Сергей МЕНЯЙЛО дзы сæрдариуæг кодта, афтæмæй уыд Цæгат Ирыстоны Оперативон штабы æмбырд. Цы уынаффæ рахастой, уымæ гæсгæ «Æнæмæлгæ полкъ» ацы аз нæ республикæйы ацæудзæн комкоммæ уагæй. Дзæуджыхъæуы Уæлахизы парад райдайдзæн 11.00 сахатыл Сæрибары фæзы. Йæ кæронбæттæны та уыдзæн æппæтуæрæсеон акци «Æнæмæлгæ полкъ» Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайджыты къамтимæ.
Уый тыххæй Оперативон штабы æмбырды фехъусын кодта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло. Оперативон штаб арæзт æрцыд Уæрæсейы Федерацийы Президенты фæдзæхстмæ гæсгæ, организацитæ æмæ инфраструктурæйы куыстуæтты терроризм æмæ зынгсирвæзт, æхсæнадон фæткæвæрды хæлд ма ‘руадзыны тыххæй.
Мадзалы архайдтой барадхъахъхъæнæг оргæнтæ æмæ цæстдарæн ведомствæты разамонджытæ, æххæстгæнæн хицаудзинады оргæнты минæвæрттæ æмæ республикæйы районты бынæттон хиуынаффæйады администрациты сæрдартæ.
Ныхас цы фарстатыл цыд, уыдонæн сæ сæйрагдæр уыд адæмы æдасдзинад 9 Майы Дзæуджыхъæуы, Цытджын Уæлахизы Парад æмæ æппæтуæрæсеон акци «Æнæмæлгæ полкъ»-ы рæстæг.
– Хæстон парад æмæ «Æнæмæлгæ полкъ»-ы рацыд уыдзысты комкоммæ уагæй. Æмæ махæн нæ хæс у æппæт хъарутæй дæр бацархайын адæмы æдасдзинадыл, – фæбæрæг кодта Сергей Меняйло.
Республикæйы Сæргълæууæг барадхъахъхъæнæг оргæнтимæ бæстон æрныхас кодта Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Цытджын Уæлахизы 81 азы бæрæгбоны мадзæлтты рæстæг алы структурæты ’хсæн бастдзинад æмæ иудзинады тыххæй.
Уæлдай æргом аздæхтой, æппæт службæтæ дæр алыхуызон æгъдаухалæг хъуыддæгтæм къæрцхъусдæр куыд уой, уымæ.
Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Цæгат Ирыстоны Уæрæсейы Президенты бардзырдмæ гæсгæ, дарддæр æххæстгонд цæуы бындурон цæттæдзинады фæтк. Уый фæлгæты арæзт цæудзысты ног мадзæлттæ, вазыгджын инфраструктурæ æмæ, бирæ адæм кæм вæййы, уыцы бынæттæ бахъахъхъæнынæн.
ХЪОЙБАЙТЫ Галинæ














