Адæм таурæгъон сгарæг Николай Кузнецовы тыххæй бирæ алыхуызон æрымысгæ хабæрттæ дзурынц. Знаджы фæсчъылдымы уæвыны заман æрхъуыдыдзинад æмæ ныфсхастдзинады фæрцы хæстон хæслæвæрдтæ æнæкъуыхцыйæ чи æххæст кодта, журналисттæ амынд сгарæджы æвдисынц ахæм фæлтæрдджын адæймагæй.
Кузнецов немыцагау иттæг хорз цæй фæрцы дзырдта, уый тыххæй алыхуызон ныхæстæ фехъусæн ис. Партизанты къорд «Победители»-йы командир Дмитрий Медведев йæ чиныг «Это было под Ровно»-йы куыд фыссы, афтæмæй знаджы фæсчъылдыммæ барвитыны заман Уралæй рацæуæг лæппулæг иттæг хорз зыдта немыцаг æвзаг. Хуымæтæг кусджыты хæдзары схъомылуæвæг Николай фæсарæйнаг æвзаг афтæ хорз цæй фæрцы зыдта, зæгъгæ, ахæм фарстæн бæлвырд дзуапп нæй. Иуæй-иуты ныхасмæ гæсгæ, паддзах Николай Дыккаджы ус Александрæйы хæстæджытæй иу сылгоймаг уыд фидæны фæлтæрдджын сгарæджы зондамонæг. Ацы хабар документалон уагæй кæд ничи бавдыста, уæддæр, Кузнецов немыцагау æнцонæй кæй дзырдта, уый бæлвырд у.
Сгарæджы официалон биогрæф, Æдасдзинады паддзахадон комитеты булкъон Теодор Гладков йæ чиныг «Легенда советской разведки Н. Кузнецов»-ы куыд фыссы, афтæмæй, фидæны сгарæг куы райгуырд, уæд ыл сæвæрдтой ном «Никанор», фæлæ фæстæдæр ацы ном раивтой «Николай»-мæ. Ивгъуыд æнусы æртынæм азты кæрон Кузнецовы фæаххосджын кодтой Советон Цæдисы ныхмæ дзурынæй æмæ йæ цалдæр мæйы дæргъы ахæстоны фæдардтой. Мидхъуыддæгты адæмон комиссарады кусджытæ се ’ргом Николайы æвзагзонынады курдиатмæ аздæхтой, æмæ фæстæдæр ацы нæлгоймаг ацы ведомствæйы сусæггаг кусджытæй иу ссис.
«Немыцаг Рудольф Шмидт», зæгъгæ, афтæ кæй схуыдтой, уыцы Кузнецов æрцард Мæскуыйы æмæ йын дипломаттимæ бастдзинад фæзынд. Æцæгæлон номимæ кусгæйæ, Николай Райгуырæн бæстæйæн пайдайаг хабæрттæ æмбырд кодта.
Таурæгъон инæлар-лейтенант Павел Судоплатов разамынд кæмæн лæвæрдта, Фыдыбæс-тæйы Стыр хæсты райдайæны Кузнецов службæ кæнын райдыдта Советон Цæдисы Мидхъуыддæгты адæмон комиссарады ахæм сæрмагонд къорды. Афтæмæй сгарæгæй рауад оберлейтенант (ома, кæстæр афицер) Пауль Зиберт (райдайæны – «тæхæг», фæстæдæр та – «фистæг æфсæддон»). 1942 азы сæрды Кузнецовæн фæзынд бастдзинад украинаг горæт Ровномæ ’ввахс архайæг партизанты къорд «Победители»-имæ. Вермахты афицеры æфсонæй Зиберт йæхиуыл баууæндын кодта немыцаг æфсæддонты æмæ афтæмæй партизантæм рæстæгæйрæстæгмæ ахсджиаг хабæрттæ æрвыста.
Кузнецов цалдæр вазыгджын операцийы баххæст кодта. Сгарæг уацары кæй райста, уыцы «пайдайаг» немыцаг афицеры руаджы советон сгарджытæ базыдтой, Гитлеры бункер «Вервольф» кæцы ран ис, уый. 1943 азы сæрды немыцаг æфсæдтæ Курскмæ ’ввахс ран размæ бырсын кæй райдайдзысты, Кузнецов уый тыххæй дæр ахсджиаг хабæрттæ самал кодта.
Уыцы аз Кузнецовы разамындæй партизантæ цалдæр хатты Украинæйы рейхскомиссар Эрих Кохы амарынмæ бахъавыдысты. Ацы хъуыддаг кæд нæ фæрæстмæ, уæддæр советон сгарæджы æххуысæй «хъахъхъæнæг къордты» командир Макс Ильген æмæ Украинæйы рейхскомиссариаты стыр бынатахсæг оберфюрер (ома, булкъон) Альфред Функ иуварсгонд æрцыдысты.
СС-йы штурмбаннфюрер (ома, майор) Ханс Ульрих фон Ортелимæ баст хъуыддаг Кузнецовы сгуыхтдзинæдты номхыгъды ахсы сæрмагонд бынат. Тегераны саразинаг конференцийы заман немыцаг диверсанттæ Советон Цæдисы, Америкæйы Иугонд Штаттæ æмæ Англисы разамонджыты амарынмæ кæй хъавынц, Кузнецовимæ карз нозт нуазыны рæстæг уыцы афицер уый тыххæй хабæрттæ раргом кодта. Немыцаг афицерæй ист хабæртты фæрцы марджытæй уыцы паддзахæдты разамонджыты бахизын бантыст.
Фæстагмæ гауптманы (ома, кæстæр афицер) цин кæмæн раттой, уыцы «Пауль Зиберт» немыцаг æфсады стыр бынæттæахсæг цалдæр адæймаджы аиуварс кодта.
1944 азы горæт Львовмæ ’ввахс Николай Кузнецовы æмæ немыцы фарсхæцæг украинаг æфсæддонты æхсæн чи рауад, уыцы гæрзифтонг быцæуы заман фæлтæрдджын советон сгарæг æвирхъауæй фæмард.
Æрмæг бацæттæ кодта Олег Апрелев














