Дзæуджыхъæуы Методикон центры хъæппæрисæй 48-æм астæуккаг скъолайы уыд ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджыты семинар.
Архайдтой дзы центры методист Æгъуызарты Иветæ, сылгоймæгты комитеты минæвæрттæ Мысыкаты Беллæ, Коцойты Зинаидæ æмæ Сохиты Оксанæ, ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæ Дзæуджыхъæуы скъолатæй.
Семинармæ рахастæуыд фæсурокты архайды фæрцы мадæлон æвзаг ахуыр кæнынмæ цымыдисдзинад æвзæрын кæнынимæ баст ахсджиаг фарстытæ:
- ахуырдзаутæн æхсæнады цæрынæн хъæугæ социалон фæлтæрддзинад æмæ, æхсæнады цы хæзнаты къæбиц ис, уыдон сæххæст кæнынæн фадæттæ саразын;
- граждайнаг бæрнондзинад æмæ хиæмбарынадæн ног уавæрты цæрынмæ цæттæ кæнын;
- мадæлон æвзаг бахъахъхъæнынæн æмæ рæзынæн алыхуызон мадзæлттæ аразын.
Семинар байгом кодта Дзæуджыхъæуы 48-æм астæуккаг скъолайы методикон иугонды сæргълæууæг Беккуызарты Фатимæ. Фæлтæрдджын ахуыргæнæг раарфæ кодта
æрбацæуæг адæмæн. Дарддæр радзырдта фæсурокты куысты хуызтыл, рæгъмæ рахаста, фылдæр æмæ ахадгæдæр цæмæй пайда кæнынц, уыдæттæ.
Фатимæ бæстон æрдзырдта, ацы куыст ирон аив дзырды райрæзтæн цы æххуыс у, ууыл. Скъолайы театралон къорд «Сæуæхсид»-ы фæзындыл рауад лæмбынæг ныхас. Къорд куыд кусы, йæхиуыл куыд архайы, æмæ цавæр æнтыстытæ бафтыд сæ къухы, уыдæттыл дзырдта Беккуызарты Фатимæ.
Практикон æгъдауæй ахуыргæнджытæн стыр ахъаз фæци 48-æм скъолайы ахуыргæнджыты арæхстдзинад равдисыны хъуыддаг. Куыдзойты Джульеттæ æмæ Дзебысаты Ларисæ раргом кодтой, æрвылбон дæр цы фæсурокты куысты хуызтæй пайда кæнынц, уый.
Бузныг, скъоладзауты бынæтты чи бадт, уыцы ахуыргæнджытæн. Уыдон сæрæнæй архайдтой пантомимæйы, самадтой зонындзинæдты мæсыг, абалц кодтой Морфологийы бæстæмæ, раргом кодтой аив дзырды гæнæнтæ.
Фæсурокты архайд рæзын кæны ахуырдзаутæм уарзондзинад ирон æвзагмæ, тырнындзинад сфæлдыстадон гæнæнтæм, бæрзонддæр æмæ арфдæр кæны сывæллæтты зонындзинæдтæ мадæлон æвзаг æмæ литературæмæ, адæмон сфæлдыстад æмæ историмæ, ирон æгъдæуттæ æмæ культурæмæ.
Кæронбæттæны не ‘рыгон актертæ рацыдысты сценæмæ æмæ уазджыты зæрдæтæ балхæдтой сæ курдиатджын архайдæй. Рахастой кæсджыты размæ Темыраты Дауыты пьесæ «Тæрхон», сæ зæрдæтæ сын барухс кодтой сæ зард æмæ кафтæй.
Дзæуджыхъæуы 48-æм астæуккаг скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæ














