Зындгонд поэт, хъæбатыр хæстон
Калоты Хазбийы райгуырдыл сæххæст 105 азы
Ирон поэзийы, прозæйы, драматургийы, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты йæ ирд бирæвæрсыг сфæлдыстадон курдиатæй йæ ном чиныгкæсджыты алы фæлтæртæн куыд Ирыстон, афтæ нæ бæстæйы мысинаг кæмæн ссис, национ литературæйы уыцы зæрингуырдтæй иу у Калоты Алыксандры фырт Хазби.
Фидæны курдиатджын поэт, драматург, прозаик, хъæбатыр хæстон Калоты Хазби райгуырд 1921 азы Цæгат Ирыстоны Байкомы хъæуы. Фæстæдæр йæ ныййарджытæ æрцардысты Æрыдоны районы Къостайыхъæуы. Хазби ам каст фæци авдазон скъола. Дарддæр ахуыр кæнынмæ бацыд Дзæуджыхъæуы педагогон техникуммæ, фæлæ, йе ‘нæниздзинад кæй фæцудыдта, уымæ гæсгæ йæ кæронмæ каст нæ фæци. Афæдз акуыста тæрхондоны нымæрдарæй. Уый фæстæ дарддæр ахуыр кæнынмæ ацыд Тбилисы паддзахадон университеты филологон факультетмæ. Афæдзы фæстæ йæ ахуыры фæндаг адарддæр кодта Цæгат Ирыстоны Педагогон институты литературон факультеты. Фæндзæм курсы ахуыр кодта, афтæмæй йæ æрæййæфта Фыдыбæстæйы Стыр хæст. 1941 азы сæрды кæрон Хазбимæ фæсидтысты хæцæг æфсадмæ. Уæдæй суанг 1942 азы октябрмæ уыд горæт Камышины Танкты училищæйы курсант. Каст æй фæци æнтыстджынæй. Райста кæстæр лейтенанты цин. Хæцæг æфсады уыд танчы командæгæнæг. Немыцаг лæгсырдтимæ тохты архайдта Калининград æмæ Ленинграды фронтты.
Хъæбатырæй фæмард 1943 азы, Курскы горæт знагæй сæрибар кæнгæйæ. Æфсæддон кадимæ йæ бавæрдтой Курскы облæсты хъæу Красная полянайы.
Аив литературон сфæлдыстадмæ Хазби йе ‘ргом аздæхта, авдазон скъолайы ма куы ахуыр кодта, уæд. Фыста æмдзæвгæтæ æмæ кадджытæ ирон æмæ уырыссаг æвзæгтыл. Иттæг дæсны уыд ныв кæнынмæ. Йе ‘мдзæвгæты, йæ кадджыты зыны йæ курдиат, зондджын æмæ фендджын поэты литературон сфæлдыстады ног фæндæгтæ агурынмæ тырнындзинад. Йæ поэзийæ уынæм æмæ æнкъарæм йæ сыгъдæг уарзт Фыдыбæстæ æмæ райгуырæн уæзæгмæ, ныййарæг мад, æрдз æмæ уарзон чызгмæ удрæбынтæй гуырæг фæлмæн æмæ фæзминаг, уарзæгой зæдау сыгъдæг уарзт, немыцаг лæгсырдтæм æнæуынондзинад.
Йе ‘мдзæвгæты фыццаг чиныг «Хуры тын» мыхуыры рацыд Фыдыбæстæйы Стыр хæсты фæстæ 1956 азы. Æмæ, æцæгæйдæр, Хазби йе сфæлдыстадæй уыд ирон литературæйы ног хур, ног тын, ног хъуыды æрбахæссæг, йæхи æмæ йе ‘мсис хæлæртты сфæлдыстадмæ домаг цæстæй чи каст, ахæм курдиатджын поэт, драматург, прозаик. Зындгонд сты чиныгкæсджытæн æмæ литературæиртасджытæн йæ дыууæ драмон уацмысы «Бæтæйы фырттæ» æмæ «Тугджын фæндаг» (кæронмæ фыст æй нæ фæци).
Курдиатджын поэты уацмыстæ ахуыр кæнынц Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны уæлдæр æмæ астæуккаг скъолаты. Йе ’мдзæвгæтæй бирæтæ систы адæмæн уарзон зарджытæ. Зæлынц радио æмæ телеуынынадæй, концертты æмæ сфæлдыстадон изæрты, куывдтæ æмæ чындзæхсæвты.
Æрæджы Калоты Хазбийы райгуырды кадæн Дзæуджыхъæуы Хетæгкаты Къостайы номыл Ирон литературæйы музейы уыд йæ номарæн изæр. Йæ саразыныл бацархайдта æмæ дзы поэт æмæ хъæбатыр хæстоны цард, бирæвæрсыг сфæлдыстад æмæ хæстон фæндæгты тыххæй радзырдта музейы хистæр зонадон кусæг, поэт, журналист, тæлмацгæнæг Цыхуырбаты Сергей. Хъæбатыр хæстоны æмдзæвгæтæ мысæн изæры аив бакаст Тæбæхсæуты Балойы номыл Ирон академион театры актер, РЦИ-Аланийы адæмон артист Битарты Алыксандр. Хазбийы сфæлдыстад æмæ тохы быдыры лæгдзинады тыххæй ма сæ зæрдиаг хъуыдытæ загътой Национ музейы хайады сæргълæууæг, историон наукæты кандидат Козаты Петр, Хазбийы æфсымæры лæппу Калоты Руслан, æхсæнадон змæлд «Аланты Ныхас»-ы уæнгтæ Хъайтыхъты Бола æмæ Таутиаты Минтæ.
Номарæн изæры йæ музыкалон курдиат равдыста Цæгат Ирыстоны паддзахадон филармонийы адæмон инструментты оркестр «Ирыстон»-ы музыкант Георги Степанов. Ирон литературæйы музейы сæргълæууæг Бдайциаты Земфирæ номарæн изæрмæ бацæттæ кодта йæ чингуыты, хъуыддаджы гæххæттыты, хуызистыты, къухфыстыты, йæ конд нывты равдыст.
ГАСАНТЫ Валери














