Мемориалон къæй байгом кодтой

0
39

Ацы аз Ирыстоны уарзон поэт, литературæиртасæг, тæлмацгæнæг, публицист Хозиты Ясоны фырт Яковы райгуырдыл сæххæст 110 азы. Кæд хæрз чысыл фæцард, уæддæр чиныгкæсæджы зæрдæйы ныууагъта арф фæд. Ирон поэзийы Яковы сфæлдыстад ахсы сæрмагонд бынат. Поэтæн цы курдиат лæвæрд уыд æрдзæй, уый снывонд кодта литературæйы бæллиццаг фидæнæн. Яковæн йæ ном, йæ намыс цæры йæ адæмы ‘хсæн, нæ фæцудыдта йе сфæлдыстадон мæсыг æнусы дæргъы. Уымæн та æвдисæн сты, цы бирæ мадзæлттæ арæзт цæуы поэты кадæн, уыдон.

Йæ райгуырды 110 азмæ Яковы кæстæр хо Цæболты Асиат, йæ  хæрæфырт Челдыты Руслан, Цæгат Ирыстоны Фысджыты цæдисы правленийы сæрдар Хозиты Барис æмæ мыггаджы минæвæртты зæрдиаг архайдæй рацыд поэты уацмысты æххæст æмбырдгонд «Терчы хъаст». Фарон Æрыдоны районы сæргълæууæг Мæрзаты Владиславы бардзырдмæ гæсгæ Хозиты Яковы ном раттой Кировыхъæуы скъолайæн. Ацы хъуыддагыл рагæй архайдтой Хозиты мыггаг, Ирыстоны Фысджыты цæдис æмæ хъæуы интеллигенци, æмæ сæ къухы бафтыд. Абон Кировыхъæуы ахуыргæнæндон кадджынæй хæссы Хозиты Яковы ном.

Ныр дæр та Челдыты Руслан, Асиат, Хозиты мыггаг æмæ Фысджыты цæдисы хъæппæрисæй Кировыхъæуы байгом кодтой мемориалон къæй, поэт кæм цард, уыцы хæдзары æддаг къулыл. Йæ автор – зындгонд скульптор Датиты Тамерлан.

Хозиты Яковы номарæн къæй гом кæныны кадджын æмбырды архайдтой нæ республикæйы ителлигенцийы минæвæрттæ – Хозиты Барис, Цæгат Ирыстоны Фысджыты цæдисы сæрдары хæдивæг Цомартаты Изæтбег, РЦИ-Аланийы культурæйы сгуыхт кусæг, Дзæуджыхъæуы Центрон библиотекæйы бæстæзонæн хайады сæргълæууæг Мурасты Риммæ, Яковы хиуæттæ æмæ æрвадæлтæ, сыхбæстæ, хъæуы цæрджытæ, йæ номхæссæг скъолайы ахуыргæнджытæ æмæ ахуырдзаутæ.

Къæй байгом кæныны бар лæвæрд æрцыд Яковы хо Асиат æмæ Айларты Валерийæн. Уый фæстæ амонæг – Кировыхъæуы скъолайы  ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Челæхсаты Иринæ бæлвырд радзырдта Яковы бирæвæрсыг сфæлдыстадон, рухстауæн æмæ зонадон архайды тыххæй.

Уыцы бон арфæйы аккаг уыдысты бынæттон скъолайы ахуырдзаутæ Гайты Аринæ, Добаты Динæ, Козаты Давид, Гогаты Геор, Баситы Евæ, уыдон тынг рæсугъд æмæ аив  радзырдтой поэты æмдзæвгæтæ.

Мыггаг æмæ Фысджыты цæдисы номæй радзырдта Хозиты Барис. Уый арфæ ракодта кадджын æмбырды архайджытæн æмæ сæрмагондæй загъта:

– Абон зынгæ цау æрцыдис канд мах мыггаджы нæ, фæлæ хъæубæсты, стæй æнæхъæн Ирыстоны дæр. Ацы диссаджы лæппуйæн къæй кæй байгом кодтам, уый стыр хъуыддаг у. Фæзæгъæм Яков, æмæ нæ цæстытыл ауайы Кировыхъæу – хæсты размæ. Æрцыдис-иу горæтæй Яков, æрзылд-иу фыццаг хъæубæстыл, сыхбæстыл, хистæртæн-иу салам радта, уый фæстæ-иу ацы кулдуарыл бахызт йæ хæдзармæ. Йæ диссаг уый мидæг ис, æмæ Яков уыцы æрыгонæй дæр цард хорз кæй зыдта. Йæ гыццыл царды рæстæг цас диссаджы уацмыстæ ныффыста! Цымæ йæ рагмæлæт зыдта æмæ тагъд кодта, цæмæй йæ къухы фылдæр бафта, уый хуызæн. Афтæ фæзæгъынц: «Æцæг фыссæг йæ фарн æндæр дунемæ нæ ахæссы, фæлæ, цы адæмæн лæггад кодта, уыдонæн баззайы». Æмæ ма ахъуыды кæнут, Кировыхъæуæй цал æмæ цал фыссæджы рацыд. Яковæй райдай æмæ ма сыл дарддæр нæ цæст ахæссæм – Айларты Измаил, Куыдзæгты Валодя, Гаджиты Георги, Тедеты Георги, Бирæгъты Сафар, Гайты Евген, Абайты Амырхан, Туаты Сергей, Къадзаты Станислав, Гаджиты Фатимæ. Æмæ Иунæг Стыр Хуыцау ахæм арфæ ракæнæд, æмæ Яковы фарн дарддæр дæр куыд цæуа, æмæ хъæубæстæйы фылдæр фысджытæ куыд фæзына.

Æмбырды архайджытæн бузныджы ныхæстæ загътой Асиат æмæ Челдыты Руслан. Уый фæстæ уазджытæ мемориалон къæйы бын дидинджытæ сæвæрдтой.

Сихъоты Маринæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here