Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы кадджын адæм!
Зынаргъ ветерантæ æмæ фæсчъылдымы фæллойгæнджытæ!
Уæрæсейæн æппæтæй табуйагдæр бæрæгбон – Цытджын Уæлахизы боны – фæдыл уын зæрдиаг арфæ кæнын!
81 азы размæ – 1945 азы 9 Майы – тызмæг æмæ фыдзонд знаг фашизм ныддæрæн кæнгæйæ, бирæнацион советон адæм стыр сгуыхтдзинад равдыстой. Советон Цæдис ныффалгæрон кæныны фæнд скæнгæйæ, тугкалæн хæст бандзарæг гитлерон Герман кæронбæттæн уагæй дæрæнгонд æрцыд. Уый уыд, хуымæтæджы Уæлахиз нæ, фæлæ рухс æмæ хæлардзинады уæлахиз æгæрон знæтдзинадыл.
Дæсгай азтæ ацæуынц, фæлтæртæ кæрæдзийы ивынц, фæлæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты тызмæг заман, хи цардыл нæ ауæрдгæйæ æмæ стыр зындзинæдтæн бафæразгæйæ, Райгуырæн бæстæйы сæрибардзинад æмæ хæдбардзинад чи бахъахъхъæдта, уыдоны нæмттæ рох не сты. Хъæбатырдзинад, удуæлдайдзинад, æнæсæтгæ фæразондзинад æмæ Фыдыбæстæмæ уарзондзинад чи равдыста, уыцы дадатæ æмæ нанатæй сæрыстыр стæм. Ахæм хъæбатыртæ алы бинонтæм дæр ис.
Цæгатирыстойнæгтæ алы хатт дæр Уæлахизы бон разæнгардæй бæрæг кæнынц. Нæ республикæйæ рацæуæг 95 мин адæймагæй фылдæр Фыдыбæстæйы Стыр хæсты фронтты хъæбатырæй хæцыдысты. Ацы адæмæн се ’мбис хæсты быдырæй нал æрбаздæхт. Не ’мзæххонтæй 79 адæймаджы систы Советон Цæдисы Хъæбатыртæ, 12 – Намысы ордены æххæст кавалертæ, 41 та – хæстон инæлæрттæ æмæ адмиралтæ.
Цæхгæр фæзилæн 1942 аз не ’фсæддонтæ Цæгат Ирыстоны сæйраг горæтмæ ’ввахс ран Кавказыл хæсты заман знагыл фæуæлахиз сты. 2007 азæй фæстæмæ Дзæуджыхъæу хæссы Хæстон намысы горæты кадджын ном.
Ныртæккæ удæгас чи у, хæсты уыцы архайджытæн, стæй, фæсчъылдымы фæллой кæнгæйæ, Уæлахизæн чи ахъаз кодта, уыцы адæмæн – стыр бузныг. Уæ фæразондзинад æмæ Райгуырæн бæстæмæ уарзондзинад махæн не ’ппæтæн дæр нымад сты сæйраг удварнон фæндагамонджытыл.
Абон не ’мзæххонтæ – уæлахиздзауты хъæбулты хъæбултæ – Фыдыбæстæйы интерестæ ныфсхастæй хъахъхъæнынц сæрмагонд æфсæддон операцийы тæлмы. Нæ ныхмæлæуджытæ ногæй Уæрæсе йæ зонгуытыл æрлæууын кæныныл бафтауын фæлварынц, нæ цытджын ивгъуыд цард нын зыгъуыммæ равдисыныл, историон бынтæ та сæгад кæныныл архайынц. Нæ фыдæлты хæстон тырысайыл æнувыддзинад æмæ æмзæрдæдзинады фæрцы цыфæнды зын фæлварæнтæн кæй бафæраздзыстæм, уый мæ уырны.
Зынаргъ æмзæххонтæ! Цытджын Уæлахизы боны хорзæх уæ уæд! Мæ зæрдæ уын зæгъы сабырдзинад, æнæниздзинад, ныфсхастдзинад æмæ амонд, Цæгат Ирыстон æмæ æппæт Уæрæсе куыд рæзой, афтæ!
Сергей МЕНЯЙЛО,
Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæг
* * *
Зынаргъ ветерантæ!
Республикæйы кадджын адæм!
Нæ бæстæйы бирæнацион адæмы хъæбатыр азфысты æмæ Райгуырæн бæстæ хъахъхъæнджыты æппæт фæлтæрты удварнон бастдзинады æвдисæндар чи ссис, 1945 азы 9 Май у ахæм табуйаг бон.
Æппæтæй æгъатырдæр æмæ тугкалæндæр хæсты цаутæ историмæ дардæй-дарддæр кæд цæуынц, уæддæр дзыллæтæ ацы ахадгæ бонæн цавæр аргъ бафыстой, уый æдзух нæ зæрдыл дардзыстæм. Карз хæстыты чи архайдта, фæсчъылдымы чи фæллой кодта æмæ, бæстæимæ æмудæй цæргæйæ, Уæлахиз чи æввахс кодта, æппæт уыцы адæмæн кад кæнæм. Ацы сгуыхтдзинад нæ никуы ферох уыдзæн.
81 азы размæ Уæлахизы цин нæ республикæйы алы хæдзарыл дæр аххæссыд. Ирыстонæй рацæуæг нæуæдз мин адæймагæй фылдæр Фыдыбæстæйы Стыр хæсты фронтты хæцыдысты. Ацы адæмæн се ’мбис сæ фыдыуæзæгыл нал сæмбæлд. Салдатæй инæлары онг не ’мзæххонтæ, сæхицæн æмæ сæ чысыл Райгуырæн бæстæйæн æнусон кад кæнгæйæ, хъæбатырдзинад æмæ патриотизмы арфæйаг миниуджытæ æвдыстой.
Ацы бон уæлдай зæрдиагдæрæй арфæ кæнын нæ зынаргъ ветерантæн. Биноныг кæй хъахъхъæнæм, уæ алы хабар æмæ алы мидбылхудт дæр нымайæм ахæм æвæджиауы удæгас цауыл. Сывæллæтты хъомыл кæнын, нæ фидæн ныфсхастæй аразын æмæ республикæйы райрæзтæн ахъаз кæныны фадат нын кæй ис, уый тыххæй уын сæрæй ныллæг кувæм.
Дуне фашизмæй чи аирвæзын кодта, уыцы уæлахиздзауты фæлтæры кæстæртæ ныр сæ фыдæлты бынтæ хъахъхъæнынц. Сæрмагонд æфсæддон операцийы тæлмы уæвгæйæ æмæ рæстдзинады сæраппонд тох кæнгæйæ, не ’фсæддонтæ бæстæйы сæрибардзинад хъæбатырæй хъахъхъæнынц.
Ивгъуыд заман æмæ ныры дуджы хъæбатырты æхсар æмæ Райгуырæн бæстæйыл æнувыддзинад ног фæлтæртæн фæзминаг сты.
Зынаргъ æмзæххонтæ! Цытджын Уæлахизы боны хорзæх уæ уæд! Майы ацы райдзаст бон уын мæ зæрдæ зæгъы амонд, сабырдзинад æмæ фæрныгад!
ТУСКЪАТЫ Таймураз,
Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Парламенты Сæрдар














