Бæлццæттæн лæггад

0
91

Мæ куыстмæ гæсгæ арæх пайда кæнын, Дзæуджыхъæуæй Æрыдонмæ чи цæуы, уыцы маршрутæй. Æмæ та ныр дæр 1-æм автовагзалы æрлæууыдтæн автобусы раз, мæ фæндаггаг æрцæттæ кодтон, афтæмæй. Контролер-сылгоймаг мæм радзырдта, абон лæвар у, зæгъгæ. Мæнмæ йæ ныхас хъазæгау фæкаст, æмæ йæм уæддæр мæ 100 сомы дарын. Автобусы бæлццæттæ дæр сæ сæртæ батылдтой, æцæг афтæ у, зæгъгæ.

– Абон коммунистон партийы хардзæй цæуæм! Кæдæй-уæдæй чидæр бамæт кодта адæмыл! Сæ цæрæнбонтæ бирæ, ацы хорз хъуыддаг чи ‘рхъуыды кодта! – хъуыстис  алырдыгæйты. Иууылдæр фæндаггонтæ уыдысты хъæлдзæг, кæмæн нæу æхсызгон аудындзинад?

Æмæ сæйрагдæр æхца кæй сфæстауæрц кодтой уый нæ, зæрдæйæн æхсызгон у, раздæрау хуымæтæг адæмыл кæй батыхстысты.

– Мæ хъæбулы хъæбулимæ уыдыстæм горæты, æмæ йын радзырдтон, чи сты коммунисттæ æмæ, цы стыр хъару уыдис парти-йæн советон дуджы, уый, – зæгъы Нартыхъæуы цæрæг Верæ.

Рæстæг аивта, ралæууыд ног дуг, фæлæ коммунис-тон партийы хъæппæристæ аудынц адæмыл. Цалдæр азы размæ дæр Цæгат Ирыстоны коммунисттæ ахæм программæ бацæттæ кодтой. Уæд-иу алы мæйы фыццаг бон, Æрыдонæй Беслæны уылты Дзæуджыхъæумæ чи цыд, уыдон фæндаггаг нæ фыстой. Адæмæн-иу байуæрстой газет «Коммунист Осетии» æмæ æндæр литературæ. Уыцы хъуыддаг æхсызгондзинад хаста бирæ адæмæн. Цыдæр аххосæгты тыххæй хъуыддаг бакъуылымпы ис. Уæрæсейы Коммунистон партийы респуб-
ликон комитеты фыццаг нымæрдар Дудайты Чермен æмæ Æрыдоны райкомы фыццаг нымæрдар Доцойты Таисæйы хъæппæрисæй ацы фæзминаг хъуыддаг сног ис. Нырма кусы æрмæстдæр Æрыдоны районы. Фæлæ, Паддзахадон Думæйы депутат Тайсауты Хъазыбеджы ныхасмæ гæсгæ, хæстæгдæр рæстæг ахæм уæлæмхасæн лæггадæй хайджын уыдзысты иннæ районтæ дæр.

Фыццаг автобус афæндараст кодтой республикон æмæ районы партийы комитетты минæвæрттæ.

Мæй иу хатт бæлццæттæ лæвар кæй цæудзысты, партийы уыцы хъæппæрис зæрдæмæдзæугæ рауад. – Дзæуджыхъæуæй Нартыхъæу, Мичурин, Хъæдгæрон æмæ Æрыдонмæ чи цæуа, уыдон дзыпайда кæндзысты, – зæгъы Цæгат Ирыстоны регионалон хайады аппараты сæргълæууæг Дауыраты Алинæ.

Гугкаты Жаннæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here