Дунеон проекты архайынц

0
5

Фæсивæды æппæтдунеон фестивалы дирекцийы хуындмæ гæсгæ, цыппар хуссарирыстойнаг скъоладзауы архайынц фæндзæм дунеон культурон ахуырадон проект «Номарæн поезд»-ы.

Мидисджын проекты архайгæйæ, хуссарирыстойнаг ахуырдзаутæ бабæрæг кæндзысты хæстон намысы бынæттæ.

– Хуссарирыстойнаг фæсивæдмæ æргом иудадзыг чи здахы, Фæсивæды æппæтдунеон фестивалы уыцы дирекцийæ бузныг стæм. Мидисджын проектты архайгæйæ, нæ фæсивæдæн сæ зонындзинæдтæ фылдæр кæнынц æмæ рæзынц, – зæгъы Хуссар Ирыстоны Президенты администрацийы управленийы хицауы хæдивæг Оттаты Андрей.

Хицауы бынатахсæг адæймаджы ныхасмæ гæсгæ, республикæ æмгуыст кæнын райдыдта ассоциаци Добро.рф-имæ.

10-14 июлы сыбираг горæт Ханты-Мансийскы чи цæудзæн, фондз адæймагæй арæзт хуссарирыстойнаг фæсивæдон делегаци архайдзæн граждайнаг æхсæнады ахæм æппæтуæрæсеон форум «Добрино»-йы.

(«Рес»)

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here