Хæсы бæрц фæкъаддæр кæнынæн

0
68

Цæгат Ирыстоны районты бамбырдуæвæг хъалонты хæсы бæрц фæкъаддæр кæныныл ныхас уыд, республикæйы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис цы æмбырд сарæзта, уым. Архайдтой дзы æххæстгæнæг хицаудзинады оргæнты æмæ Хъалонты федералон службæйы цæгатирыстойнаг управленийы разамонджытæ, стæй фидауынгæнæг тæрхонгæнджытæ æмæ муниципалон иугæндты сæргълæуджытæ.

Амынд управленийы разамонæджы хæдивæг Кæсæбиты Сергейы ныхасмæ гæсгæ, ацы азы фыццаг квартæлы республикæйы  бюджетмæ бафтыд 9 миллиард сомы, ома, фароны уыцы рæстæгимæ абаргæйæ, 314 милуан сомы фылдæр. Афæдзы бæрæггæнæнтæм гæсгæ иумæйаг хъалонтимæ баст æппæт фидаргонд бардзырдтæ кæд æххæстгонд æрцыдысты, уæддæр иуæй-иу фарстатæ æнæлыггондæй баззадысты. Ныхас цыд зæххы хæйтты  хаццоны фиддонтæй бамбырдуæвæг хæсы бæрц фæкъаддæр кæныныл дæр.

– Хорзырдæм ивддзинæдтæ æрцыд, фæлæ иуæй-иу къабæзты куыст фæрæвдз кæнын хъæуы. Алы районы дæр цы муниципалон къамистæ архайы, уыдоны куыстмæ уын уе ’ргом здахын. Къамисты куыст хъуамæ уа ахадгæ. Уымæй уæлдай, æппæт инвестицион проекттимæ баст хæслæвæрдтæ иууылдæр æххæстгæнинаг сты. Ацы куыстæй бюджетмæ æфтæг фæрæзты бæрц аразгæ кæй у, уымæ гæсгæ хъуыддагмæ иудадзыг цæст дарын хъæуы. Республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло ратта æмбæлгæ бардзырдтæ, – загъта премьер-министр.

Паддзахадон исбоны æмæ Финансты минист-радтæн, районты сæргълæуджытæн, стæй Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг æмæ Хицауады администрацийы барадон управленийæн бафæдзæхста хæсы бæрц бахынцын æмæ йæ бадомыны фæдыл бæлвырд фæндæттæ бавдисын.

Уымæй уæлдай, Хицауады Сæрдар районты администрацитæн бахæс кодта фæкъуыввитт, уыцы куыстуæтты тыххæй хабæрттæ афоныл хъусын кæнын. Уыимæ, хъалонтæ æмæ фиддонты хæсы бæрц цæмæй фæкъаддæр уа, уый тыххæй хъалонты оргæнтимæ æмгуыстад фæпарахат кæнын хъæуы.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-слжбæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here