Адæм донхъуаг нал уыдзысты

0
29

Горæтгæрон районы цæрджытæ ссæдз азæй фылдæр донимæ æвзæрстой тыхстдзинæдтæ. Йæ хызтæ кæй схырыз сты, уый тыххæй-иу хæтæлты хуынчъытæй дон рахъардта, йе ‘лхъывдад ныллæгæй-ныллæгдæр кодта.

Уавæр фæивта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы хъæппæрисæй. 2022 азæй Цæгат Ирыстон архайы фæлварæн федералон проекты, баст у цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады рæзтимæ. Ныртæккæ Доны хæдзарад Горæтгæроны районмæ цы дон дæтты, уымæн йæ бæрц фæфылдæр кодта. Тарскæйы хъæуы дыууæ донгуырæны  рацарæзтой, афтæмæй доны кадавардзинадæн кæрон сæвæрдтой.

Раздæр сæ алкæцыдæр дон сахатмæ лæвæрдта 50 мi, фæлæ гуырæны фильтртæ æвæрд кæй нæ уыд, уый аххосæй хæтæлтæ æлыг æмæ змисæй байдзаг сты. Афтæмæй донгуырæны ахадындзинад зынгæ ныллæгдæр уыд. Ныртæккæ Доны хæдзарады специалисттæ донгуырæны цъасс ныззылдтой, ныссыгъдæг æй кодтой, сæвæрдтой, сæ дæргъ 122 метры кæмæн у, ахæм   нырыккон фильтртæ.

Скуыста уал фыццаг донгуырæн, йæ хъомыс æртæ хатты фæфылдæр. Дыккаг нырма æхсынц, сыгъдæг æй кæнынц. Æппæт куыстыты фæстæ дзы сæвæрдзысты ныгъуылæн цъирæн. Афтæ зæгъæн ис, æмæ адæм донхъуаг нал уыдзысты. Раздæр Доны хæдзарад базылд  донгуырæны цъассытæм æмæ уавæр банывыл кодта Олгинскæйы, Хъызлары, Æрхонкæйы станицæйы. Михайловскы хъæуы та донгуырæны хъæндзинæдтæ аиуварс кодтой, Къора-Урсдоны рагон донгуырæн дæр ахæм ивддзинæдтæ бавзæрста.

Цæрæнуатон-коммуналон министрады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here