Чи уыд Анна Тыц?

0
37

Документалон киноныв «Рæстдзинады фæндагыл. В направлении правды и справедливости» бавдыстой Уæрæсейы Историон æхсæнады хæдзары Мæскуыйы. Кинонывы æвдыст цæуы, сæрмагонд æфсæддон операцийы Цæгат Ирыстоны хæстонтæ сæ размæ æвæрд хæстæ куыд æххæст кæнынц, уый. Йæ режиссер Анна Тыц, хъыгагæн, æвирхъауæй фæмард Хуссар Ирыстоны 21 майы.

Хуссар Ирыстоны Анна Тыц йе ‘мкусджытимæ бавдыста йæ киноныв, сæрмагонд æфсæддон операцийы чи фæмард, уыцы хæстонты тыххæй.

Телекъорд, Стыр Леуахийы сæрты цы зæузæуаг хид ис, ууылты куы фæцæйцыд, уæд йе ‘мбæлттæй иу хид барæй батылдта. Анна æмæ нæлгоймаг доны ныххаудысты. Се ‘мбæлттæ лæджы уайтагъд рацахстой, фæлæ Аннайы знæт цæугæдоны æгъатыр уылæнтæ сæ хъæлæсы ахастой, æмæ йæ, кæм ныххауд, уымæй 35 километры дæлдæр ссардтой къорд боны фæстæ. Нæлгоймагыл уголовон хъуыддаг сарæзтой, йæ архайды фæстиуæгæн сылгоймаг кæй фæмард, уый тыххæй.

Кинонывы агъоммæ мадзалмæ æрбацæуджытæ бакастысты Анна Тыцы номарæн видеоæрмæгмæ.

«Ацы киноныв – алы скъуыддзæгтæй конд хъæццул. Мах сæмбырд кодтам историтæ. Кæмæндæр – йæ цардæй иу бон, кæмæндæр – сахат, кæмæндæр та – иу минут. Ацы киноныв – чысыл азфыст – 52 минуты стыр бæстæйы стыр историйы тыххæй. Уый ист у нæ сомбонæн», – Аннайы хъæлæс здæхт уыдис кинонывмæ кæсджытæм.

Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйло та загъта: «Киноныв саразджытæ сты, сæрмагонд æфсæддон операцийы чи фæмард, уыдоны идæдзтæ. Уыдон, сæ хъынцъымы сæрты ахизгæйæ, сæхимæ ссардтой хъару æмæ сæ цардхъуаг цардæмбæлтты ном сæнусон кæныны тыххæй систой ацы лент. Хъыгагæн, кинонывы режиссер фæмард, æмæ хъыг кæнæм йæ хиуæттæ æмæ хæстæджытимæ. Йæ ном, ацы хорз хъуыддагмæ йе стыр бавæрæн рох нæ уыдзысты. Анна нын феххуыс кодта нæ хъайтарты рухс нæмттæ сæнусон кæнынмæ».

Хуссар Ирыстоны æвирхъауæй чи фæмард, уыцы 52-аздзыд Анна Тыц чи уыд, уый тыххæй газеткæсджыты лæмбынæгдæр базонгæ кæндзыстæм.

Уæрæсейы гражданкæ, Мæскуыйы бынгорæт Химкийы цæрæг Анна Захарян уыцы зæлдджын мыггаг Тыцы хицау сси йæ польшæйаг цардæмбалы руаджы. Анна йæ цард ба-
баста польшæйаг активист, раздæры пъæлицæйы кусæг Ежи Тыцимæ. Уый йæ
царды фæстаг дæс азы хъазуатонæй архайдта йæ райгуырæн Польшæйы советон хæстонты цыртдзæвæнтæ банывыл кæныныл æмæ разамынд лæвæрдта мемориалон æхсæнад «Курск»-æн. 2020 азы Ежийæн лæвæрд æрцыд хæрзиуæг Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты ном сæнусон кæныныл стыр куысты тыххæй.

Сæрмагонд æфсæддон операци куы райдыдта, уæдæй Польшæйы хицауад Ежийы куыстæн цæлхдуртæ арæзтой, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг советон салдæтты сгуыхтдзинадыл кæй дзырдта, уый тыххæй йæм æрцахсынæй æртхъирæн кодтой, æмæ уый аххосæй йæ цæрæнбынат Уæрæсемæ, йæ бинойнаг Аннайы Райгуырæн бæстæмæ, раивта.

Уæрæсейы Ежи Тыц дарддæр дæр æмбырд кодта æрмæг, йæ райгуырæн Польшæйы чи фæмард, уыцы советон салдæтты тыххæй, стæй разæнгардæй æххуыс кодта сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн. Йе ‘мзæххонты фылдæр хайæ хъауджыдæр Ежи рахæцыд неонацизм скуынæг кæныны тыххæй сæрмагонд æфсæддон операцийы фарс, уымæн æмæ уыдта æмæ æгæр хорз зыдта, фашизм цы у, уый.

Операцийы райдайæнæй гыццыл фæстæдæр Ежи барвæндонæй тохы быдырмæ ацыд æмæ, йæ фæсномыг Зигмунд, афтæмæй хæцыд украинаг фашистты ныхмæ уæрæсейæгты рæнхъыты.

57-аздзыд польшæйаг бархион Зигмунд æбæрæгæй фесæфт фарон июны кæрон, фæлæ йæ хиуæттæ, кæй фæмард, уый базыдтой æрмæстдæр 2025 азы 21 сентябры.

Аннайы нæ уырныдта йæ уарзон цардæмбалы мæлæт, йæ зæрдæ дардта, æгас кæй у, ууыл. Йе ‘мбæлттæ йын йæ мард, карз хæстон быцæу кæм цыд, уырдыгæй тыххæй раластой æмæ йæ сæмбæлын кодтой, фæстаг цалдæр азы йæ уарзон бинойнаг Аннаимæ кæм цард, уыцы горæт Химкийыл. Ам, йæхи фæндонмæ гæсгæ, кадимæ ныгæд æрцыд фашизмимæ польшæйаг тохгæнæг Ежи Тыц.

Анна дæр, куыд йæ цардæмбал, хъазуатонæй æххуыс кодта сæрмагонд æфсæддон операцийы хæстонтæн, Ежиимæ истой документалон кинонывтæ фашизмимæ тохгæнджытыл, Фыдыбæстæйы Стыр хæстæй райдай æмæ абоны онг. Ирыстоны Анна æвдыс-
та йæ радон куыст – Ирыстоны фырттæй украинаг неонацистты ныхмæ чи тох кæны, уыдоны тыххæй документалон киноныв.

 Æрмæг бацæттæ кодта ГАПБАТЫ Алетæ,

 Интернетæй ист къам

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here