Цхуырбаты Аланы ног æнтыст

0
35

Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты Ирон филологийы факультеты 2007 азы рауагъдон, ныр та Бетъырбухы паддзахадон университеты филологон факультеты доцент Цхуырбаты Алан æрæджы, кæм кусы, уыцы уæлдæр профессионалон ахуырады артдзæсты æнтыстджынæй бахъахъхъæдта педагогон наукæты докторы диссертаци.

Йæ темæ баст у уырыссаг æвзаг амоныны методикæимæ. Цы зонадон куыст хаста диссертацион къамисы размæ, уый уыд бæстон æмæ бæлвырд мидисджын дæнцæгты бындурыл фыст, æмæ йын скодтой иттæг хорз аргъ.

Æрыгон ахуыргонд зонадон куыст кæны ирон филологийы факультеты ахуыры рæстæгæй абонмæ. Студент ма куы уыд, уæд дæр зæрдиагæй архайдта университет æмæ факультеты зонадон æмæ æхсæнадон царды. Иста Колыты Аксойы номыл паддзахадон стипенди. Йæ наукон докладтæ æмæ уацтæ мыхуыр кодта зонадон æмбырдгæндтæ æмæ журналты. Алан у уæздан, зондджын, хъуыдыгæнæг, зæрдæхæлар лæппу, цыргъзонд, æмгарджын, æмæ кæддæриддæр йæ размæ æвæрд хæстæ бæлвырдæй чи æххæст кæны, ахæм ахуыргонд.

Уырыссаг æмæ ирон æвзаджы ахуыргæнæджы дæсныйад равзæрста, Цхинвалы 6-æм астæуккаг скъолайы ма куы ахуыр кодта, уæд. Йæ фыд Солтан дæр йæ рæстæджы каст фæци Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты ирон-уырыссаг филологийы хайад. Бирæ азты фæкуыста ирон æмæ уырыссаг æвзаджы ахуыргæнæгæй Хуссар Ирыстоны скъолаты.

Йæ хорз фыды фарныл æртывæр хорзæх бафтыдта Алан. Уæздан æмæ бонзонгæйæ хизы ахуырад æмæ зонады бæрзæндтæм. Нæ зæрдæ йын зæгъы фидар æнæниздзинад, зонад æмæ рухстауыны арфæйаг хъуыддаджы ноджы стырдæр æнтыстытæ æмæ уæлахизтæ.

ГАСАНТЫ Валери

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here