Олимпиадæйы кæронбæттæн къæпхæн

0
50

Дзæуджыхъæуы кадджын уавæры байгом кодтой Уырыссаг литературæйæ æппæтуæрæсеон конкурсы кæронбæттæн къæпхæн. Цæгат Ирыстоны сæйраг горæты Фæсивæды галуанмæ æрбамбырд сты 400 ахуырдзауы Уæрæсейы 89 регионæй.

Олимпиадæйы кæронбæттæн къæпхæн райдыдта Цæгат Ирыстоны тыххæй видеороликæй, фæскадры хъуыстис «Удæгас классикæ»-йы конкурсы уæлахиздзау Реуазты Данæйы хъæлæс. Олимпиадæйы архайджытæм арфæйы, æгасцуайы ныхæстимæ фæсидт РЦИ-Аланийы Парламенты Сæрдар Тускъаты Таймураз. Уый фæсивæдæн загъта æнтыстджын уæвын æмæ зындзинæдты сæрты хизыны фæдыл арфæтæ.

Уый фæстæ регионты минæвæрттимæ базонгæ кодтой залы бадæг адæмы. Музыкæйы зæлтæм-иу сæ тырысатæ бæрзонд систой, алы республикæйы, субъекты тыххæй дæр-иу райхъуыст хъусынгæнинаг. Семæ уыдысты Донецкы æмæ Луганскы Адæмон республикæты ахуырдзаутæ дæр. Олимпиадæйы архайджытæ салам раттой жюрийы уæнгтæн, уыдон сты номдзыд филологтæ æмæ ахуыргæнджытæ.

РЦИ-Аланийы ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæ куыд радзырдта, афтæмæй сæрыстыр сты, алы регионы дæр ахæм курдиатджын, хорз фæсивæд кæй ис, уымæй. «Уæ алкæй чысыл фыдыбæстæ нæ, фæлæ уæ æнæхъæн Уæрæсе дæр йæ сæр бæрзæндты хæссы. Мах уыл æхсызгонæй æмбæлæм, ацы къуыри тагъд атæхдзæн. Æнæмæнг, цæмæйдæрты тыхсдзыстут, уе ‘нкъарæнтæ уын уæ зæрдæтæ иу ран нæ уадздзысты, фæлæ ардыгæй уæ хæдзæрттæм цæугæйæ уæ зонды уыдзæн ногæй Ирыстонмæ сыздæхыны фæндон. Мах не стырдæр нысантæ æххæст кæнын сымахыл æвæрæм», – загъта цæгатирыстойнаг министр.

Жюрийы сæрдары хæдивæг Татьянæ Кучина олимпиадæйы архайджытæн загъта: «Олимпиадæйы сæйрагдæр æууæлтæй иу у удæгас æмхицдзинад. Ацы къуыри махæн ахæм æмхицдзинад равдисыны фадат фæуыдзæн. Цы хæстæ рахæссæм уæ размæ, уыдон уын куы бантысынц, уæд мах дæр бацин кæнæм, кæд æмæ уыцы хæстæм куыдфæндыйы цæстæй акастыстут, уæд нын уый та хъыг вæййы. Уæлдай аргъ кæнæм арф æмæ зондджын куыстытæн. Ацы азы дыккаг туры сымахмæ æнхъæлмæ кæсы вазыгджын интеллектуалон куыст, раздæр уыцы фарстатыл ничи хъуыды кодта. Фæнды нæ сæрибар, æргом зондимæ адæмы куыстытæ райсын. Мæ зæрдæ уын зæгъы æнтыстытæ», – загъта жюрийы сæрдары хæдивæг.

Цæгат Ирыстонæй олимпиадæйы архайдзысты дыууæ ахуырдзауы: Полинæ Плохова 28-æм скъолайæ, София Хачатурянц 22-æм скъолайæ.

РЦИ-Аланийы Ахуырад æмæ наукæйы министрады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here