Æфсæддон журналист – Алексей Ивлиев

0
19

Медиафорумы архайгæйæ, Алексей Ивлиевимæ фембæлд нæ уацхæссæгæн æнæнхъæлæджы рауад. Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайæг кæй у, уый бæрæг уыд йе ‘ддаг бакастæй: æфсæддон уæлæдарæс ыл, риуыл – хæрзиуджытæ, йæ цудгæ къахайстæй бæрæг уыд, цæфтæ кæй баййæфта, йæ галиу къухы бынаты – протез, йæ ныхас æмæ цæстæнгас – ныфсджын æмæ уæндон. Лæууыд æмæ ныхас кодта йе ‘мбæлттæ – æфсæддон уацхæсджытæ Гусейн Гусейнов, Фарид Муслимов æмæ Денис Кулагаимæ.  Омар Магомедов (йæ хуыздæр æмбæлттæй иу, кусы Донбассы) дзы ракуырдта, цæмæй Дагестаны форумы экспертæй ныллæууа. Бæргæ нæ разы кодта, фæлæ, Лешæ, афтæ хъæуы, куы загъта, уæд йæ ныхмæ ницыуал бафæрæзта сдзурын. Хъæуы, уæд хъæуы!

– Зоныс, ивгъуыд æнусы 30-æм азты Чапаевы тыххæй аивадон киноныв куы рацыд экрантæм, уый фæстæ лæппутæ иууылдæр тырныдтой уый хуызæн суæвынмæ. Юрий Гагарин космосмæ куы атахт, уæд бæллыдысты космонавттæ суæвынмæ, нæуæдзæм азты тырныдтой, цæмæй сæ банкиртæ, олигархтæ рауайа. Ныр бирæты фæнды, уæлдайдæр, фронтмæ хæстæг рæтты чи цæры, уыцы сывæллæтты, æфсæддон уацхæсджытæ суæвын. Хæсты тæлмы цаутæ ‘вдисынмæ тырнынц æрыгон чызджытæ, граждайнаг сылгоймаг уацхæсджытæ дæр. Семæ фембæлгæйæ, тырнын, цæмæй сæ фæнд аивой, уымæн æмæ, репортажты кæй уынынц, уый денджызон ленкгæнæг ихын хохы хуызæн у, уынгæ кæй кæнæм, дæс ахæмы та йæ дæлдон вæййы. Æнцон дзы нæу сылгоймæгтæн, бахъæуы сæ бронежилет скæнын, дронтæй хи æмбæхсгæйæ, бирæгай километртæ дугъы уайын. Уый та хид, цъыф, арæх туг æмæ мæлæт сты. Фæмард дзы нæ дзæбæх æмбал, рæсугъд, зондджын, курдиатджын Аня Прокофьева, – йæ хъæлæс базыр-зыр кодта, афтæмæй йæ ныхас æрлæууыд æмныхасгæнæгæн.

Алексей Ивлиев 2014 азæй уыд Донбассы. Славинскы быцæуы цауты фыццаг бонæй райдыдта йæ куыст æфсæддон уацхæссæгæй дзæнæты бадинаг хъайтарон командир Мотороллæимæ. Йæ репортажтæ цыдысты Сирийæ, фæцæф. Сæ фæстæ – Донецк æмæ Луганскæй. Дыууæ азы размæ июны мæй знаджы БПЛА-йы æрбатахтæй йæ къух йæхицæй нал уыд, цæф къах æфсæддон дохтыртæн куыддæртæй бантыст ныууадзын. Æрхуымæй дзырдта, бирæ азты кæимæ фæкуыста, уыцы оператор æмæ хæстон æмбал Валерий Кожин кæй фæмард уыцы хæстæрмæджы ‘рбатахтæй. Цыппæрдæсæй ма уыцы бон баззадысты æрмæст æртæйæ… Диссаджы ирвæзт акодтам, зæгъгæ, бафтыдта йæ ныхасмæ…

– Фæкæсын хуызистытæм. Цыппарæй уыдыстæм репортажтæ цæттæгæнæг къорды, дыууæйæ фæмард сты, мæхæдæг фæцæф дæн, Валентин Гвоздев ма кусы. Бирæтæ фæмард ме ‘мкусджытæй, æфсæддон журналисттæй. Фæлæ, уый нæ хынцгæйæ, æрыгæттæ тырнынц æфсæддон журналисттæ суæвынмæ. Журналистикæйы факультеты дæс студентæй фараст сты чызджытæ, сæ фылдæры фæнды хæстон цаутæ æвдисын, хæстон журналист суæвын. Кусын семæ, дзурын, амонын сын, уыцы уавæрты цы кæнæн ис, цы нæ фæтчы, уыдæттæ. Сæйрагдæр, уымæн фæархайын алыхуызон форумтæ æмæ конференциты, – зæгъы фæлтæрдджын журналист.

Бæргæ, иу райсом куы райхъал уаиккам æмæ нæм дуне æндæр хуызы куы разынид, хæлар цæрынмæ тырнындзинад куы фæуæлахиз уаид æмæ адæмты ‘хсæн ахастдзинæдтæ куы банывыл уаиккой, эстойнаг куы зæгъид, уырыссагимæ цæрæнбонты æфсымæртæ стæм, зæгъгæ. Фæлæ уымæн нæма ралæууыд рæстæг, æнцад цæрын нæ кæй нæ ныууаддзысты, уымæ гæсгæ, æфсæддон уацхæсджыты архайдæн нырма бамынæг уæвæн нæй, сæ цæттæ кæныны куыст нырма ныр райдыдта. Фæлтæрддзинад та æнæмæнг хъæуы, журналист хъуамæ зона æмæ æмбара, сæвзæрд уавæры хи куыд даргæ у, уый.

– Æфсæддон уацхæссæг дæр хуымæтæджы уацхæссæджы хуызæн у, æрмæст, цы кæны, уый цырддæр. Стенд-апп фысгæйæ зона, кæм æй ис сисæн, цæмæй знаг ма базона, кæд æмæ кæм ист у, æппынкъаддæр рæстæг ыл кæй хъæуы бахардз кæнын, уый. Оператор цалдæр минутмæ
хъуамæ сарæхса æнæмæнгхъæугæ кадртæ сисын, уацхæссæг та иу хаттæн сарæхса кадры йæ комментарий зæгъын. Фылдæр хатт сюжет сисынæн лæвæрд вæййы 10-15 минуты, уымæ гæсгæ ахæм рæттæм æрвыст цæуынц æвзаргæ журналисттæ. Иу хъуыддаг æрмæг бацæттæ кæнын у, иннæ – цы бынатæй йæ кæныс, уый æмбæрстгонд хъуамæ ма уа, науæд тæссаг уавæры бахаудзысты, цы ‘фсæддон хайæ йæ кæныс, уый хæстонтæ. Репортаж сисын хъæуы афтæ, цæмæй, уымæй размæ уыцы бынаты чи уыд, алы фæзилæн дæр дзы чи зоны, уыцы знаг ма раргом кæна æмæ йæ ма фæлтæра фæстæмæ бацахсын, – æфсæддон уацхæссæджы куысты сусæгдзинæдты иу хай нын раргом кодта Ивлиев. Бирæ фæзилæнтæ ис сæ куысты, сæйрагдæр та – æгасæй баззайын æмæ адæммæ рæстуд æрмæ-джытæ хæццæ кæнын.

Кавказ, зæгъы, стыр нæу, фæлæ, сæрмагонд æфсæддон операцийы чи кусы, уыдонæн сæ нымæцмæ гæсгæ разæй цæуы. Хорз æмбарынц, куыд тæссаг у хæстон уавæрты кусын, фæлæ, уый нæ хынцгæйæ, æрбамбырд кæнынц сæ кусæнгæрзтæ æмæ ацæуынц, нæ царды сабырдзинад цæмæй ныффидар уа, ууыл чи архайы, уыдонмæ.

ХУЫБИАТЫ Ларисæ,

авторы ист къамтæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here