Сæрыстыр дзы у Ирыстон!

0
51

Дыгуры районы сæргълæууæг ЦАГЪАТЫ Сослан ссис Æппæтуæрæсеон III муниципалон преми «Хи нывонд»-ы («Служение») номинаци «Лæгдзинад æмæ хъайтардзинад Райгуырæн бæстæйы  сæраппонд»-ы («Мужество и героизм на благо служения Родине») лауреат.

Уæлдай æхсызгондæр та район æмæ республикæйы цæрджытæн у, хæрзиуæг ын Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путин кæй ратта, уый.

Не ‘мзæххон ахæм стыр кады аккаг сисс æрмæст йæ хъæбатырдзинады тыххæй нæ, фæлæ, цы ахсджиаг хъуыддаджы сæргъы лæууы, уымæ бæрнон ахастдзинады, бахъуаджы сахат сæвзæргæ цæлхдуртæ æвæстиатæй нывыл аиуварс кæныны тыххæй. Цагъаты Сосланы хуызæн хъуыддаджы лæгтæ сты адæмæн æмæ нæ бæстæйæн лæггад кæныны æцæг æвдисæнтæ, æмæ дзы сæрыстыр у Ирыстон!

Бæрзонд хæрзиуæджы фæдыл Дыгуры районы сæргълæууæгæн зæрдиаг арфæ ракодта нæ республикæйы разамонæг Сергей Меняйло.

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here