Мад-хъæбатыры ном – не ‘мзæххонæн

0
21

Кремлы пресс-службæ куыд фехъусын кодта, афтæмæй Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путин Сывæллæттæ хъахъхъæныны дунеон боны Цæгат Ирыстоны цæрæг бирæсывæллонджын мадæн ратта орден «Мад-хъæбатыр».

Кремлы Екатеринаг залы паддзахады сæргълæууæг пандемийы фæстæ фыццаг хатт ратта хæрзиуджытæ бирæсывæллонджын бинонтæн. Орден «Мад-хъæбатыр» æмæ Ныййарæджы кады ном райстой нæ бæстæйы фараст бинонтæ. Уыдонæй иу уыд Рæмоны-фырты поселочы цæрæг Кæркуысты Симæ – йæ цардæмбал Барисимæ фынддæс сывæллоны чи схъомыл кодта, ахæм мад.

Симæ, йæ мидтыхст тыххæй уромгæйæ, микрофонмæ рацыд æмæ зæрдиаг арфæ ракодта паддзахады разамонæгæн, бирæсывæллонджын бинонтæм стыр æргом кæй здахы, уый тыххæй. Йæ ныхæстæм гæсгæ, уый йæхиуыл дæр æххæстæй банкъардта.

«Фæстаг рæстæг ды тынг бирæ хорздзинæдтæ аразыс бирæсывæллонджын бинонты фæрныгадæн. Мах уымæн стыр аргъ кæнæм, уымæн æмæ сывæллæттæ сты нæ паддзахады сомбон. Хуыцау дын бирæ хъарутæ, æнæниздзинад æмæ зонынджындзинад раттæд нæ бæстæйы хорздзинадæн», –загъта Симæ.

Ныртæккæ Кæркуысты бинонтæ хъомыл кæнынц 15 сывæллоны. Хистæртæ, 22-аздзыд фаззæттæ Давид æмæ Динæ ныййарджытæн æххуысхъом сты, кæстæр сабийыл та цæуы æртæ азы.

Фæбæрæг кæндзыстæм: закъонмæ гæсгæ «Мад-хъæбатыр»-ы ном лæвæрд цæуы, 10 æмæ фылдæр сабийы чи схъомыл кодта, ахæм сылгоймæгтæн.

«Бинонты бындур, сывæллæтты бахъахъхъæнын, хистæрты, ныййарджыты фæллойæн кад кæнын – уыдон сты, не ‘хсæнад нын чи æнгом кæны æмæ иу фæлтæрæй иннæмæ лæвæрд чи цæуы, размæ цæуынмæ нын чи ахъаз кæны, ахæм хъуыддæгтæ, – загъта Президент.

Ам ма зæгъын хъæуы, 2017 азы нæ республикæйы Хицауад Кæркуысты бинонтæн, 100 квадратон метры кæм ис, ахæм æртæуатон фатер кæй ратта.

ГАПБАТЫ Алетæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here