Уыд æнæзакъон хиамалхъомад æххæст кæныны ныхмæ Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы ведомствæты ‘хсæн къамисы æмбырд. Амыдта йæ Хицауады Сæрдар ДЗАНАЙТЫ Барис.
Æмбырды архайджытæ бахыгътой ивгъуыд азы къамисы куысты бæрæггæнæнтæ æмæ сбæлвырд кодтой ацы азы пълантæ. Куыд рабæрæг, афтæмæй æнæзакъон архайды ныхмæ мадзæлттæ æххæст кæныны фæрцы ивгъуыд аз раргом, фæллойадон бадзырдтæ фидаргонд кæимæ не ‘рцыд, 11 мин ахæм кусæгæй фылдæр. Уыдонæй ныридæгæн 10,5 мин адæймаджы сарæзтой фæллойадон ахастытæ æмæ закъонмæ гæсгæ нымад æрцыдысты – чи хиамалхъомыл, чи – зæхкусæг-фермерон хæдзарад æмæ хиамалхъомадон архайды æндæр хуызтыл. Ацы бæрæггæнæнтæ фехъусын кодта Адæмæн куыстдæттыны комитеты сæрдары хæдивæг Анжела Эммануилиди. Хуыздæр бæрæггæнæнтæ равдыстой Æрыдон æмæ Дыгуры районтæ, стæй Дзæуджыхъæу. Куыд загъта, афтæмæй Комитетмæ фæхæццæ æнæзакъонæй кусæг 3 452 адæймаджы тыххæй хъусынгæнинаг. Уыдонæй 2 900 адæймаджы ныридæгæн сæ фæллойадон ахастытæ сфидар кодтой. Дзанайы-фырт куыд бафиппайдта, афтæмæй ацы куыст хъæуы адарддæр кæнын æмæ уавæр фæхуыздæр кæныны тыххæй æппæт мадзæлттæй дæр архайын.
– Куысты базарады уавæр кæны нывылдæр, фæлæ ма ис æнæлыггонд фарстатæ дæр. Æмæ сæ алыг кæныны хæс нæ размæ æвæры республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло, – бафиппайдта Дзанайты Барис.
РЦИ-Аланийы Адæмæн куыстдæттыны комитет, бынæттон хиуынаффæйады администрацитæ æмæ районты къамистæн Хицауады Сæрдар бабар кодта куысты пъланмæ гæсгæ, æппæт мадзæлттæй спайда кæнгæйæ, хъæугæ бæрæггæнæнтæ къухы куыд бафтой, ууыл бацархайын. Уымæй уæлдай, бауынаффæ кодта куыстдæтджытæ æмæ кусджытимæ информацион-æмбарынгæнæн куыст фæахадгæдæр кæнын.
Сæрмагонд æргом здæхт æрцыд фæсивæдæн куыст дæттыны фарстамæ. Дзанайты Барисы ныхасмæ гæсгæ, абитуриенттæ хъуамæ æмбарой, республикæ абон хъуаг тынгдæр цавæр кусджытæй æййафы, уый. Уавæрыл дзуапдæттæг адæм хъуамæ зоной, цас æмæ цавæр дæсныйæдтæ уадзынц нæ ахуыргæнæндæттæ, стæй сын куыст уыдзæн æви нæ, æппæт уыдæттæ. Ацы хъуыддаджы ахуыргæнæндæттæ, куыстдæттыны службæтæ, куыстдæтджытæ, бизнес-æмæхсæнад хъуамæ кæной æмархайд. Республикæйæн хъæуы цæттæ кæнын, хъуаг цы специалисттæй æййафы, ахæмтæ.
Æмбырды ныхас цыд сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ æмæ сæ бинонтæн куыст дæттыны фарстамæ фылдæр æргом здахыныл. Афтæ, ивгъуыд аз, хигуыст кæнын цæмæй райдайой, уымæн баххуыс кодтой 11 адæймагæн, раттой сын фæйнæ 500 мин сомы. Æххуыс сын кæнынц ног дæсныйад райсын æмæ куыст ссарынæй.
Уымæй уæлдай, ацы аз арæзт æрцæудзæн рæстæгмæйы куысты бынæттæ 1,5 мин 14-18-аздзыд æнахъомæн. Куысты мидæг сæм фæлтæрддзинад цæмæй фæзына, уыцы нысанимæ стажировкæ ацæудзысты профессионалон ахуыргæнæндæтты 50 рауагъдоны.
Туризмы, хуыйджыты дæсныйады, бухгалтери æмæ логистикæйы къабæзты æгуыст адæймæгтæ дæсныйад цæмæй райсой, уый тыххæй республикон бюджетæй дихгонд æрцæудзæн фæрæзтæ.
ДЕДЕГКАТЫ Зæлинæ














