Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Парламенты Советы æмбырд амыдта Парламенты Сæрдар ТУСКЪАТЫ Таймураз. Советы уæнгтæ сæ ‘мбырд ацы хатт ахастой Мæздæджы районмæ, уымæ гæсгæ сæ ныхасы сæр уыд районы социалон-экономикон уавæр, æнтыстытæ æмæ размæцыды гæнæнтæ.
Мæздæджы районмæ депутаттæ фыццаг хатт нæ ацыдысты, уымæ гæсгæ, æмбырд гом кæнгæйæ, Тускъаты Таймураз йæ разныхасы бафиппайдта районы æнтыстытæ царды алы къабæзты, уæлдайдæр ахуырады, æмæ загъта, экономикон æгъдауæй Мæздæг алкæддæр кæй уыд республикæйы районтæн сæ раззагдæр.
Ивгъуыд азы районы социалон-экономикон бæрæггæнæнты тыххæй, национ проекттæ куыд æххæст кæнынц æмæ ацы аз сæ размæ цавæр нысантæ ис, уый фæдыл æмбырды раныхас кодта районы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы сæргълæууæг Станислав Никифоров æмæ бафиппайдта, республикæйы Парламентимæ æмархайд кæй кæнынц, уый. «Фарон мах Парламентмæ барвыстам муниципалон службæмæ ивддзинад бахæссыны тыххæй закъонæвæрынадон хъæппæрис, æмæ йæ депутаттæ сфидар кодтой», – загъта Станислав Никифоров. Стæй бæстон æрдзырдта районы бюджеты хæрдзтæ æмæ æфтиæгты тыххæй.
Районы экономикæйы уавæры æмæ, экономикон рæзтæн цы гæнæнтæ ис, ууыл ныхас кодта Парламенты закъонæвæрынады, закъонад æмæ бынæттон хиуынаффæйады комитеты сæрдар Черчесты Аслан. Йæ раныхасы депутат йе ‘ргом аздæхта, фарстатæ лыг кæнынæн районæн цы гæнæнтæ ис, уыдонмæ æмæ загъта, нысантæ æххæстгонд цæмæй æрцæуой, уымæн ахъаз кæй сты Парламенты уынаффæтæ æмæ бынæттон хиуынаффæйады оргæнты архайд. Черчесы-фырт бафиппайдта, хъæууонхæдзарадон продукцийы иуæй-иу хуызты куыстад кæй фæкъаддæр, районы фæндæгтæн та сæ фылдæр нырыккон домæнтæн дзуапп кæй нæ дæттынц, уый. Районы хъомысыл æмæ йе ‘фтиæгтæ фæфылдæр кæныны гæнæнтыл ныхас кæнгæйæ, Черчесты Аслан куыд загъта, афтæмæй зæххы хæйттæн хъалон фидынæй зæххыты хицæуттæ дарынц 68 милуан сомы хæс. Хорз хъуыддагыл банымайæн ис, социалон-культурон кусæндæтты рацарæзтæн районæн 2026-2028 азты лæвæрд кæй æрцæудзæн 1,5 миллиард сомы бæрц.
Черчесты Аслан ма ныхас кодта, районы социалон-экономикон уавæр фæхуыздæр кæныны фæдыл Парламенты фароны уынаффæтæ куыд æххæстгонд æрцыдысты, ууыл. Сæ фылдæр æххæстгонд кæй æрцыдысты, уый бафиппайгæйæ, депутат загъта, финансон архайдæн разамынддæттыны куыст иуцасдæр кæй у рацаразинаг.
Социалон политикæйы фарстатæ районы куыд æххæстгонд цæуынц, ууыл уыд йæ доклад Парламенты национ политикæйы æмæ фæсивæды фарстаты фæдыл комитеты сæрдар Джиоты Георгийæн. Йæ раныхасы депутат аххæссыд районы цæрæг алы адæмыхæттыты ‘хсæн хæлардзинады ахастытæ фидар кæныны хъуыддагыл, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ æмæ сæ бинонтæн фыццаградон æххуысы мадзæлттыл, медицинæйы, ахуырады, культурæйы, спорт æмæ социалон царды æндæр къабæзты фæстаг азмæ районы цы ивддзинæдтæ æрцыд, æппæт уыцы фарстатыл.
Советы уæнгтæ ма равзæрстой æмæ æркастысты республикæйы социалон-экономикон æмæ æхсæнадон-политикон цардимæ баст республикон закъонты проекттæ. Документтæ баст уыдысты граждайнаг хъахъхъæнынады, æнахъомты æвæгæсæгдзинад профилактикæйы æмæ æнахъомты ‘хсæн барадхалæн цаутæ ма ‘руадзыны, стæй зæххы ахастытæ нывылдæр кæныны хъуыддагимæ. Раныхасгæнджытæ уыдысты Парламенты профилон комитетты сæрдартæ Черчесты Аслан, Качараты Олег, Реуазты Ларисæ, Киситы Мурат.
Парламенты Советы æмбырды фæстæ Тускъаты Таймуразæн уыд фембæлд районы социалон къабазы кусджытимæ. Архайдтой дзы Парламенты Сæрдары хæдивæг Гутнаты Аслæнбег, Парламенты профилон комитетты сæрдартæ Реуазты Ларисæ, Качараты Олег, депутат Юсуп Исаков, районы разамынд. Тускъаты Таймураз бафиппайдта районы социалон æгъдауæй лæггадгæнæг къабазы фидар традицитæ æмæ загъта, дæсгай азты дæргъы социалон лæггадгæнæг бынæттон кусæндæттæ æвæллайгæ лæггад кæй кæнынц, се ‘ххуысхъуаг чи у, уыцы хистæртæн, зын уавæрты бахауæг кæстæртæн æмæ æндæр адæймæгтæн. Æмбырды архайджытæ æрныхас кодтой социалон кусджыты æрвылбоны архайды ахсджиагдæр фарстатæ æмæ нысантыл.
Мæздæгмæ йæ кусæг балцы рæстæг Парламенты Сæрдар бабæрæг кодта районы æнæниздзинад хъахъхъæнынады, культурæ æмæ ахуырады кусæндæттæ. Афтæ, Мæздæджы поликлиникæйы куысты ног гæнæнтæ æмæ авналæнтимæ Парламенты Сæрдары базонгæ кодта районы центрон рынчындоны сæйраг дохтыр Владимир Селиванов æмæ амбулаторон-поликлиникон фарстаты фæдыл йæ хæдивæг Дзантиаты Маринæ. Куыд загътой, афтæмæй сæм стыр æргом здæхт цæуы медицинон лæггæдты хæрзхъæддзинадмæ. Зындгонд нывгæнæг æмæ педагог Тадеты Таймуразы номхæссæг аивæдты республикæйы рагондæр скъолайы архайдимæ æмæ сæ хъуыстгонд рауагъдонты куыстыты равдыстимæ Тускъаты Таймуразы базонгæ кодта ацы кусæндоны директор Наталья Лапкова. Дыууæ азмæ бындурон цалцæджы фæстæ ног хъарутæ æмæ гæнæнтимæ кусын райдыдта Сергей Астанины номхæссæг Луковскаяйы станицæйы астæуккаг скъола. Йемæ, стæй сæм цы хæстон музей ис, уыимæ Парламенты Сæрдары базонгæ кодта скъолайы директор Анжелика Аспидова. Скъолайы стыр куыст цæуы ахуырдзауты патриотон хъомыладыл.
Мæздæджы районы йæ балцы кæрон Тускъаты Таймураз дзуаппытæ радта дзыллон хабархæссæг фæрæзты минæвæрттæн.
ДЕДЕГКАТЫ Зæлинæ














