Дуне, æвæццæгæн, дзæгъæл нæу…

0
20

Чернобылы фыдбæллæх нæ иумæйаг Цæдисы нырыккон дуджы трагедиты стырдæртæй иу у. Бирæ адæймæгты хъысмæт аивта, арф фæд дзы ныууагъта карз низы хуызы, мингæйттыл та æнафон сæ боны рухс баталынг. Фæлæ уый уыд лæгæвзарæн, адæймаджы миниуджытæ ирдæй кæм разындысты, ахæм рæстæг дæр.

Чернобылы фыдбæллæхы фæстиуджытæ иуварсгæнджытæй иу уыд Касаты Коля. Хъарман-Сындзыхъæуы мæ сыхаг уыдысты Касаты бинонтæ, цардысты Урсдоны доныбыл диссаджы рæсугъд ран. Коля куыста нæ хъæуы колхоз «Ленины тырыса»-йы шофырæй, йæ цардæмбал Дзабайон Валя та – рæвдауæндоны хицауæй, фæлæ 1973 азы Касатæ алыгъдысты Беслæныхъæумæ.

Сæ ног цæрæнбынаты дæр æгуыстæй не ‘рбадтысты. Коля шофырæй бацыд цæугæ механизацигонд калоннæмæ. Чернобылы фыдбæллæхы хабар куы айхъуыст нæ егъау бæстæйыл, уæд Коля дæр фыст æрцыд ликвидаторты хыгъды. Æрæджы фембæлдтæн мæ кæддæры æмхъæуккагыл, æмæ мын уыцы цауты тыххæй йæ мысинæгтæ радзырдта:

– Мæнмæ дæр æфсæддон комиссарадмæ фæдзырдтой, цæугæ дын у, зæгъгæ, æмæ 1986 азы 18 июны хæдтæхæгыл Ирыстонæй стыр къордæй æртахтыстæм Киевмæ. Уым нæ ‘рбаластой иу станцæмæ æмæ нын ног донпырхгæнæн (поливомоечный) машинæтæ бавдыстой, ахæмтыл хъуамæ кусат, зæгъгæ. Æз станцæйæ ацыдтæн Чернобылмæ, Припяты горæтмæ. Уым  мын раттой зæронд донпырхгæнæн машинæ. Йæ рулы куыст нæ бæззыд, æмæ мын бацамыдтой зæронд машинæты свалкæ, уым, дам, рацагур хъæугæ ивæн хæйттæ. Ныццыдтæн уырдæм æмæ дзы ссардтон зæронд ЗИЛ-130. Йæ «рулевой» уыд рæвдз, зубилæйæ йын йæ «заклепкæтæ» слыг кодтон æмæ йæ мæхи машинæйыл ныффидар кодтон болтытæй. Дон ласынмæ цыдтæн Припяты доны фарсмæ донцъирæнмæ.

Царды бирæ диссæгтæ ‘рцæуы, адæйма-джы хъуыдытыл бафтауынц. Дуне, æвæццæгæн, дзæгъæл нæу. Цыдæр уæларвон тыхтæ нын феххуыс кæнынц, зын сахат нæ фыдбылызæй аирвæзын кæнынц. Мæ зæрдыл кæй бадардтон, уыцы цаутæй иу уыд ахæм. Мæ куысты сменæ уыди æхсæз сахаты. Гаражмæ мæ хъуыд цæуын æхсæз километры бæрц фистæгæй. Хъуыд цæуын радыгай æхсæз сменæйы. Мæ фæндагыл-иу фембæлдтæн хуыргаркыл æд цъиутæ. Æмæ сыл-иу ныхъхъæр кæн, уæд-иу зæххыл атъæпæн сты. Афтæ куыстон, куы – бонæй, куы – ‘хсæв, æнæ бонцухæй, æнæ бæрæгбонтæй, алы бон уыди кусгæ, сменæ ивгæйæ. Хатгай-иу рауади иу суткæмæ дыууæ сменæйы. Нæ куысты мызд-иу фыстой фондз хатты фылдæр.

Адæймаг æфсæйнагæй конд нæу, куыд нæ-иу бафæлладтæн æмæ, иухатт æхсæвы куы фæцæйцыдтæн, уæд æмбисфæндагыл афынæй дæн, æмæ мæм фыны мæ цардæмбал Валя ныхъхъæр кодта: «Коля». Фехъал дæн, ракастæн æмæ, цыма, бæласыл йæ рахиз цонг æрбатыхста, афтæмæй мæм кæсы. Æвæццæгæн, кæронмæ нæма райхъал дæн. Афтæ фервæзтæн фыдбылызæй – фæндаг цыди галиуырдæм, рахизырдæм та дзы уыди уырдыг, æмæ куы нæ фехъал уыдаин, уæд машинæ атылдаид. Абон дæр æй не ‘мбарын, цавæр тыхтæ уыдысты уыдон, мæ цардæмбалы хуызы мын чи баххуыс кодта…

Иухатт та, цалынмæ машинæ дзаг кодта, уæдмæ, æнхъæлмæ кæсгæйæ, иуварс æрбадтæн. Уырдæм мæм Припятæй реуа-реуагæнгæ ссыди сабыргай, гъы-гъы-гъыгæнгæ, хъаз. Мæ цæсгоммæ мын скасти, æмæ йын куы ницы раттон, уæд мын мæ хæлафы фадыг айвæзта, стæй фæстæмæ аздæхти æмæ сабыргай ацыди.

Мæ донпырхгæнæн машинæйæ æхсадтон миксер хæдтулгæтæ, уыдон бетоны змæст калдтой реакторы 4-æм энергоблокмæ. Мæ машинæйы-иу дон куы нал уыди, уæд та-иу Припяты цæугæдонмæ ласынмæ цыдтæн. Уый кæуылты цæугæдон у, наутæ дзы ленк кодтой!

Цы хъазы кой дын кодтон, уый-иу мæм уырдæм ссыди æмæ-иу мæм ныккасти. Иухатт ын мемæ рахастон дзулы къæбæр, æмæ та мæм куы ’ссыди, уæд ын æй зæххыл æрæвæрдтон. Бацыди, систа йæ æмæ æртæ къахдзæфы скодта, уæззау къахдзæфтæ. Фæстæмæ йæ æрæвæрдта, ракасти мæм æмæ æртæ хатты, гъы-гъы-гъы, зæгъгæ, акодта, стæй йæ ногæй систа æмæ ацыди йæ фæндагыл Припяты донмæ уырдыгыл. Æз йæ фæстæ фæкастæн. Иу гыццыл куы ныццыди, уæд хæмпæлтæй нал зынди.

Уыцы егъау фыдбылыз æнæкæрон бæллæхтæ æрхаста æрмæст адæмæн нæ, фæлæ æрдзæн, мæргътæ æмæ цæрæгойтæн. Уыцы хъазы дæр цæрын фæндыд, чи зоны, уыцы дзулы къæбæр йæ лæппынтæн хаста. Припять рæсугъд горæт уыд, бæллæхы агъоммæ дзы царди 80 мин адæймаджы, цъæхфæлыстæй аив… Бауырнæд дæ, цыбыр рæстæгмæ, мæнæ ныр «фильмы ужаса» кæй хонынц, ахæм нывтæ уыд нæ алыварс: кæрдæг сæрдыгон – сау-сауид, хус, бæлæстæ дæр – афтæ, æнæ сыфтæр хъæдтæ…

Фæдæн Чернобылы цыппар мæйы, 14 октябры мæ хæдзарыл сæмбæлдтæн, – радзырдта мын Коля.

Де ‘нæниздзинадыл куыд фæбæрæг сты уыцы цыппар мæйы, зæгъгæ, йæ куы бафарстон, уæд дзуапп ратта, фыццаг бон, дам, 1,9 рентгены райстон, дарддæр та – дзæвгар фылдæр. Йæ зæрдæ фæхудт йæ куыстуатыл – цы рæстæг фæци Припяты, уымæн ын хъуамæ йæ мызд ма баурæдтаиккой, фæлæ цæугæ механизацигонд калоннæйы хицауад цæмæдæр гæсгæ Коляйы зæрдæхудты бацыдысты…

Кæй зæгъын æй хъæуы, Касайы-фыртыл æнæзынгæ нæ фесты уыцы уæззау бонтæ – абон йæ къæхтæ йæ быны нæ цæуынц, фæлæ, Хуыца-уæй разы, йæхи загъдау, йæ цæст ма æрттивы, йæ цот Барис, Батрадз æмæ Зæлинæ, уыдоны кæстæртæ йыл аудынц – йæ цардæмбал Валя дыууæ азы размæ йе ‘цæг дунемæ ацыд.

Коля «Рæстдзинад» зæрдиагæй кæсы йе ‘рыгоны бонтæй нырмæ, æмæ йын æхсызгон уыд, кæй йæ ‘рхъуыды кодтам, уый. Фæллойы ветеранæн тынг зын у, абон дуне арвистон кæй фестад, алырдыгæй йыл хæсты пиллон арт кæй бафтыдтой æнæсæр политиктæ, уый.

 ГАПБАТЫ Алетæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here