Цыртдзæвæн Гæздæнты Булатæн

0
61

Знон Дзæуджыхъæуы Намысы аллейы кадджын уавæры байгом номдзыд музыкант, композитор, Уæрæсейы Федераци æмæ РЦИ-Аланийы адæмон артист, рухстауæг Гæздæнты Булаты ингæныл йæ цыртдзæвæн. Сарæзта йæ курдиатджын скульптор, РЦИ-Аланийы сгуыхт нывгæнæг Хайты Ибрагим.

Цыртдзæвæн гом кæныны æмбырды архайдтой æмæ йын йæ бирæвæрсыг ирд сфæлдыстадон курдиаты тыххæй лæмбынæг æмæ зæрдæмæхъаргæ йæ ном ссардтой РЦИ-Аланийы культурæйы министр Гуыдиаты Батрадз, нæ республикæйы Фысджыты цæдисы сæрдар Хозиты Барис, РЦИ-Аланийы адæмон артист, зарæггæнæг Дауыраты Эдуард æмæ æхсæнады минæвæрттæ, сфæлдыстадон интеллигенци, Гæздæнты Булаты ахуыргæнинæгтæ, хиуæттæ æмæ хæстæджытæ.

Цæмæй цыртдзæвæн арæзт æрцæуа æмæ номдзыд композиторы райгуырды 90 азы юбилеймæ байгом уа, ууыл зæрдиагæй бацархайдтой РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло, нæ республикæйы Хицауады Сæрдары хæдивæг Отарты Георги.

Цæгат Ирыстоны Тæбæхсæуты Балойы номыл Ирон академион театры та уыд Гæздæнты Булаты райгуырды 90 азы кадæн номарæн изæр. Зæлыдысты дзы йæ фыст зарджытæ æмæ инструменталон композицитæ. Ацагътой æмæ сæ азарыдысты йæ номхæссæг Национ паддзахадон оркестры музыканттæ æмæ зарæггæнджытæ.

ГАСАНТЫ Валери

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here