РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло архайдта ирон граждайнаг кириллицæйы 190 азы кадæн конд наукон-практикон конференцийы. Ацы хъуыддаг бабастой Славянаг кириллицæйы бонимæ, конференци скодтой Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты ЮНЕСКО-йы залы.
Бæрнон æмбырдмæ ‘рбацыдысты наукон-иртасæн институттæ, ахуырад æмæ культурæйы, сфæлдыстадон интеллигенцийы минæвæрттæ. Кадджын уазджыты ‘хсæн уыдысты Уæрæсейы Æххæстбарджын минæвар, уæрæсейаг æхсæнад «Зонындзинæдтæ»-йы лектор, философон наукæты доктор Рамазан Абдулатипов, Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг архиепископ Герасим, Махачкалайаг æмæ Дербентаг архиепископ Валаам, Цæгат Ирыстоны Пысылмæтты удварны управленийы сæрдар Гуæцæлты Хадзымурат, Ломоносовы номыл Мæскуыйаг паддзахадон университеты профессор Владимир Коровин.
Конференцийы архайджытæ фæбæрæг кодтой, бæстон равзæрстой ирон литературæйы рæзт, Кавказы уæрæсейаг уæвынад нымайгæйæ, историон æмæ культурон рахæцæнтæ, Уæрæсейы адæмты инновацион æмæ нырыккон культурæйы размæцыд æмæ æндæр вазыгджын фарстатæ. Сергей Меняйло арфæ ракодта æппæт уазджытæн Славянаг фыссынад æмæ культурæйы бонимæ, уырыссаг алфавиты бындурыл ирон фыссынад кæй фæзынд, уыимæ.
«Иумæйаг æвзаг æмæ фыссынады традицитæ нæ ‘рбаиу кодтой, уадзынц нæ культурон хæдбындурдзинад бахъахъхъæнын, кæд æмæ хицæндзинæдтимæ стæм, уæддæр кæрæдзийы ‘мбарæм, уый та бирæнацион бæстæйæн тынг ахсджиаг у. Уæрæсейы Президент Владимир Путин куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй бирæнацион кæй стæм, нæ тых уый мидæг ис. Нæ размæ лæууы æппæт уыцы хицæндзинæдтæ, мадæлон æвзаг бахъахъхъæныны хæс. Афтæмæй нæ бон бауыдзæн нæ истори, традицитæ, культурæ бахъахъхъæнын. Ирон граждайнаг кириллицæйы 190 азы махæн ахсджиаг бæрæгбон у. Ирон æвзаджы истори иртасгæйæ, мах æвдисæм нæ иудзинад, дарддæр æй адæттæм рæзгæ фæлтæртæм», – фæбæрæг кодта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг.
Цæгат Ирыстоны разамонæг ма ‘рлæууыд вазыгджын фарстайыл. Куыд радзырдта, афтæмæй, XVIII æнусы Ирыстоны ног азбукæйы тыххæй ныхас куы цыд, уæд равзæрстой кириллицæ. Ирыстоны зындгонд сауджын Хъесаты Павел, тынг ын баххуыс кодта мæздæггаг епископ Гаи, афтæмæй сарæзтой аргъуаныславянаг графикæйы бындурыл фыссынад. Мæскуыйы 1798 азы рацыд мыхуыргонд фыццаг ирон чиныг, цыбыргонд катехизис. Фæлæ уыцы истори уыйадыл фæцис, уымæн æмæ аргъуаныславянаг фыссынад æгæр вазыгджын уыд, нæдæр дзы ахуыргæнæн чиныг, нæдæр – дины чингуытæ уыд фыссæн, адæм æй зынтæй æмбæрстой.
«Фæлæ Андрей Шегрен, уырыссаг ахуыргонд, Дзæуджыхъæуккаг удварны училищæ байгом кæныны агъоммæ сарæзта уырыссаг фыссынады бындурыл ирон фыссынад. Афтæмæй æвæрд æрцыд ирон æвзаджы рæзты бындур, фыссынады культурæ райрæзт, ирон литературон æвзаг йæ тыхы бацыд. Ирон æвзаг рапарахат адæмы ‘хсæн, дыууæ æнусы дæргъы йыл куыст цæуы, фæлæ йæ бындуртæ æнæивгæйæ баззадысты», – загъта Сергей Меняйло.
РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæ














