Уыдис нын фæзминаг, уарзон хистæр

0
75

Мæ фыд Хуыгаты Джитейы фырт Михал райгуырд 1917 азы. Сырх Æфсады службæмæ йæм фæдзырдтой 1939 азы. Фыдыбæстæйы Стыр хæст куы райдыдта, уæд та йæ арвыстой 2-аг Украинаг фронты инженерон æфсæдтæм, уыди сапер. Иуахæмы уæззау цæф фæци, райста контузи (йæ ныхыл дæргъæй-дæргъмæ цæфы фæд бæрæг уыди суанг йæ царды фæстаг бонтæм дæр).

Санитартæ тохы фæстæ ‘фснайдтой, чи фæмард, уыцы æфсæддонты, хастой сæ ныгæнынмæ æфсымæрон ингæнмæ. Михал дæр уыди уыдоны нымæцы, æнхъæлдтой, фæмарди, зæгъгæ, фæлæ æнæнхъæлты схъæрзыдта, æмæ йæ уайтагъд госпитæлмæ аластой.

Уыцы контузийы фæстæ иу цæстæй нал уыдта. Уæддæр ма йæ госпитæлы фæстæ ногæй службæмæ акодтой, хъуамæ дзы æнæмæнг æмгъуыд – æртæ азы кæронмæ фæуыдаид. Нæхимæ сыздæхт æрмæст 1946 азы.

Хæсты хабæрттæ мысын нæ уарзта, æгæр стыр фæд ын ныууагътой йæ зæрдæйы. Уæлдай тынгдæр бахъуыды кодта дыууæ цауы – йе ’мбал саперыл йæ цæстыты раз минæ куыд схæцыд – æдас æй кодта. «Сапер рæдийы æрмæст иу хатт», – æнкъардæй-иу бакодта мæ фыд. Иннæ хатт та уыди, хæсты быдырæй кæй ралыгъди, уый тыххæй сæ батальоны æфсæддонтæй иуы куы ‘рцауыгътой, уый. Хæстон уавæр ахæм карз æфхæрд домдта уæд.

Фæлæ уыди, йæ мысинæгтæй-иу худгæ дæр кæуыл акодтам, ахæм цаутæ. Хæст цыди, нæхиуæттæ бырстой размæ, æмæ сæ-иу алы хатт æфсæддон цæлгæнæн (полевая кухня) нæ баййæфта. Сæххормаг сты æмæ кæмдæр ссардтой, немыцæй чи баззад, ахæм боцкъатæ зетиимæ. Бахордтой дзы йе ’мбæлттæ, фæлæ, куыд рабæрæг, афтæмæй хойраджы нæ, фæлæ уыди хæдтулгæты зети. Лæппутæ ма тутæ кодтой, æмæ ууыл ахицæн.

Иуахæмы та зымæгон уазал бон чысыл цæугæдоны сæрты хъуыди хид саразын. Æфсæддонтæ зивæг кодтой, сах уазал донмæ ныббырын сæ ничи ныфс кодта. Æмæ уæд Михал йæхæдæг сæ разæй бахызти донмæ, нæ командирæй, дам, фефсæрмы дæн…

Иннæ хатт ма сæм æрцыди цавæрдæр инæлар инспекци кæнынмæ. Къуыппыл ын фынг æрæвæрдтой урс æмбæрзæнимæ, фых карк, чидæр та ма патефон дæр скусын кодта – кадджын уазæгæн – музыкæ. Уыцы зæлтæ немыц куыддæр айхъуыстой, афтæ сыл сæ акъоппытæй минæтæ æппарын райдыдтой. Инæлар цæстыфæныкъуылдмæ фæтар, йæ карк дæр уым фæуагъта. Худтыстæм мах дæр, нæ фыдмæ хъусгæйæ.

Нæ фыд тынг стыр аргъ кодта сабыр цардæн, бинонтæн. Ницæй тыххæй нын маст никуы кодта, æмбæрста, царды сæйрагдæр цы у, уыдæттæ.

Хъысмæт нæ фыдмæ хорз зæрдæ кæй дардта, уый ма ирдæй рабæрæг Хъырымы хæсты рæстæг. Не ’фсæдты рæстæгмæ уыцы æрдæгсакъадах ныууадзын бахъуыд. Сæ фылдæр æмбис ацыдысты, фæлæ ма дзы уыди, немыцмæ уацары бахауынæй тæссаг кæмæн уыди, ахæмтæ дæр. Хъуамæ сæ аластаид иу нау, адæм æм былгæронæй тындзыдтой, скатай сты, фæлæ бæрæг уыд, се ’ппæты аласынæн фадат нæ уыдзæн, уый бæрц бынат æм нæ уыд. Нæ фыд адæмы сæрты наумæ бацæуын йæ сæрмæ не ’рхаста, иуварс ацыд æмæ сæм уырдыгæй касти. Капитан тарсти, се ’ппæт куы схизой  наумæ, уæд фæфæлдæхдзæн, зæгъгæ, æмæ, Михал иунæгæй кæм лæууыд, уыцы былмæ разылдта йæ нау. Уæд нæ фыдæн хорз гæнæн фæци, æмæ схызти палубæмæ. Афтæмæй фервæзт немыцы уацарæй.

Хæсты фæстæ Михал фыццаг бакуыста математикæйы ахуыргæнæгæй Олгинскæйы, уый фæстæ та каст фæци Ростовы пединститут, ацыди Мурманскмæ, уым бирæ азты дæргъы куыста Денджызон уæлдæр училищæйы морякты изæрон скъолайы. Стыр аргъ ын кодтой уым дæр йе ’мкусджытæ.

Михал махæн, йæ бинонтæн, хиуæттæн, йæ кæстæртæн, баззад нæ зæрдæты фæзминаг, уарзон хистæрæй, рох нæ никуы уыдзæн.

Овчинникова-Хуыгаты Зоя,
Бетъырбух

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here