УФ-йы Федерацийы Советы арæзт æмбырды рæстæг уæрæсейаг æмæ сербаг парламентаритæ Дыккаг дунеон хæсты хатдзæгтæ æмæ нацизмы æндидзынадимæ баст нырыккон дуджы ног æууæлтыл æрныхас кодтой. Æмбырды архайдта Цæгат Ирыстонæй сенатор Виталий Назаренко.
Фембæлды архайджытæ æрныхас кодтой историон рæстдзинад ногæй саразыны хъуыддагыл, Уæлахизы ахадындзинад, стæй, хæсты заман советон æмæ сербаг адæмтæ кæй бавзæрстой, уыцы зындзинæдтыл. Уæлдай фылдæр æргом аздæхтой Боснийаг хæсты заман сербты ныхмæ арæзт фыдракæндтæ æмæ Дейтонаг фидыдтыты фæстиуджытæм.
Ивгъуыд заманы фæдыл бæрнондзинад кæмæ нæ хауы, ахæм политикты ног фæлтæр ныгуылæйнаг бæстæты хицæутты бынæттæ кæй ахсынц, уый нымайгæйæ, фæстаг ссæдз азы дæргъы Дыккаг дунеон хæсты хатдзæгтæ аивын фæлварынц. Хæсты заман стыр зындзинæдтæ бавзарæг нæ бæстæ Уæлахизмæ егъау æвæрæн кæй бахаста, дзыллон хабархæссæг фæрæзтæ æмæ кино уый зыгъуыммæ æвдисынц. Ацы уавæр банымайæн ис Уæрæсе æмæ æппæт дунейы ныхмæ арæзт, æнæхин хабæрттæ æмбæхсæг информацион хæсты хайыл. Нæ хæс у, архивтæй, наукон иртæстытæ æмæ къухы бафтæг æппæт авналæнтæй пайда кæнгæйæ, историон рæстдзинад бахъахъхъæнын.
– Хæсты заман фашизмы ныхмæ тохгæнæг советон æмæ сербаг адæмтыл стыр зиантæ æрцыд. Иумæйаг историон номарæнæй пайда кæнгæйæ, парламентты ‘хсæн æмгуыстад дарддæр æххæст кæнынмæ цæттæ стæм. Æмгуыстады фæрцы нæ бынтæ бахъахъхъæндзыстæм, стæй сæ фидæны фæлтæртæм бахæццæ кæндзыстæм, – загъта Виталий Назаренко.
Æлборты Зæлинæ














