Удварны-хæрзæгъдаудзинады хæрзтæ тауы

0
78

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло бабæрæг кодта Уæлахизхæссæг сыгъдæг Георгийы аргъуан. Уым Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг архиепископ Герасим Хуыцаумæ скуывта Дзæуджыхъæуккаг епархи сног кæныны 15 азы тыххæй.

Республикæйы разамонæг арфæ ракодта архиепископ Герасим æмæ чырыстон диныл хæст адæмæн. Йæ ныхасмæ гæсгæ, епархийы фæзынд æрмæст Ирыстоны æхсæнадон цардыл нæ фæзынд, фæлæ фæахъаз ис Уæрæсейы хуссайраг хайæн дæр. «Уал азмæ епархи аккаг бынат бацахста Цæгат Ирыстоны удварныхæрзæгъдаудзинады царды, республикæ ссис чырыстон дины сæйраг бынат. Нациты ‘хсæн ахастытæ фидар кæны, сабырдзинад тауы Цæгат Кавказы адæмтыл», – загъта Сергей Меняйло.

Куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй епархи æппынæдзух архайы чырыстон дины традицитæ, удварны-хæрзæгъдаудзинады, хъомылады фарстатыл, æххуысхъуаг чи у, уыдоныл ауды, республикæйы æхсæнадон цардыл бæрæг дары.

Мæскуыйаг æмæ æппæт Уæрæсейы Сыгъдæгдæр Патриарх Кирилл æмæ Уырыссаг Чырыстон Аргъуаны Синод 15 азы размæ райстой Дзæуджыхъæуккаг епархийы хæдбардзинады тыххæй историон уынаффæ. Уымæй бахахх кодтой Цæгат Ирыстоны сæйраг горæт Дзæуджыхъæуы ахадындзинад, ома, куыд Кавказы удварны-хæрзæгъдаудзинады ахсджиаг центрæн.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here