Срæмыгъды фæстиуджытæ æмæ æххуыс адæмæн

0
61

Дзæуджыхъæуы пиротехникæйы скълады срæмыгъды фæстиуджытæ куыд иуварсгонд цæуынц, æмæ хъыгдардбаййафæг адæмæн цавæр æххуыс цæуы, ууыл уыд ныхас РЦИ-Аланийы Хицауады радон æрвылкъуырион аппаратон æмбырды. Амыдта йæ республикæйы Сæргълæууæг Сергей МЕНЯЙЛО. Архайдтой дзы министрадтæ æмæ ведомствæты разамонджытæ, районты хиуынаффæйады администрациты сæргълæуджытæ.

Хицауады Сæрдары хæдивæг Томайты Ирбег йæ доклады фехъусын кодта республикæйы оперативон уавæр.

– Ивгъуыд къуырийы дæргъы Цæгат Ирыстоны æппæт сæрмагонд службæтæ дæр архайдтой бæрзонд цæттæдзинады уавæры. Республикæйы хæххон районты тæссаг у зæйтæ рацæуынæй. Ивгъуыд къуырийы дæргъы хæхты сæхи æгъдауæй рацыдысты æртæ зæйы, афæдзы райдайæнæй нырмæ та – 35 зæйы. Хъыгдард дзы ничи баййæфта. Цæгат Ирыстоны автоинспекцийы хъусынгæнинагмæ гæсгæ, республикæйы фæндæгтыл æрцыд 84 фæндаггон фыдбылызы. Хъыгдард дзы баййæфтой 28 адæймаджы, æртæ адæймаджы дзы фæмард сты. Боныхъæды аххосæгтæм гæсгæ, Арвыком æмæ Транскамы фæндæгтæ ныртæккæ сты æхгæд транспорты æппæт хуызтæн дæр. Республикæйы фæндæгтыл лæууы 3000 транзитон уæзласæн машинæйы æмæ 130 рог машинæйы, 2800 та – электронон рады. Уæрæсейы Федераци æмæ Гуырдзыстоны арæныл уæлдæр амынд рæстæгмæ дыууæрдæм ахызтысты 12580 автотранспортон иуæджы æмæ 28320 адæймаджы. Боныхъæды уавæртæ кæй февзæр сты, уый тыххæй Уæллаг Ларсы посты цур бæлццæттæн байгом хъармгæнæн пункт, – загъта Томайы-фырт.

Сергей Меняйло бахæс кодта, уарыны дæттæ кæдæм цæуынц, æппæт уыцы къанæуттæ ссыгъдæг кæнын. Ноджы ма регионы разамонæг бафæдзæхста, цалынмæ Арвыкомы фæндаг æхгæд у, уæдмæ уæзласæн транзитон машинæтæн республикæмæ фæндаг сæхгæнын.

РЦИ-Аланийы Мидхъуыддæгты министрады хъусынгæнинагмæ гæсгæ, 6 апрелæй 12 апрелмæ республикæйы æрцыд 164 фыдракæнды. Уыдонæй раргом кæнын бантыст 87. Æбæрæг фыдгæнджытæ къуырийы дæргъы телефонтæй дзырдтой ахуырадон уагдæттæм, рæмудзæн æрмæг дзы ис, зæгъгæ. Мидхъуыддæгты оргæнтæ æмæ Æнæнхъæлæджы уавæрты министрад, æппæт хъæугæ оперативон мадзæлттæ саразгæйæ, сбæрæг кодтой, уыцы хъусынгæнинæгтæ мæнг кæй сты, уый. Дарддæр цæуынц слестгæнæн куыстытæ.

Дзæуджыхъæуы администрацийы сæрдар Милдзыхты Вячеслав аппаратон æмбырды фехъусын кодта, пиротехникæйы скълады срæмыгъды чи фæмард, уыдоны бинонтæн фæйнæ иу милуан сомы кæй бафиддзысты, уый. Куыд зонæм, афтæмæй срæмыгъды рæстæг фæмард сты дыууæ адæймаджы, хъыгдард дзы баййæфтой 15 адæймаджы, уыдоны ’хсæн – æртæ сывæллоны.

Республикæйы Сæргълæууæг Милдзыхты Вячеславæн бафæдзæхста, цæмæй зиантæ бавæрыны хæрдзтæ дæр горæты администраци йæхимæ райса.

Партизанты цæхгæрмæуынджы пиротехникæйы срæмыгъдæй хъыгдард цы æртæ сывæллоны баййæфтой, уыдонмæ дохтыртæ сæ цæст лæмбынæг дарынц. Сæ æнæниздзинадæн ныртæккæ тæссаг ницæмæй у. Уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодта æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр Митциты Астан.

– Сывæллæттæй иуы абон реанимацийæ раивдзысты профилон хайадмæ æмæ йæ дарддæр дзæбæх кæндзысты. Республикон клиникон рынчындоны ныртæккæ ис æхсæз рынчыны, сæ иуы дзы тагъд рафысдзысты. Дыууæ адæймаджы та хуыссынц Тагъд æххуысы клиникон рынчындоны. Иу дзы уæззау уавæры ис. Дохтыртæ æппæт хъарутæй дæр архайынц йæ аирвæзын кæныныл, – загъта министр.

Цæгат Ирыстоны «Роспотребнадзор»-ы хъусынгæнинагмæ гæсгæ, республикæйы эпидемиологон уавæр у нывыл. Медицинон уагдæттæм æххуысмæ чи бадзуры, уыцы адæмы нымæц зынгæ фæкъаддæр. Ивгъуыд къуыри ног коронавирусон инфекци разынд иу адæймагмæ.

Ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæйы ныхасмæ гæсгæ, нæ республикæйы æппæт ахуырадон уагдæттæ дæр кусынц æрвылбоны фæткыл. Ноджы ма тагъд Цæгат Ирыстонмæ, Дагестаны донивылдтытæй хъыгдард цы районтæ баййæфтой, уырдыгæй æрбацæудзысты 100 сывæллоны æмæ 15 ахуыргæнæджы. Ам сын бацæттæ кæндзысты хи ирхæфсæн æмæ фæлладуадзæн мадзæлттæ.

Сергей Меняйло ахуырад æмæ наукæйы министрæн бахæс кодта дагестайнаг сывæллæтты базонгæ кæнын «Город ангелов» æмæ Беслæны скъолайы музейимæ.

Æмбырды ныхас цыд æндæр ахсджиаг фарстатыл дæр.

ХЪОЙБАЙТЫ Галинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here