Уæрæсейы Культурæйы министрад кæй аразы, бæстæйы адæмты национ музыкæйы уыцы фестиваль «Нацийы хæзна»-йы фæткмæ гæсгæ Цæгат Ирыстоны Гæздæнты Булаты номыл адæмон инструментты национ паддзахадон оркестр æмæ Алагиры сывæллæтты аивæдты скъола Алагиры районы Культурæйы галуаны равдыстой иумæйаг концерт.
Концерт фенынмæ æрбацæуæг аивадуарзджытæ мидисджын музыкалон бæрæгбонæй разыйæ баззадысты.
– Зындгонд композитор Махъоты Ацæмæз разамынд кæмæн дæтты, фарон не ’взонг пианисттæ Цæгат Ирыстоны паддзахадон филармонийы ахæм симфонион оркестримæ иумæйаг концерты æнтыстджынæй кæй архайдтой, уый нымайгæйæ, ацы хатт Гæздæнты Булаты номыл паддзахадон оркестримæ иумæ концерт равдисыны фæнд скодтам. Ацы оркестры разамонæг Куымæриттаты Тенгиз æмгуыстады тыххæй нæ фæндоныл кæй сразы, уый нын æхсызгон у. Адæмон инструментты оркестры уæнгтимæ иумæ репетицитæ чи кодта, не скъолайы уыцы ахуырдзаутæм бирæ ног зонындзинæдтæ фæзынд, фæсивæд концертон архайды лыстæг фæзилæнтæ рахатыдысты, – зæгъы амынд ахуыргæнæндоны директор Икъаты Элизæ.
Концерт фенынмæ æрбацæуæг адæм æвзонг фæндырдзæгъдджытæ Реуазты Агуындæ, Бутаты Аминæ, Ногъайты Георги, Чихтисты Кристинæ æмæ иннæты æвзыгъд архайдæй райгонд уыдысты. Хъайтыхъты Зæлинæ кæй амыдта, Алагиры сывæллæтты аивæдты скъола кастфæуæвæг лæппутæ æмæ чызджытæ радыгай галуаны сценæмæ уыцы концерты архайынмæ цыдысты. Цæгат Ирыстоны педагогон колледжы студенткæ, ахуыргæнæндоны зарæггæнджыты къорд «Æлутон»-ы уæнг Уазиты Дзерассæ зæрдæмæхъаргæ уагæй акодта зарæг «Зæли».
Фæндырдзæгъдджыты фыццаг телевизион конкурс «Фæндырмæ»-йы уæлахиздзау, нæ республикæйы медицинон академийы студент Бицъоты Георги йæ дæсны фæндырдзагъдæй йе ’мкурсонтæ æмæ ахуыргæнджыты зæрдæтæ арæх барухс кæны. Ацы хатт, концерты архайгæйæ, Георги ацагъта адæмон мелоди «Чындзхаст».
Республикæйы культурæйы колледж кастфæуæвæг, бирæ дунеон конкурсты уæлахиздзау Хъæцмæзты Сæрмæт ахуыр кæны Мæскуыйы нырыккон аивады институты зæлон режиссурæйы хайады, фæлæ цыфæндыйæ дæр рæстæг ссардта Алагирмæ ‘рбацæуын æмæ аивæдты хи скъолайæн баххуыс кæнынæн. Сæрмæты цагъдæй азæлыд «Ирон кафты музыкæ».
Фиппаинаг: Гæздæнты Булаты номыл адæмон инструментты оркестры ныр бирæ азты дæргъы кусынц Алагиры сывæллæтты аивæдты скъола кастфæуæвджытæ Толпарты Маринæ æмæ Боциты Бэлæ.
Æвзонг кафджытæ Бокоты Вероникæ æмæ Джамаль Сальников дæсны уагæй акодтой «Хонгæ» кафт, фæндырæй та сын цагъта амынд скъолайы ахуыргæнæг Хъулаты Маринæ. Национ преми «Нарты фæткъуы»-йы лауреат Илаты Тимур аивæй кæй акодта, Культурæйы галуанмæ ‘рбацæуæг адæм уыцы зарæг «Изæр хуымты»-йæ райгонд уыдысты.
Алагиры сывæллæтты аивæдты скъолайы адæмон инструментты хайады разамонæг Созæты Маринæ йæ дæсны фæндырдзагъдæй концертмæ æрбацæуæг адæмы зæрдæтæ барухс кодта. Бирæ азты дæргъы аивæдты скъолайы кусгæйæ, Маринæ курдиатджын фæндырдзæгъдджыты цалдæр фæлтæры схъомыл кодта. Скъолайы раздæры ахуырдзаутæ сæ ахуыргæнджытимæ иумæ концерты æнтыстджынæй архайдтой.
– Гæздæнты Булат зæрдиагæй æххуыс кодта курдиатджын фæсивæдæн, æвзонг фæндырдзæгъдджытæн фæдзæхста сæ дæсныдзинады къæпхæн уæлдæр кæнын. Булаты аивадон хæзнатæ хъахъхъæныныл архайæм, музыкалон скъолатимæ æмгуыст кæнæм. Абоны концерты фæрцы æвзонг алагираг фæндырдзæгъдджытæм аивадон фæлтæрддзинад фæзынд. Уæвæн ис, æмæ ацы фæсивæдæй иуæй-иутæ фидæны суыдзысты профессион музыканттæ. Сфæлдыстадон уагæй курдиатджын фæсивæд нымад сты нæ бæстæйы хæзнайыл, – зæгъы Гæздæнты Булаты номыл адæмон инструментты национ паддзахадон оркестры аивадон разамонæг æмæ дирижер Куымæриттаты Тенгиз.
Бокоты Зæлинæ














