РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис цы æмбырд сарæзта, уым ныхас цыд Цæгат Ирыстоны социалон лæггæдты къабазы дарддæры нывыладыл, республикæйы цæрджытæн æппæтвæрсыг паддзахадон æххуыс кæныныл.
Æмбырды райдайæны премьер-министр куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй, амынд фарстатыл кусгæйæ, ахсджиаг у, республикæ профилон федералон программæты уæрæх кæй архайы, социалон инфраструктурæйы дарддæры ахадгæ райрæзтыл бæрнонæй кæй кусы, уый.
Афтæ, регионы социалон къабазы дарддæры райрæзт æмæ адæмæн уæрæх социалон лæггæдтæ кæныныл куыст арæзт цæуы фыццаградон национ проект «Бинонтæ»-йы, «Хистæр фæлтæр», «Бирæсывæллонджын бинонтæ» æмæ иннæ федералон программæты бындурыл. Æппæт уыцы хъуыддæгтыл архайд куыд цæуы, уый тыххæй уыд йæ раныхас Цæгат Ирыстоны фæллой æмæ социалон рæзты министры фыццаг хæдивæг Маматы Анджелæйæн.
Фæллойы министрад цы ахсджиаг проекттыл кусы, уыдонæй иу у социалон бадзырды тыххæй программæ. Маматы Анджелæ куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй ацы программæйы фæрцы азы райдайæнæй нырмæ республикæйы цæрджытимæ фидаргонд æрцыд 400 социалон бадзырдæй фылдæр. Ахæм бадзырдтæ чи бафыста, уыцы адæмæн ныр сæ амалхъомадон проекттæ царды рауадзынæн дихгонд æрцæудзæн сæрмагонд паддзахадон субсидитæ. Æмткæй райсгæйæ, 2026 азы социалон бадзырдты тыххæй программæйы мадзæлттæ æххæст кæнынæн нысангонд цæуы 380 милуан сомæй фылдæр. Уый фæрцы азы кæронмæ хъуамæ фидаргонд æрцæуа 1500 социалон бадзырдæй фылдæр (фарон уыдон уыдысты 1440).
Министры хæдивæджы докладæн хатдзæгтæ кæнгæйæ, Хицауады Сæрдар бафæдзæхста, цæмæй социалон бадзырды тыххæй программæйы уагæвæрдтæ амоной фылдæр адæмæн, уыимæ, дæрддзæф хъæуты чи цæры, уыдонæн дæр. «Хи амалхъомадон проектыл бакусын кæй фæнды, хи чысыл хæдзарад райрæзын кæныны хъуыды кæмæ ис, уыцы адæм хъуамæ зоной, социалон бадзырды фæрцы бирæ хорз хъуыддæгтæ саразæн кæй ис, уый», –бацамыдта Дзанайты Барис.
Æмбырды архайджытæ куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй федералон бюджеты æххуысы фæрцы дарддæр æххæстгонд цæуынц, Беслæны фыццæгæм скъолайы 2004 азы 1-3 сентябры арæзт террористон фыдракæнды хъыгдард чи баййæфта, уыцы адæмы социалон реабилитаци æмæ дзæбæх кæныны мадзæлттæ.
Иудадзыгон æргом здæхт цæуы сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ æмæ сæ бинонтæн уæлæмхасæн социалон лæггæдтæ кæныны фарстамæ. Профилон ведомствæты хъусынгæнинагмæ гæсгæ, ахæм паддзахадон æххуысы мадзæлттæ аххæссыдысты 7,9 мин бинонтыл. «Помогаем СВОим» æмæ иннæ акциты фæрцы адæмы амынд къорды минæвæрттæн арæзт цæуынц юридикон æмæ психологон консультацитæ…
Боны фæткы фарстатыл дзургæйæ, Дзанайты Барис куыд бафиппайдта, афтæмæй æппæтвæрсыг социалон лæггæдтæ хъуа-
мæ аххæссой, æххуысхъуаг чи у, æппæт уыцы адæмыл. Уæлдай лæмбынæг цæстдард хъуамæ уа, йе ‘нæниздзинад цауд кæмæн у, адæмы уыцы къордтæм. Паддзахады аудынад сæхиуыл, æнæмæнг, хъуамæ æнкъарой сывæллонджын бинонтæ æмæ адæмы иннæ къордтæ дæр.
– Фыццаградон национ проекттæ æмæ нысанмæарæзт федералон программæты бындурыл цы куыст цæуы, уый иу уысм дæр хъуамæ ма фæкъуыхцы уа. Социалон бадзырдтæ, паддзахадон пособитæ æмæ æндæр фиддонтæ – ис нæм бирæ фадæттæ, цæмæй адæмы алы къорд дæр сæхиуыл æнкъарой æппæтвæрсыг социалон аудынад. Республикæйы Хицауад стыр æргом здахы, социалон къабазы дарддæры райрæзты сæраппонд РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло цы нысантæ æвæры, уыдонмæ. Иу ныхасæй, республикæйы цæрджыты фæрныгадыл æппæтвæрсыг архайд цæуы, – ныхасæн хатдзæгтæ кæнгæйæ, загъта Дзанайты Барис.
РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæ














