Йæ цард – наукæимæ баст

0
48

Æрæджы Дзæуджыхъæуы Абайты Васойы номыл Гуманитарон æмæ социалон иртасæнты институты уыдис, историон наукæты доктор Цыбырты Людвиг Абайты Васойы тыххæй цы ‘ртыккаг чиныг рауагъта, «Мыслитель с путеводным даром», уый презентаци.

Чиныгмæ хаст æрцыдысты, ахуыргонды тыххæй автор бирæ азты дæргъы цы къамтæ, документтæ æмæ фыстæджытæ йæхимæ æвæрдæй дары, уыцы æрмæджытæ иууылдæр. Презентацимæ æрбацыдысты: Дзæуджыхъæуы Минæвæртты æмбырды сæрдар Таболты Сергей, РЦИ-Аланийы Æхсæнадон палатæйы сæрдар Нина Чиплакова, филологон наукæты доктор, профессор Тахъазты Харум, Ирыстоны адæмон поэт Дзасохты Музафер, «Аланты Ныхас»-ы сæрдар Фриаты Хъазыбег, нæ республикæйы хистæрты Советы сæрдар Царахаты Саламджери, æхсæнадон организациты минæвæрттæ æмæ наукон къабазы кусджытæ. Мадзал байгом кодта филологон наукæты доктор, профессор, уæлдæр амынд институты ирон æвзагзонынады хайады сæргълæууæг Бесолты Еленæ. Куыд загъта, афтæмæй нын автор хорз лæвар ракодта стыр ахуыргонды удыхъæд, зæрдæйы уаг æмæ йæ æгæрон фыдæбæтты тыххæй чиныгæй. Презентацийы фыццаг раныхас кодта чиныджы наукон редактор Цориты Ингæ æмæ радзырдта, уацмысмæ наукон цæстæй кæсын кæй нæ хъæуы, фæлæ хъæздыг у документалон æрмæджытæй, ирон адæмы культурон фарстатæ æмæ этногенезы фæдыл очерктæй.

Мадзалы архайджытæ раныхас кодтой, сæ хъуыдытæ загътой чиныджы фæдыл, фæлæ се ‘ппæтæн дæр тынг цымыдисаг уыдысты Цыбырты Людвигæн йæхи мысинæгтæ:

– Сæрыстырæй мæ бон зæгъын у, ахæм стыр æмæ æвæджиауы ахуыргонд Абайты Васоимæ хорз зонгæ кæй уыдтæн, уый. Уыцы рæстæг мæ царды æппæты хуыздæр бонтыл нымайын. Æвзагзонынады Васойæн цы бирæ æнтыстдзинæдтæ бафтыд йæ къухы, уымæй уæлдай ма уыд историк дæр этногенезы наукæйы. Дыууæ Иры адæмты равзæрд æнгом бæттыэтногенезимæ. Нæ мæ кæнынц рох нæ фембæлдтытæ дæр. Уарзта хуымæтæг уавæры цин æмæ хъæлдзæгдзинад. Тынг арæх-иу æрцыд Хуссар Ирыстонмæ фембæлыд-иу йе ‘мкусджытæ æмæ цæрджытимæ, семæ-иу зæрдæбын ныхæстæ фæкодта, мæт æмæ сагъæс кодта сæ хъысмæтыл. Мæ чиныджы бацархайдтон равдисын Абайы-фырты, куыд ахуыргонд нæ, фæлæ хуымæтæг адæймаг, – дзырдта автор.

Æхсызгон æмæ цымыдисæй презентацийы архайджытæ байхъуыстой Тахъазты Харумы мысинæгтæм дæр. Профессор дзырдта, Васойы студент уæвгæйæ, йæ зæрдыл кæй бадардта, уыцы кæддæры цаутæ.

– Ахуыр кæнынæй не ‘фсæстæн. Филологон факультет каст куы фæдæн, уæд та дарддæр аспирантурæмæ бацыдтæн. Уыцы рæстæг иу бынатмæ цыдыстæм цалдæр адæймагæй. Æмæ дзы кæд иунæг аспирант равзарын хъуыд, уæд Васо та не ‘ртæ ироны дæр бакодта ахуырмæ. Йæ зæрдæ ныл дардта, ахуыры фæндагыл æвзагзонынады истæмæн сбæздзыс-
тæм, уымæй. Æххуыстæ дæр нын кодта. Уыд ахæм рæстæджытæ, æмæ нæ улæфынмæ дæр арвыста, – дзырдта Тахъазты Харум.

Мадзалы уыдысты Абайты мыггаджы минæвæрттæ дæр æмæ уыдон дæр ра-дзырдтой, сæ хистæртæй кæй фехъуыстой Васойы тыххæй, ахæм хабæрттæ. Чиныг «Мыслитель с путеводным даром»-æн йæ тираж кæд бирæ нæу, уæддæр ахъаззаджы хос уыдзæн библиотекæтæн. Кæй къухы нæ бафтыд, уымæн фадат ис библиотекæйы йæ райсын æмæ йæ зæрдиагæй бакæсынæн.

Саутæты Тамилæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here