РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло цы æмбырд сарæзта республикон Æнæнхъæлæджы цаутæ æмæ зынгсирвæзтытæ ма ‘руадзын æмæ сæ фæстиуджытæ аиуварс кæныны къамисæн, уым сæрмагондæй ныхас цыдис, регионы фæзуаты цы тыхджын къæвдатæ цæуы, уыдоны фæстиуджытæ аиуварс кæныныл.
Тæрккъæвдаты аххосæй Камбилеевкæйы цæугæдон Горæтгæрон районы Майскæйы хъæумæ ‘ввахс ныллами, ныллакъон, доны æмвæзад дзæвгар фæбæрзонддæр. Сергей Меняйло бахæс кодта рагагъоммæ хъæугæ мадзæлттæ саразын хæдзæрттæм дон бакæлын ма бауадзыны тыххæй. Сæйраг хæс – зынвадат боны ахасты аххосæй бынæттон цæрджытæ æмæ инфраструктурæйыл зиантæ ма ‘руадзын.
– Нæ нысан у æппæт фæрæзтæ дæр бацæттæ кæнын. Дон хъуамæ хъæутæм ма бахæццæ уа, адæм та зындзинæдтæ ма бавзарой. Тыхджын къæвдатæм гæсгæ дзуапдæттæн ведомствæты иудадзыг цæст дарын хъæуы республикæйы æппæт цæугæдæтты ивддзинæдтæм. Бæллæхтæ ма ‘руадзыны тыххæй архайын хъæуы рагагъоммæ, – загъта Сергей Меняйло.
Горæтгæрон районы разамонджытæн фæдзæхст æрцыд муниципалитеты цæрджытæн афойнадыл бæрзонд цæттæдзинады режимы тыххæй фехъусын кæнын. РЦИ-Аланийы «Центрводресурс»-ы дæлхайадæн – цыбыр рæстæгмæ доныбылтæ фидаргæнæн æмæ донвæд сыгъдæггæнæн куыстытæм бавналын. «Росгидромет»-ы кусджытæ хъуамæ иудадзыг сæ хъус дарой нæ алыварс æрдзы æууæлтæм. Æрдзон фæрæзтæ æмæ экологийы министрад, стæй Граждайнаг хихъахъхъæнынад æмæ æнæнхъæлæджы уавæрты комитетæн та фæдзæхст æрцыд Камбилеевкæйы доны æмвæзадмæ цæст дарын æнæнхъæлæджы цаутæ ма ‘руадзыны охыл.
РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæ














