РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы разамындæй уыд Уæрæсейы Федерацийы Президенты фæдзæхстмæ гæсгæ арæзт æппæт инфраструктурон куыстуæттæ, организацитæ æмæ æхсæнады цард ифтонггæнæн системæты æнæкъуылымпы куыст, терроризм æмæ зынгсирвæзтыты, æхсæнадон фæткхалджыты ныхмæ мадзæлттæ рацаразыны Оперативон штабы æмбырд.
Архайдтой дзы барадхъахъхъæнæн, цæстдарæн, æххæстгæнæн оргæнты минæвæрттæ, стæй республикæйы районты бынæттон администрациты сæргълæуджытæ. Сæрмагондæй æрныхас кодтой республикæйы артаг-энергетикон объектты, транспортон инфраструктурæ æмæ иннæ вазыгджын организациты æдасдзинадыл. Иннæ ахсджиаг темæ – æппæт дзуапдæттæг оргæнты ‘хсæн бастдзинад æмæ службæтæ æмæ ведомствæты æмгуыстад æнæнхъæлæджы уавæр сæвзæрыны рæстæг.
Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм: Цæгат Ирыстоны æхсæнадон бынæттæ æмæ цардæн вазыгджын инфраструктурæйы æдасдзинадæн арæзт æрцыдысты уæлæмхасæн мадзæлттæ Уæрæсейы Президенты Указмæ гæсгæ, дарддæр йæ куыст кæны иудадзыг цæттæдзинады фæтк.
РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæ














