Мæ нанайы мысинæгтæ

0
52

Адæймаджы цард рæсугъд у мад æмæ фыды рæвдыдæй, хæдзары хъармæй, хотæ æмæ ‘фсымæрты уарзондзинадæй. Уыдоны уарзондзинадæй уæлдай ма мæхиуыл банкъардтон мæ сыгъзæрин мадымад Яяйы рæвдыд. Æвæдза, диссаг уыдысты уыцы рæстæджытæ…

Иу изæр та ахуыры фæстæ ацыдтæн Яямæ, абæрæг æй кæнон, зæгъгæ. Тынг та мыл бацин кодта, мæ разы мын фынг авæрдта.

– Мæ чызг, æрымысыдтæн та мæ чызгон бонтæ.

Æмæ йæ цæстытæ доны разылдысты.

– Цæуыл кæуыс? Цы дыл æрцыд ахæмæй, цæмæй дæ ивгъуыд бонтæ мысгæйæ кæуай? – афарстон æз.

– Мæнæ дæ чызджы кары куы бацæуай æмæ куы сахуыр кæнай, уæд-иу мын мæ царды хабæрттæ мыхуыры рауадз газет «Рæстдзинад»-ы фарсыл, æмæ-иу мæ æрымысут, – загъта Яя.

Мæ мадымад Хосроты Ахметы чызг Уарзетæ райгуырд 1929 азы Сындзыхъæуы. Раздæры заманы мæгуырдæр чи цард, уыдон-иу сæ чызджыты моймæ лæвæрдтой дыууадæсаздзыдæй. Мæ нанайы мады цæгат Олисатæ уыдысты бирæ бинонтæ, цардысты Цыколайы. Сæ чызг Черкесы моймæ раттой Хосротæм Сындзыхъæумæ дыууадæсаздзыдæй. Дыууæ азы фæстæ Черкесæн райгуырди фыццаг сывæллон – чызг Дуня, афæдзы фæстæ та райгуырд мæ нана – Уарзетæ. Уыцы рæстæг уыди тынг змæст, цыди мидхæст. Чызджыты фыд Хосроты Ахметы акодтой хæстмæ. Чысыл рæстæ-джы фæстæ бинонтыл сæмбæлд фыдуац — фæмард Ахмет. Черкесыл уæд цыди æстдæс азы. Уыди йын дыууæ ‘фсымæры, уыдонæн – бинонтæ, фæлæ сын цот нæ цыди. Æфсымæртæ бауынаффæ кодтой сæ хойы ногæй моймæ раттын, сывæллæтты та кæрæдзийы мидæг байуарын. Æмæ та Черкесы моймæ раттой Гобатæм Дигорамæ. Хистæр æфсымæр йæхицæн райста Дуняйы, кæстæр та — Уарзетæйы.

Фæлæ чындз Зырмыхан нæ бауарзта гыццыл Уарзетæйы. Фыдыусау тынг æфхæрдта мæгуыр сывæллоны. Сыхæгтæ йын йæ тæригъæдмæ кæсын нал фæрæзтой æмæ-иу æй æфсиныл сардыдтой.

Цыди рæстæг. Рæзыди Уарзетæ. Фондзаздзыдæй райдыдта зилын гыццыл цъиутæм, Зырмыхан дæр ма-иу æй æфтыдта хæдзары куыстытыл, æмæ йыл-иу цы бон уыди, уæдæ ма сæ ма бакодтаид.

Тынг арæх-иу Уарзетæ алыгъди уæлмæрдтæм, Зырмыхан-иу æм куы хыл кодта, уæд. Фидис-иу ын кодта: «Уæртæ уæлмæрдты хуыссы дæ мад, æмæ уырдæм ацу». Иу фыййау уыцы уæлмæрдты дуармæ йæхицæн бандон сарæзта, цæмæй-иу сихорыл уым аулæфыдаид. Уарзетæ-иу уырдæм алыгъд, æмæ-иу ыл уым æрбон. Афтæ хъуыды кодта, ома, дам, мæ мад уым хуыссы, æмæ мын ничи ницы кæндзæн. Райсомæй-иу хъæуы цæрджытæ сæ фос сæрвæтмæ куы аскъæрдтой, уæд-иу æй уæлмæрдты дуармæ фынæйæ баййæфтой. Сардыдтой-иу чындзы æфсиныл, æмæ та-иу уый дæр йемæ схыл ис.

Рацыд авд азы. Æфсымæртæ Черкесы нæ уагътой Цыколамæ, нæ йын лæвæрдтой сывæллæтты уыныны бар. Фæлæ мады зæрдæ кæм лæууыд.

Иу изæр та Зырмыхан Уарзетæйы фæнадта. Уынгмæ ралыгъд æмæ уым куыдта. Сыхаг ус æм бацыд æмæ йæм дзуры: «Уарзетæ, уæртæ ма кæс, уыцы сылгоймаг дæ мад у». Сывæллон джихæй аззад, фæлæ ницы сдзырдта, йæхи ныхъхъус кодта æмæ æнхъæлмæ каст, кæцырдæм ацæудзæн, зæгъгæ.

Черкес Уарзетæйы кæугæ куы федта, уæд йæ зæрдæ мастæй ныттар и, нытыппыр, æмæ кæугæ хæдзармæ араст. Йæ цæстытыл уадысты хъæбулы æнкъард фæлгонц, кæуынæй фæллад цæстытæ.

Уыцы заманы Дигора æмæ Цыколайы астæу фæндаджы дыууæ фарсы ныссагътой нартхор. Уарзетæ, йæхи йæ мадæй æмбæхсгæйæ, цыди нартхоры астæуты. Нартхоры сыр-сырмæ Черкес бамбæрста, чидæр йе ‘мцыд кæй кæны, уый, æмæ фæхъæр кодта: «Чи дæ? Рахиз! Мæ фæдыл чи цæуы?» Уарзетæ фыртæссæй разгъордта, йæ фæччимæ йын фæлæбурдта æмæ ныккуыдта: «Мамæ, ма ма мæ асхой, æз дæ чызг Уарзетæ дæн!» Мады зæрдæ фæйнæрдæм куыннæ атыдта. Ныккуыдта æмæ тынг ныхъхъæбыс кодта йæ гыццыл хуры. Уæдæй фæстæмæ Уарзетæ арæх цæуын байдыдта Дигорамæ Гобатæм. Йæ мады бинонтæ йæ тынг бауарзтой.

Цыдысты азтæ. Мæ Яя дæр рæзыд. Райдыдта хæст. 1944 азы Мамысоны цæрджыты хицауад æрцæрын кодта мæхъхъæлы хъæуты. Тлийы цæрджытæ æрцардысты Сурхахийы, æмæ Къадзаты мыггаг дæр уырдæм алыгъдысты. Сæ цард бæллиццаг нæ уыди, æмæ мæ баба Къадзаты Агуыбе дæр йæхицæн агуырдта куыст. Хистæртæ-иу сæмбырд кодтой лæппуты æмæ-иу сæ акодтой хæдзæрттæ амайынмæ. Афтæмæй баба бахауд Цыколамæ Олисаты хæдзар амайынмæ. Цалдæр мæйы амайджытæ фæцардысты Олисатæм куысты фæдыл. Баба федта, куыд хорз зылди Уарзетæ хæдзармæ, æмæ йыл йæ цæст æрæвæрдта. Сæхимæ цалдæр хатты ской кодта, йæхицæн бинойнаг кæй ссардта, уый, æмæ Къадзатæ Олисатæм барвыстой минæвæрттæ. 1945 азы 9 маймæ баныхас кодтой чындзæхсæвыл Сурхахийы.

Бонтæ цыдысты. Хæстæн цыма кæрон нал уыди. Сау барæг сау гæххæттытæ хаста хъæумæ. Циндзинады дæр фæндыры хъæлæс ничи хъуыста.

Æрцыд чындзæхсæвы бон – 9 май. Чындзхæсджытæ Цыколайæ æрбахастой чындзы. Хъæуы фæсивæдæй бирæтæ уыдысты хæсты. Фынгты уæлхъус бадтысты карджын адæм. Уарзетæйы хистæртæм куы бакодтой, уæд чидæр ныхъхъæр кодта: «Уæлæ ма акæсут, сау барæг нæм йæ сау бæхыл куыд æртæхы, уымæ!» Иууылдæр фестадысты фынгæй æмæ æнхъæлмæ кæсынц, цымæ та нæм цавæр фыдуац æрхæссы, зæгъгæ. Куыд хæстæгдæр кодта, афтæ, йæ бæхыл дугъ кæнгæйæ, хъæр кæны: «Уæлахиз! Уæлахиз! Нæ бæстæ фæуæлахиз немыцаг сырдтыл!» Адæм исдугмæ джихæй аззадысты, стæй сæ цинæн кæрон нал уыди. Фæндыр рахастой, æмæ хъазт бацайдагъ. Стырæй- чысылæй се ‘ппæтæн дæр фырцинæй сæ къах зæххыл нал хæцыд.

Афтæмæй амондджын къах бавæрдта Уарзетæ Къадзаты мыггагмæ. Кæрæдзийы ‘мбаргæйæ, кæрæдзийæн аргъ кæнгæйæ, фæцардысты иумæ фæндзай фондз азы Агуыбе æмæ Уарзетæ. 1995 азы сын уыдис сыгъзæрин чындзæхсæв. Гобаты Георгийы хæдзар та уыди йæ цæгат.

Абон кæд нæ Яя нал ис, уæддæр мах, йæ кæстæртæ, тынг уарзæм æмæ нымайæм уыцы бинонты.

Яя, æз мæ ныхас сæххæст кодтон – дæ зын цардвæндаджы хабæрттæ дын адæмы размæ рахастон. Рухсаг у! Никуы дæ ферох кæндзыстæм.

ЦЪÆХОЙТЫ Оксанæ,
АЦ «Диалог»-ы ирон æвзаджы ахуыргæнæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here