм ахызтысты 17585 автотранспортон иуæджы æмæ 41230 адæймаджы, – загъта Томайы-фырт.

Сергей Меняйло республикæйы Мидхъуыддæгты министрад æмæ Хицауады уæнгтæн бафæдзæхста, Куадзæны бæрæгбæтты рæстæг æмæ 9 Майы Стыр Уæлахизы бон саразын æппæт хъæугæ мадзæлттæ адæмы æдасдзинадæн.

Цæгат Ирыстоны «Роспотребнадзор»-ы хъусынгæнинагмæ гæсгæ, ивгъуыд къуырийы бæрæггæнæнтæ куыд амонынц, афтæмæй республикæйы эпидемиологон уавæр у нывыл. Рынчынты 60 проценты сты сывæллæттæ. Гриппæй рынчынтæ республикæйы бæрæггонд не ’рцыд.

Сергей Меняйло республикон «Роспотребнадзор»-ы управленийæн бафæдзæхста бахъуаджы сахат Дагестанмæ æххуысмæ ацæуынмæ цæттæ уæвын.

Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министр Хъараты Тимуры ныхасмæ гæсгæ, Михайловскы хъæуы электрон хызы авари кæй æрцыд, уый аххосæй баззад æнæ рухсæй. Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министрады кусæг электриктæ архайынц бынаты æмæ боны æмбисмæ рухс ратдзысты.

Сергей Меняйло республикæйы Æнæнхъæлæджы уавæрты министрад, профилон ведомствæтæ æмæ муниципалитетты разамонджытæн бахæс кодта цæст дарын боныхъæды уавæртæм, цæугæдæтты донвæдтæ æмæ, уарыны дæттæ кæдæм цæуынц, уыдон сыгъдæг кæнын, цæмæй ныл, Дагестаны цы бæллæх æрцыд, уый ма ’рцæуа.

– Дарддæр дæр цæст дарæм оперативон уавæрмæ. Боныхъæд нæ нырма нæ уадзы æрвылбоны уавæрмæ рахизын. Районты разамонджытæ, донвæдтæ сыгъдæг кæнут. Акæсут ма, Дагестаны цы фыдбылызтæ æрцыд. Мах хъуамæ ахæм фыдбылызтæ Ирыстоны ма ‘руадзæм, – загъта республикæйы Сæргълæууæг.

Цæгат Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады хъусынгæнинагмæ гæсгæ, ивгъуыд къуырийы дæргъы регионы æрцыд 205 фыдракæнды, раргом кæнын дзы бантыст 124.

РЦИ-Аланийы ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæ куыд загъта, афтæмæй респуб-
ликæйы ныртæккæ грипп æмæ ОРВИ-йы аххосæй карантины æхгæд скъолатæ æмæ рæвдауæндæттæ нæй.

– Цæгат Ирыстоны ацæудзæн  Скъоладзауты æппæтуæрæсеон олимпиадæ. Уырдæм нæ республикæмæ æрбацæудзысты уазджытæ Уæрæсейы 89 регионæй. Конкурсон ма-
дзæлттæ райдайдзысты 13 апрелæй, – фехъусын кодта Алыбегты Эллæ.

Сергей Меняйло республикæйы Ахуырад æмæ наукæйы министрæн бахæс кодта, телеуынынады олимпиадæ «Умницы и умники»-йы чи рамбылдта, уыцы ирыстойнаг ахуыр-
дзаутæ æмæ сæ чи бацæттæ кодта, уыцы ахуыргæнджыты схорзæхджын кæнын.

Дарддæр ма аппаратон æмбырды Сергей Меняйло бахæс кодта, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ æмæ ветеранты хъуыддæгты фæдыл æххæстгæнæг хицаудзинады оргæн саразын. Йæ уæнгтæ хъуамæ уой ветерантæ æмæ сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ сæхæдæг.

Æмбырды ма ныхас цыд æндæр ахсджиаг фарстатыл дæр.

ХЪОЙБАЙТЫ Галинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here