Сывæллон фыццаг хатт скъолайы къæсæрæй фарны къах куы бавæры, уæд, уыцы бонæй йæ царды фæстаг сулæфтмæ йæ ахуыргæнæджы зонд æмæ фæлтæрддзинадæй саби цы зонындзинæдтæ æмæ æрдзон удварны æнкъарæнтæ райсы, уыдон мады æхсырау ахъарынц йе уæнгты æмæ цæрæнбонты йæ зондахасты баззаййынц.
Ахæм æнкъарæнджын, мидисджын цард æмæ зондзонæн куыст æнтысы РЦИ-Аланийы сгуыхт ахуыргæнæг, Уæрæсейы иумæйаг ахуырады кадджын кусæг, Змейкæйы 1-æм астæуккаг скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы уæлдæр къæпхæны ахуыргæнæг Дзуццаты-Байхъуылты Риммæйæн. Йæ фæллойадон чиныджы фыст ис, дыууиссæдз азæй фылдæр кæй кусы ацы ахуырадон артдзæсты.
Змейкæ – Риммæйы райгуырæн уæзæг, йæ сабибонты уарзт æмæ авдæн! Йæ мад æмæ йæ фыд (рухс дзæнæт – сæ бынат) сæ рæстæджы уыдысты Змейкæйы дзырддзæугæ, адæмæн уарзон адæймæгтæ, хорз зыдтой ирон адæмон сфæлдыстад, æрдзæй сæм стыр курдиат уыд зарынмæ, кафынмæ, адæмы ‘хсæн мидисджын ныхас ракæнынмæ. Сæ чызг Риммæйы æвзонг уды райгуырын кодтой рæсугъд æвидигæ фарны фæндаг.
Риммæйы царды бындур бирæ хæрзтæй фидауы, фæлæ йæ сæйраг намысы миниуджытæ сты фæрнæйдзаг зæрдæйы уаг, бæрзонд бæрнон æууæнк, фарны ныхас. Сылгоймаджы фидауцæй – фидауцджын, амондæй – амондджын, адæмы фарнæй – фæрнджын, намысджын ахуыргæнæджы кадæй – кадджын æмæ æрдхæрæн. Къостайы номыл университеты мадæлон æвзаджы дæсныйад куы райста Риммæ, уæд риуыдзаг сулæфыд – йæ рагбæллиц сæххæст.
– Æвæццæгæн, ахæм фæлтæр нæй, рухс зæрдæйæ, æхсызгон мысинагæн йæ ахуыргæнджыты фарны ном чи нæ æрхъуыды кæны. Мах абоны бон сæ куырыхон зонд æмæ кадæй фæрнджын стæм. Нæ ахуыргæнджытæ æрмæст ууыл нæ архайдтой, цæмæй нын хъæугæ зонындзинæдтæ раттой. Багаты Никъала, Джыгкайты Шамилы уроктæ æнæхъæн зонды скъола уыдысты. Ахуыр нæ кодтой æгъдау æмæ æфсармыл, хæдбар хъуыдыйыл, царды вазыгджын фæзилæнтыл уæлахизæй цæуыныл. Архайдтой, сæхæдæг куыд æназым уыдысты, куыд удуæлдай фыдæбон кодтой, афтæ, цæмæй махæй дæр рауадаид æхсæнадæн хъæугæ адæймæгтæ. Тахъазты Харумы фæдзæхстмæ гæсгæ, ахуыргæнæджы куыстæй аразгæ кæй у Ирыстон æмæ Стыр Уæрæсейы сомбон, – дзырдта мын Риммæ.
Мад, ныййарæг, сылгоймаг! Цымæ кæцы дзырды дæсны, аивады куырыхон зиууон загъта фыццаг ацы сыгъзæрин дамгъæтæй фыст дзырдтæ. Мады, ныййарæджы фæрцы незамантæй сæрсæфæнæй фервæзт Аланты, Ирыстоны бæстæ. Сылыстæджы кад, бæрзонддзинад æмæ намысæн слæууынц нымд, кадгæнгæйæ нæ куырыхон хистæртæ. Сылгоймаджы кæлмæрзæны фарн æрлæууын кæны туджджынты карз тох. Сылыстæг – къонайы цырагъдар, бинонты цæсгом, æфсарм, фарн æмæ царддæттæг бардуаг. Æппæт ацы цæрæццаг фæлгонцтæй хайджын у Дзуццаты-Байхъуылты Риммæ: дойнаг дуртæ дæр ын æхсинаг сты, царды хæрзтæ – кæнинаг.
Риммæйы хъуыдымæ гæсгæ, йæхи ирон чи хоны, ирон мад æмæ фыдæй гуырд чи у, уыдоны цот хъуамæ, æнæмæнг, зоной, ахуыр кæной сæ мадæлон æвзаг. Зæрдæ-
йæн зынаргъдæр, удæн адджындæр цы у, уый мах кæддæриддæр барæм ныййарæг мадимæ. Æмæ алы адæмыхатт дæр уыцы зæрдæйы уагæй кæсы æмæ кад кæны йæ мадæлон æвзагæн. Расул Гамзатов хуымæтæджы нæ загъта: «Абон куы фесæфа ме ’взаг, уæд райсом цæттæ дæн мæлæтмæ». Дзуццаты Риммæйæн мадæлон æвзаг у йæ уды фарн æмæ намыс. Йæ сыгъдæг удæй арт цæгъды, куырдалæгонау.
Хъыгагæн, фæстаг азты нæ рæсугъд зыланггæнаг æвзагмæ куыдфæндыйы цæстæй кæсынц бирæтæ, фылдæр – ныры дуджы адæм. Кæд ахуырады кусджытæ, радио, телеуынынад, мыхуыр не сфæлдыстадон интеллигенци се ’ргом фылдæр здахынц æвзаджы ахсджиаг фарс-
тамæ, ирон æвзаг, литературæ, аивад парахат кæнынæн мадзæлттæ агуырд цæуы, уæддæр нырма хъуыддаг зынгæ нæ фæхуыздæр. Цæмæн афтæ у? Фыццаг аххосаг у, бинонтæ хæдзары мидæг сæ сабитæм уырыссагау кæй дзурынц, уый. Нæ мадæлон æвзагмæ бирæтæ кæсынц æцæгæлоны зæрдæахастимæ. Нæ йын кæнынц аккаг кад, нæ йын æмбарынц йæ ахадындзинад.
Фæлтæрдджын ахуыргæнæг хорз зоны, ахуырады ног педагогон технологитæй куыд пайдагæнæн ис ирон æвзаг æмæ литературæйы урокты, уый. Риммæйы методикон æрхъуыдыдзинад ын æдзух æрхæссынц дæнцæгæн методикон иугонды семинарты. Æрмæст ахуыргæнæг нæу, фæлæ, куыд хъомылгæнæг, афтæ зæрдæйæ æнкъары ирон æвзаджы табуйаг æмæ сомбоны хъысмæт. Сгуыхт педагог æнтыстджынæй архайы æхсæнадон хъуыддæгты. У Аланты Ныхасы сылгоймæгты комитеты уæнг, газет «Рæстдзинад»-ы иузæрдион уацхæссæг. Разæнгардæй архайы йæ рафыссыныл, йæ æрмæджытæ йын адæмы рæгъмæ рахæссыныл. Фыссы æмдзæвгæтæ, радзырдтæ, новеллæтæ. Арæх ракæны ирон æвзаг æмæ æгъдæутты фæдыл мидисджын хъуыддаджы ныхас радио æмæ телеравдыстыты.
Ирон æвзаджы сгуыхт ахуыргæнæг Риммæ куыд дзуры, уымæ гæсгæ мадæлон æвзаджы ахуыргæнæджы къухы ис æвæджиауы æрмæг: Нарты кадджытæ, таурæгътæ, аргъæуттæ, царциаты диссæгтæ.
Нарты кадджытæ – ирон адæмы историйы айдæн, нæ удварны исбон. Нарты гуыппырсар фæсивæды уаг æмæ æхсар сæ фæдонтæн, ирон скъоладзаутæн сты ирд æвдисæн æцæг ирон лæджы удыхъæды сæйраг миниуджытæ бафæзмынæн. Уыдон та сты уарзондзинад Райгуырæн бæстæмæ æмæ йæ бахъахъхъæнынмæ цæттæ уæвын. Рæстдзинад – царды ахсджиагдæр цæджындз, æхсар æмæ лæгдзинад – æцæг ирон лæджы бæрцбарæн, уæздандзинад æмæ уарзондзинад – Аланты цардыуаджы миддунейы. Зындгонд ахуыргонд Миллер фыста, зæгъгæ, зонд æмæ æвзаг иу сты, ном цы хъуыдыйæн нæй, уый йæхæдæг дæр нæй. Уымæ гæсгæ нæ зонды фæрæзтæ æнгом баст сты нæ рагон истори æмæ æвзагимæ. Цæуылнæ ныффыста Тугъанты Махарбег йæ алæмæты шедевртæ уырыссаг эпос, кæнæ зындгонд скандинаваг эпос «Калевала»-йы мотивтыл, цæуылнæ сныв кодта уыцы эпосы хъайтарты?
Риммæйæн йæ уд æмæ йæ намыс фыдыбæстæйæн нывонд у. Кад, фарн, зонд, æгъдау удыхъæды хуыздæр миниуджытæ сты, æмæ сæ Риммæ нывондæн хæссы не суинаг фæлтæры цардамондæн.
Ахуыр æмæ зонд царды хорзæх сты. Адæм сæ хуыздæрты фæрцы сты адæм. Кад кæнын, аргъ кæнын кæмæн хъæуы, ахæм адæмæй дуне у цардхъом. Цæстытæ æмæ ’взаг сты зæрдæйы дуар. Æппæт дуне рухс кæны æмæ тавы хур. Адæймаг та амондджын у йæ царды мидисæй, йæ арæзт хъуыддæгтæй.
Риммæ, Ирыстоны ахуырдзау фæлтæрæн дæ куырыхон зонд æмæ фæрнæйдзаг зæрдæйыуагæй хæссыс цардамонд. Хæрамдзинад дæ уды иу мур дæр нæй, хурвидауц, зæххон Мады-Майрæмы фæдзæхст сылгоймаг дæ, æмæ дæ хур йæ зæрин тынтæй рæвдауæд. Æрдз дын рæдауæй ратта зæххон уынд æмæ конд, хæдæфсармдзинад, адæмы хорзæх, æмæ фæрнджын æмæ намысджынæй фæцæр. Фæскъæвда арвыл арвырон куыд ссудзы хуры зæлдаг тынты, афтæ нын, Байхъуылон Риммæ Болайы чызг, зæрдæрайгæ, адæмуарзонæй, райгондæй фæцæр. Мадæлон æвзагæн цырагъдарæй лæууыс, æмæ дæ зæрдæйы бæллиц сæххæст уæд!
ГУЫЛÆРТЫ Барис, æхсæнадон уацхæссæг














