РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы разамындæй ацыд радон æрвылкъуырион аппаратон æмбырд. Архайдтой дзы нæ республикæйы æппæт ведомствæтæ, министрадтæ, барадхъахъхъæнынад æмæ районты разамонджытæ.
Куыд алы хатт, афтæ та ныр дæр нæ республикæйы къуырийы дæргъы оперативон уавæры фæдыл бæрæггæнæнтæ бацамыдта РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдары хæдивæг Томайты Ирбег. Куыд загъта, уымæ гæсгæ тыхджын къæвдаты бонтæ бирæ рæстæг хæссынц, æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады кусджытæн дæр сæ архайд у иудадзыг къæрцхъус.
– Цæстдард цæуы нæ республикæйы цæугæдæтты æмвæзадмæ. Тæрккъæвдаты азарæй Терк æмæ Камбилеевкæйы дæттæ сæ былтæй кæд нæ акалдысты, уæддæр тæссаг у сæ раивылынæй, æмæ сæм цæстдард цæуы, æнæнхъæлæджы уавæрмæ стæм цæттæ, – загъта Хицауады Сæрдары хæдивæг. Уымæй уæлдай ма, Томайы-фырт радзырдта Уæллаг Ларсы арæны уæзласæн машинæты иуæгтæ æмæ фыдракæндты цауты нымæцы тыххæй дæр.
РЦИ-Аланийы артаг æмæ энергетикæйы æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады, министр Хъараты Тимур та радзырдта, æрвылаз дæр Цæгат Ирыстоны тæрккъæвдатæй нæ горæты уынгтæ хъыгдард кæй баййафынц, æмæ уымæн йæ аххосаг вæййы, дондзæуæнты системæ нывылгонд кæй нæу абоны онг дæр, уый, уæлдайдæр – ног арæзт кварталты. Аразæг компанитæ нæ бафыссынц министрадимæ бадзырдтæ, консультацитæ нæ кæнынц семæ æмæ, сæхи куыд фæнды, афтæ бавналынц арæзтадмæ. Цæрджытæ хъаст кæнынц æнæсанкцион бырондæттæй дæр. Уымæй уæлдай, министр бацамыдта, энергетикæ, газ æмæ доны хæдзарæдты æгъдаухæлдтытæ кæй æрцæуы алы къуыри дæр, ахæм бæрæггæнæнтæ.
РЦИ-Аланийы «Роспотребнадзор»-ы разамонæг Тыбылты Алан та загъта эпидемиологион уавæры тыххæй. Куыд фæбæрæг кодта, уымæ гæсгæ, гриппы цаутæ бæрæггонд нæ республикæйы не ‘рцыд. Тъæнгты инфекцитимæ рынчынты нымæц дæр бæрзонд нæу, чи ис рынчындæтты, уыдонæн та ис æппæт хостæ æмæ мадзæлттæ дæр сæхи сдзæбæх кæнынæн.
Аппаратон æмбырды ныхас цыдис сывæллæтты сæрдыгон фæлладуагъд æмæ Иумæйаг фæлварæнмæ цæттæ кæныны фарстатыл дæр. Сергей Меняйло нæ республикæйы ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæйæн бахæс кодта сæрдыгон лагерты куыстмæ биноныгдæр цæст аздахын æмæ бацархайын скъоладзауты фæлладуагъды æдасдзинады æмæ дзæбæхгæнæн фарстатыл рагацау бакусын.
– Курын Ахуырад æмæ наукæйы министрадæй, цæмæй сывæллæттæ нæ республикæйæ дарддæр æндæр фæлладуадзæн бынæттæм æрвыст ма ‘рцæуой. Ацы домæн у æдасдзинады фарста, æмæ йæм куыдфæндыйы цæстæй кæсæн нæй. Ис нæхимæ хорз фадæттæ скъолаты боныгон лагерты, чи куса семæ, ахæм дæсны специалисттæ, æмæ бацархайут, сывæллæттæ каникулты хорз куыд баулæфой, ууыл, – загъта Сергей Меняйло.
Æмбырды кæрон нæ республикæйы Сæргълæууæг министрадтæ, ведомствæтæ æмæ районты разамонджытæн хæслæвæрдтæ ратта Цæгат Ирыстоны санитарон æмæ цъæхвæлысты фарстатæм фылдæр æргом аздахыны, фæндæгты уавæрмæ ‘ркæсыны тыххæй. Фæндæгты цалцæджы куыстытæ кæд цæуынц нæ республикæйы алы районты, уæддæр нæм хъасты фыстæджытæ ‘рбацæуы цæрджытæй, – загъта регионы разамонæг.
Саутæты Тамилæ














