Дзасохты Алыксандры тыххæй

0
38

Мæскуыйы Экономикæйы уæлдæр скъолайы культурæйы центры ацыдис ахсджиаг зæрдылдаринаг цау – фыццаг хатт дзы равдыстой Хъуысаты Тимуры документалон киноныв «Александр Дзасохов. Меридианы длиною в жизнь» – зындгонд паддзахадон архайæг, дипломат, Цæгат Ирыстоны раздæр азты Президенты цардвæндаджы тыххæй радзырд.

Мадзал сарæзтой Мæскуыйы ирон адæмы æхсæнад æмæ Уæрæсейы Федерацийы Президенты цур  Цæгат Ирыстон-Аланийы минæварад, йе ’ххуысы хай сын бакодта Экономикæйы уæлдæр скъола дæр.

Кинонывмæ бакæсынмæ æрбацыдысты зындгонд политиктæ, дипломатон службæйы ветерантæ, æхсæнадон архайджытæ, студенттæ, журналисттæ, ахуыргæндтæ, министрадтæ æмæ ведомствæты разамонджытæ, сенатортæ, дзыллон информацийы фæрæзты сæргълæуджытæ.

Мадзалы кадджын уазджытæ уыдысты уæрæсейаг паддзахадон æмæ æхсæнадон архайæг Рамазан Абдулатипов, Федерацийы Советы сенатор Мамсыраты Таймураз, уæрæсейаг политик Быгъуылты Эрик, Федерацийы Советы наукæ, ахуырад, культурæ æмæ информацион комитеты сæргълæууæджы æххуысгæнæг Гæлæбаты Иринæ, ЮНЕСКО-йы хъуыддæгты Уæрæсейы Федерацийы Къамисы бæрнон нымæрдар Елена Галактионова, Уæрæсейы Мидхъуыддæгты министрады æдасдзинады департаменты сæргълæууæг Гаппуаты Алыксандр, Уæрæсейы Финансты министрады департаменты директоры хæдивæг Баситы Марат, сывæллæтты æхсæнадон змæлд «Фидæны дипломаттæ»-йы президент Валерий Егошкин, Уæрæсейы Федерацийы Президенты цур Дагестаны республикæйы æххæстбарджын минæвар Хаджимурат Кажлаев, 1164-æм скъолайы директор Михаил Клочихин, Уæрæсейы Транспорты министрады паддзахадон арæныл уадзæн пункттæ банывыл кæныны департаменты директор Кокайты Михал, Уæрæсейы Федерацийы Президенты цур Республикæ Хъырымы иудадзыг минæвар Георгий Мурадов, Уæрæсейы Журналистты цæдисы сæрдар Владимир Соловьев, Ази æмæ Африкæйы адæмтимæ æмгуыстады комитеты сæрдар Илья Умаханов æмæ æндæртæ.

Кинонывмæ бакæсыны фæстæ изæр амонæг, ахуыргонд æмæ æхсæнадон архайæг Дзугаты Лев ныхасы бар ратта уазджытæн.

Арфæйы ныхæстæ загътой киноныв саразджытæн Æппæтуæрæсеон паддзахадон телерадиокомпанийы регионалон департаменты разамонæг Рифат Сабитов, Мæскуыйы ирон æхсæнады сæрдар Абайты Алан, Владимир Соловьев æмæ мадзалы иннæ архайджытæ.

Кæронбæттæны кинонывы режиссер Хъуысаты Тимур загъта: «Байгом уын кæндзынæн иу сусæгдзинад, иумæйаг нын у Алыксандр Сергейы фыртимæ. Райдыдтам ма исын документалон телевизион программæты цикл, сæ автор уыдзæн йæхæдæг Дзасохы-фырт, сæргонд дæр сын ратта йæхæдæг – «Æнæрхъуыдыгонд историтæ».

РЦИ-Аланийы Мыхуыр æмæ
дзыллон коммуникациты комитеты пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here