Æрæджиауы фæсмон

0
61

Ацы хабар æрцыд ивгъуыд æнусы æртынæм азты. Уæд ма адæмты ‘хсæн
ахастдзинæдтæ кæрæдзимæ хæстæгдæр уыдысты. Кæд гуырдзиаг меньшевиктæ ирæттæн бирæ мæстытæ бавзарын кодтой, уæддæр кæрæдзийæ хастой чызджытæ, кæнгæ æфсымæртæ кодтой…

Хуссар Иры Знауыры районы хъæутæ Нагутни, Пичъиджын, Балта, Метех, Лопан æмарæн уыдысты Сачхереты районы гуырдзиаг хъæутæ Дзирула, Чъала, Слет, Аргвет, Саване æмæ Къорбоулиимæ. Се ‘хсæн уыд æрмæстдæр хъæды тæлм. Ацы хъæуты дыууæрдыгæй дæр цардысты мæгуыр зæхкусæг адæм. Кæрæдзийæн сæ дуæрттæ кæддæриддæр уыдысты гом.

Нагутнийы хъæуæй иу лæппулæг Уалыты Мырзæ, зæгъгæ, хæххон хъæуты æлхæдта фос æмæ сæ Сачхереты базары фылдæр аргъыл уæй кодта. Цæгат Кавказ æмæ Фæскавказы цы къуым нæ басгæрста, ахæм нал баззад. Сыгъдæг дзырдта ирон, уырыссаг, гуырдзиаг æмæ тæтæйраг æвзæгтыл. Бирæ хæлæрттæ йын уыд Сачхереты районы, фæлæ йын дзы Серго Капанадзейæ ‘ввахсдæр æрдхорд нæ уыд. Базары куыст дæр иумæ кодтой.

Иухатт та дыууæ ‘рдхорды рацыдысты базарæй. Иу ран кæсынц, æмæ фæндаджы цæхгæр фæзилæны иу лæгæн голджытæй йедзаг, афтæмæй йæ уæрдоны цалх арф дзыхъхъы аирвæзт. Фыдæбон ыл кæны, фæлæ йын йæ сæппарынæн ницы амал ары. Йæ фæрсты адæм хизынц æмæ йе ‘рдæм кæсгæ дæр ничи кæны, алчи йæ хъуыддаджы фæдыл тындзы. Мырзæ уайтагъд йæ бæхæй æргæпп кодта, йæ уæлхъус февзæрд, фæлæбурдта уæрдонмæ æмæ йæ иу сриуыгъдæн йæ цæлхытыл авæрдта.

Уæрдоны хицау Амиран фырдисæй кæсгæйæ баззад Мырзæмæ æмæ, йе ‘муд куы ‘рцыд, уæд йæ къухтæ кæрæдзийыл ныццавта, уый уæйыг куы дæ, уæд дæ, мæ амондæн, цы Хуыцау æрбахаста, зæгъгæ, йын ныхъхъæбыс кодта.

— Мæ уд дæ нывонд, чи дæ, кæцы хъæуæй дæ?

— Æз Нагутнийы хъæуæй дæн, ирон лæппу, мæнæ уый та мæ гуырдзиаг æрдхорд Серго, ам уæ базары арæх вæййæм…

— О, дæ цæрæнбон бирæ уа, — йæ цæсгом ныррухс зæронд лæгæн, — ирæттæ хъæбатыр адæм сты, мæнæн дзы бирæ хæлæрттæ ис. Мæ зæрдæмæ афтæ тынг фæцыдтæ, æмæ абонæй фæстæмæ уыдзынæ мæ кæнгæ фырт. Иунæг чызг мын ис, æмæ уымæн та кæнгæ æфсымæр уыдзынæ. Мæ хæдзары дуæрттæ уын кæддæриддæр уыдзысты гом. Ахæм дард фæндагыл абон æз сымах нал ауадздзынæн. Æз ардæм хæстæг цæрын. Табуафси, саккаг нæм кæнут.

— Ахæм диссагæй ницы сарæзтон, фæлæ дæ кæд афтæ фæнды, уæд разы дæн, — фефсæрмы Мырзæ. — Мæ бон цæмæй уа, уымæй уын фырты лæггад кæндзынæн.

Уыцы бонæй фæстæмæ Мырзæ арæх бæрæг кодта йæ ног зонгæты, хæдзары куыстыты дæр-иу сын аххуыс кодта. Йæ кæнгæ хомæ дæр æнæ лæвар никуы цыд. Хаттæй-хатт-иу йемæ фæуазæг Серго дæр. Ахæм рæстæджы-иу бинонтыл хур ракаст, сæ къуымты бæркадæй-иу фæстæ ницыуал ныууагътой. Фæлæ куыд фæстагмæ Серго æрæнкъард. Йæ зæрдæйы ныххаудта Амираны чызг Кетинойы сурæт.

Æрыгон чызгæн йæ цæсгомæй хуртæ æмæ мæйтæ каст, йæ ныййарджытау уыд хæларзæрдæ, лæггадгæнаг. Скъола уыцы аз фæцис каст æмæ йæхи цæттæ кодта Калачы уæлдæр ахуыргæнæндонмæ. Сæ иунæг чызгæн авгау æрхауынæй тарстысты мад æмæ фыд, алцæмæй дæр æй хъахъхъæдтой, фæлæ ацы лæппутыл æууæндыдысты, хионы зæрдæ сæм дардтой. Серго зыдта, чызгмæ мой кæныны фæнд кæй нæма ис, уымæ гæсгæ, йе ‘нкъарæнтæ раргом кæнын нæ уæндыд æмæ уарзондзинады арты сыгъд. Фæстагмæ йын чызг дæр фæхатыд йæ уавæр æмæ йæм хæстæг нал лæууыд, йæхи дзы хызта.

Мырзæ дæр йе ‘рдхорды уавæр куыд не ‘мбæрста, фæлæ йæ ской кæнын дæр нæ уагъта. Цалдæр хатты йын куы бакой кодта, уæд та мын скъæфынмæ баххуыс кæн, зæгъгæ, уæд-ын иу цæхгæр загъта:

— Серго, кæд ды мæнæн ме ‘рдхорд дæ, уæд Кетино та мæ кæнгæ хо у, ныййарæ-джы лæггад мын кæнынц, æмæ æз афтæ никуы бакæндзынæн.

Иухатт та Мырзæ дыууæ боны баззад Амирантæм, сæ уалдзыгон куыстыты сын аххуыс кодта. Гъа, ныр райсом здæхдзæн, афтæ йын лæг бакой кодта:

— Дæ рын бахæрон, Мырзæ, ацы чызг дыууæ мæйы фæстæ ахуырмæ цæудзæн, æмæ йæ тынг фæнды йæхи аирхæфсын, æмæ мæ хъæбулы фæндоныл мæнæн дыууæ зæгъын мæ бон нæу, стæй йын уый фæстæ фадат нал уыдзæн. Зæгъын, иу къуыри йæ уæхимæ куы акæнис, фена ирон адæмы, дæ ныййарджытæ, дæ сывæллæттимæ дын базонгæ уа. Мæ хъæбулæй дæ нæ хицæн кæнын æмæ дыл афтæ тынг дæр уымæн æууæндын.

Мырзæ, кæй зæгъын æй хъæуы, разыйы дзуапп ратта Амиранæн, æмæ сæхи цæттæ кæнын райдыдтой фæндагмæ. Сæ цæуыны хæдразмæ фæзынд Серго дæр æмæ, уый куы базыдта, Мырзæ чызджы сæ хæдзармæ кæны, уæд бынтондæр йе ‘нцойад фехæлд.

— Мырзæ, мæ хæлар, мæнæн æнæ уыцы чызг цард нæй, уарзын æй, æмæ мын баххуыс кæн. Райсом уæ размæ бабаддзынæн, æмæ мын æй ратт…

Мырзæйæн фырмæстæй йæ цæстытæ цæхæр акалдтой, йæ цæсгом афæлурс:

– Серго, гормон, уыцы ныхас мæнмæ куыд æрбауæндыдтæ?! Æз ацы бинонтыл мæнгардæй куыд хъуамæ рацæуон, ирон лæг нал дæн, æви? Афтæ ма куы уаид, æмæ дæ чызг уарзы, æмæ йæ йæ бинонтæ нæ дæттынц, уæд ма ахъуыды кодтаин, фæлæ…

– Бауырнæд дæ, Мырзæ, чызджы зæрдæмæ цæуын, фæлæ йæ æргом нæ дзуры. Курын дæ, æмæ мын баххуыс кæн йæ аскъæфынæн…

Бирæ фæлæгъстæ кодта Серго Мырзæйæн, фæлæ уый ком нæ лæвæрдта.

Нал зоны Серго, цы ма бакæна. Чызджы Мырзæ Ирыстонмæ куы акæна, уæд йæ къухтæй ирвæзы. Уым, мыййаг, ирон лæппуйы куы бауарза. Загъта Мырзæйæн Серго, æнæ уыцы чызг йæ цард кæй нæ уыны, уый.

Æхсæв-бонмæ æнæхуыссæг фæци Мырзæ, цы бакæна, уый нал зоны. Йæ бинонтæ йæ ууыл бафæдзæхстой, æмæ йе ‘ууæнк куыд бахæра?! Иннæмæй та йæ зыдта, Серго йæ ныхас кæй сæххæст кæндзæн. Тæвдтуг у…

Бирæ фæхъуыды кодта Мырзæ æмæ йæм æрцыд, цæрæнбонтæм фæсмойнаг кæмæй фæци, ахæм фæнд: чызджы Сергойæн раттын.

«Чызг нырма æрыгон у, не ‘мбары цард. Цæрæг хæдзар, сæрæн лæппу, уæдæ ма цы вæййы. Кæд æй бауарзид уый дæр», – хъуыдытæ кодта Мырзæ.

Райсомæй Сергойæн йæ фæндон куы бамбарын кодта, уæд ыл уый фырцинæй ныттыхст.

— Зонгæ йæ кæн, — фæдзæхста Мырзæ, — чызджы дæхиуыл æрæууæндын кæн, æнæхъуаджы йæ ма бафхæр. Хъæдвæндагыл фыццагдæр цы æрдузмæ бахæццæ уай, уым мæм фæсвæндаг æнхъæлмæ кæсдзынæ, стæй уæд бæрæг уыдзæн.

Мырзæ йæ бæх срæвдз кодта, чызг йæ фæсарц бабадт, æмæ рацыдысты. Кетино цинæй мард. Сæ хъæуæй дарддæр никуы уыд æмæ ныр ирæттæм цæуы уазæгуаты. Базонгæ уыдзæн йе ‘фсымæры бинонтимæ. Бæлццæттæ хъæдвæндагыл иу гыццыл куы бауадысты, уæд Мырзæ ныхситт кодта. Хæстæг ранæй æхситт куы айхъуыста, уæд Кетинойæн афтæ зæгъы:

– Ам хæстæг мæ зонгæ хъæдгæс ис, ды уал ам фæлæуу, ныхасаг мæ ис йемæ, ныртæккæ фездæхдзынæн, – чызджы зæхмæ æрæргъæвта, йæхæдæг хъæды фæаууон.

Æваст чызджы уæлхъус алæууыд Серго. Уый йæ куы ауыдта, уæд ма йын хъуыддаг цы бамбарын хъуыд. Йæ сæрыхъуынтæм фæлæбурдта æмæ ныцъцъæхахст кодта.

– Кетино, мæ хур, дæхи мауал хæр. Хуыцау нæ кæрæдзийæн снывонд кодта, мæнæн æнæ дæу цард нæй, — хæстæг æм бацыд лæппу. Фæлæ сæ ныхас кæрæдзиуыл нæ бадт, хъуыст дзы хъæлæба… Чызг йæ фæндон нæ ивта, фæлтау мæлæт æвзæрста.

Иуафон сæ хъустыл ауад кæйдæр хъæлæба. Æвæццæгæн сæ чидæр уынæг фæцис æмæ хъæумæ фæфæдис. Лæппу феррайау. Бамбæрста, бынтондæр ын дзы кæй ницыуал рауайдзæн. Ау, йæ фыдæбон æнæхъуаджы фæцис, æмæ ма ахæстоны хай дæр бауыдзæн! Туг сæрмæ ныццавта, зонд аталынг. Фелвæста хъама æмæ йæ чызджы риуы ныссагъта. Чызг бадзойдзой кодта, æмæ йæ зæнгтæ йæ быны фæдыдагъ сты.

– Мæ тæригъæд дæр – дæу æмæ дæхи тæригъæд дæр – дæхи! – знæтæй сдзырдта Серго æмæ йæ бæхыл абадт.

Фæдисонтæ чызджы йæ туджы мæцгæ баййæфтой. Бæргæ ма йæм дзырдтой, фæлæ ницыуал фехъуыста. Æнустæм æрæхгæдта йæ рæсугъд сау цæстытæ. Æнамонд чызг сынтыл хæссинаг фæцис.

Адæмыл ахæлиу сты алыхуызон ныхæстæ. Чи дзырдта, Мырзæ Капана-дзетæн стыр æхцатыл ауæй кодта йæ кæнгæ хойы, чи та йæ раст кодта, – нæ сæ уырныдта ахæм хъуыддаг. Фæлæ фылдæр дис кодтой чызджы ныййарджытыл. Афтæ зæрдæхæлар æмæ æууæндаг куыд хъуамæ уай æмæ дæ чындздзон чызджы æнæзонгæ ранмæ æцæгæлон лæппуимæ арвитай.

Уыцы рæстæджы милицæ та алы рæтты агуырдтой фыдгæнджыты. Серго Жалабеты Джусойтæм кæй æмбæхсы, уый тыххæй базыдтой. Ехсытæй нæмгæ йæ ракодтой æмæ йæ Калачы ахæстонмæ арвыстой.

Мырзæ йæхи Дагъистанмæ айста. Йæ комкоммæ азым ын кæй не сбæрæг кодтой, уый тыххæй ахæстонæй аирвæзт, фæлæ йæ æнаххос чызджы тæригъæд баййæфта. Йæ бинонтæ цардхъуагæй се ‘цæг дунемæ ацыдысты. Мырзæ ацы мæстыты фæстæ тынг фæцудыдта, йæ царды фæстаг бонтæм сæрныллæг æмæ æгадæй фæцард æмæ кæйдæр зæххыл амард, йæ мард ын æрласæг дæр нал фæци.

Кетинойы ныййарджытыл дæр сæ иунæг хъæбулы фæстæ хур нал ракаст. Куыд дзурынц, афтæмæй Амиран йæ зондæй дæр фæиртæст, афтæмæй сæ царды фæстаг бонтæм судзгæ ‘лгъыст кодтой сæ хъæбулы марджыты. Йæ фæстæ афæдзмæ кæрæдзийы фæдыл зæрдæхæлдæй аивгъуыдтой се ‘цæг дунемæ.

ДЖУСОЙТЫ Нинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here