Суададжы хъæуы Брытъиатæ сты кадджын бинонтæ. Сæ хистæр Неля у тæхудиаджы адæймаг. Рæстудæй цæры адæмы ’хсæн. Хъæдгæройнаг Къациты чызг æрыгонæй йæ амонд ссардта ацы ирон хъæуы.
Суададжы амбулаторийы кусгæйæ, бирæ азты иузæрдионæй лæггад кодта адæмæн. Йæ цардæмбал Замалбегимæ 46 азы кæрæдзийы æмбаргæйæ арвыстой амондджын бонтæ. Сæхи къухты фæллойæ сарæзтой хæдзар. Бахъомыл кодтой æмæ царды рæсугъд фæндагыл арвыстой цыппар хъæбулы. Абон Тимур, Жаннæ, Толик æмæ Аллæ сæ хистæрты кад бæрзонд хæссынц, алкæмæн дæр сæ ис бинонтæ, суинаг кæстæртæ. Бахъуаджы рæстæг Брытъиаты æфсымæртæ цæстуарзонæй се ’ххуысы хай бакæнынц. Кад сын ис æмгæртты, хъæубæсты ’хсæн. Арфæйы ныхæстæ уæд сæмбæлынц Къациты чызгыл.
Неляйæн абон кæд йæ цардæмбал йæ фарсмæ нал ис, уæддæр йæ бирæ кæстæртæй у буц æмæ рæвдыд. Йæ цоты цот æмæ уыдоны кæстæртæ æнкъард кæнын нæ уадзынц сæ фæлмæнтæдзураг нанайы.
– Алкæмæн дæр, фæзæгъынц, йæ амонд йемæ райгуыры. Афтæ æз дæр, 1973 азы æркуывтон Брытъиаты хæдзармæ. Ме ’фсин Дзуццаты Ксеня диссаджы уæздан, фыдæбонгæнаг сылгоймаг уыд. Дыууæ файнустæй сидзæргæстæй баззадысты. Сæ лæгтæ, Тотырбег æмæ Гайси, Фыдыбæстæйы Стыр хæстæй нал сыздæхтысты. Сæ иуæн – æртæ, иннæйæн – фондз кæстæры, афтæмæй иумæ хи хъæбултау хъомыл кодтой аст сывæллоны. Йæ бирæ зындзинæдтæ-иу куы æрымысыд, уæд-иу мæхи мады цард мæ цæстытыл ауадис – мах дæр фондзæй сидзæры бонтæ бавзæрстам. Бирæ рæвдыд зонын ме ’фсинæй, алцæуыл дæр мæ уый сахуыр кодта. Хуысгæ рынчын куы фæци, уæд æм мæхи мадау кастæн.
Куыстон амбулаторийы медицинон хойæ. Мæ куыст уарзтон, азтимæ фæлтæрддзинад дæр фæзынд. Уæд нæ уавæртæ бынтон æндæр уыдысты. Хъæуы уынгты фистæгæй бирæ фæцыдтæн рынчынтæм, куы-иу бахъуыд медицинон æххуыс, уæд æнæзивæгæй æхсæвыгон дæр. Сывæллæтты фыд та куыста бынæттон колхозы, уыдис хорз электрик æмæ æндадзæг. Æрыгæттæ уыдыстæм, зивæг цы у, уый нæ зыдтам. Хæдзар арæзтам, цот хъомыл кодтам. Дардтам стурвос, зæххы куыст кодтам, уымæй цардыстæм. Хуыцауæй бузныг, разы дæн абон мæ цардæй. Ис мын æнгом бинонтæ, коммæгæс кæстæртæ, хорз сыхбæстæ. Алы хъæуты уæвгæйæ, мæхицæн фидарæй фæзæгъын: Суадагæй хуыздæр фæсивæд никуы ис, алцæмæ – хæрзарæхст, фæкæсынмæ – æнæзивæг. Царды хорздзинæдтæй сæ алчидæр æфсæст уæд, бæстæ сын сабыр куыд уа, афтæмæй нæ Ирыстон фидаркæнæд, – зæгъы Неля.
Иу амонд ма кастис хæдзары ’фсинмæ: лæппутæ куы бахъомыл сты, уæд сæ номыл хорз чындзытæ æрбахызт йæ къæсæрæй. Хи чызджытау лæггад кæнынц сæ дзæбæх æфсинæн Гайты Ингæ æмæ Гуыриаты Викæ. Дыууæйæ дæр суадаггаг чызджытæ сты.
– Фыццаг бонæй фæстæмæ кæрæдзийы æмбаргæ цæрæм. Бузныг сæ ныййарджытæн – уыдоны хæдзарæй рахастой æгъдау, æфсарм, сæрæндзинад. Хорз фæтк мын баззад мæхи æфсинæй, алы Хуыцаубоны дæр нæ хæдзары вæййы æртæ чъирийы. Иумæ стырæй-чысылæй æрбамбырд вæййæм. Кæддæриддæр нæ цæхх, нæ кæрдзынимæ æхсызгонæй сæмбæлæм уазджытыл, – загъта нын Неля.
Сылгоймаг лæвар кæны цард, хъомыл кæны фидæны фæлтæрты, йæ сывæллæттæн бауарзын кæны Райгуырæн бæстæ, æгъдæуттæ, цæстыгагуыйау хъахъхъæны йæ бинонты сабыр цард æмæ амонд. «Кæрæдзийæн хатыр кæнын хъæуы», – фæдзæхсы сылгоймаг йæ кæстæртæн.
Брытъиаты хуызæн фæзминаг бинонтæ бирæ ис Суададжы. Сæ фидæн рæсугъд æмæ амондджын уæд!
Гугкаты Жаннæ,
къам систа Татьянæ Шеходанова














